Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 сӕр

Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ рӕстӕй ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц?

1, 2. Адӕм цытӕ ӕвзарынц, уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ рӕстӕй ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц?

1 Кӕд Стыр Хуыцауы фӕндыд,— ӕмӕ йӕ ныр дӕр фӕнды,— цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст адӕм ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрой, уӕд абон зӕххыл дзӕнӕт цӕуылнӕ ис? Адӕм уыйбӕрц ӕнусты дӕргъы цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ рӕстӕй ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц?

2 Дзырд дӕр ыл нӕй, рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр зӕххыл хӕстытӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ, мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт кӕй ис, иутӕ иннӕты сӕ дӕлбар кӕй кӕнынц, кӕрӕдзийы тугъ кӕй цъирынц ӕмӕ кӕрӕдзийы рӕстӕй кӕй ӕфхӕрынц, хъизӕмайраг цард дӕр уый тыххӕй кӕнынц. Ацы бӕллӕхтӕ ӕнаххос адӕмыл цӕмӕн ӕрцӕуынц? Кӕд Хуыцауӕн йӕ бон алцыдӕр у, уӕд миназты дӕргъы адӕмы фыдхъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Иугӕр Хуыцау Дун-дуне сфӕлдыста ӕмӕ дзы бӕрӕг фӕтк сӕвӕрдта, уӕд зӕххыл змӕстытӕ ӕмӕ йӕ сафын дӕр цӕмӕн уадзы?

Цӕстуынгӕ цӕвиттон

3—5. а) Хуыцау, зӕххыл цы змӕстытӕ цауы, уыдонмӕ ӕнцад цӕмӕн кӕсы, уый бамбарынӕн нын цавӕр цӕвиттон ӕххуыс кӕны? ӕ) Ацы цӕвиттоны цы аххосӕгтӕ ӕрхастам, уыдонӕй, Зӕххыл цы хабар ӕрцыд, уый хуызӕн кӕцы у?

3 Уаг ӕмӕ фӕтк чи сфидар кодта, уыцы Хуыцау, зӕххыл цы змӕстытӕ цӕуы, уыдонмӕ ӕнцад цӕмӕн кӕсы, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн ахӕм ныв: цӕуыс ӕмӕ цӕуыс хъӕды ӕмӕ иу афон цыдӕр хӕдзары размӕ рахызтӕ. Хӕдзарыл ӕрзылдтӕ, кӕсыс, ӕмӕ иууылдӕр у пырхытӕ. Йӕ рудзгуытӕ сты саст, йӕ сӕр ранӕй-рӕтты ныккалд, йӕ хъӕдын тыргъ хуынчъытӕ, дуар ма тыххӕй хӕцы иу ӕвдузӕныл, йӕ донвӕд та нал кусы.

4 Хӕдзар афтӕ пырхытӕ кӕй у, уый тыххӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын зӕнджын аразӕг нӕ уыд? Ахӕм уавӕры кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхигъӕдӕй фӕзынд? Кӕнӕ кӕд разы дӕ ууыл, ӕмӕ йын чидӕр хахнывтӕ скодта, чидӕр ӕй сарӕзта, уӕд зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг хӕдзар аразынӕн ницы ӕмбӕрста, стӕй дзы чи цардаид, уыдоны мӕт нӕ кодта?

5 Фӕлӕ хӕдзармӕ дзӕбӕхдӕр ӕркастӕ ӕмӕ уыныс, кӕддӕр дзӕбӕх арӕзт кӕй уыд, ӕмӕ йӕ чи арӕзта, уый бирӕ цӕуылдӕрты кӕй ахъуыды кодта. Ныр та цӕрынмӕ нал бӕззы, ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыд. Уӕдӕ ныр ахӕм уавӕры кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у? Гӕнӕн ис, ӕмӕ 1) хӕдзары хицау амард, 2) хорз аразӕг у, фӕлӕ ныр йӕ хӕдзармӕ йӕ хъус нал дары, кӕнӕ та 3) ӕвзӕр адӕмы фатеры бауагъта. Ӕртыккаг у, Зӕххыл цы хабар ӕрцыд, растдӕр уый хуызӕн.

Цы нӕ фӕрӕстмӕ ис?

6, 7. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы закъон куы фехӕлдтой, уӕд сыл цы ’рцыд?

6 Библийы фыццаг чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кӕной ӕмӕ мӕлой. Нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй акодтой (Уӕвынад, 2 ӕмӕ 3 сӕртӕ). Цы бон ӕм нӕ байхъуыстой, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ йын йӕ фӕндон нал ӕххӕст кодтой ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой Хуыцауы хорзӕхӕй. Бӕлвырддӕр та — сӕхи фӕиппӕрд кодтой Хуыцауӕй, «царды гуырӕнӕй» (Псалом 35:10).

7 Электрон дзаума токӕй куы рахицӕн кӕнай, уӕд сындӕггай йӕ куыстӕй куыд ӕрлӕууы ӕмӕ куыд ахуыссы, афтӕ Адам ӕмӕ Евӕйы буар ӕмӕ зонд дӕр лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кодтой. Ӕппынфӕстаг, базӕронд сты, стӕй амардысты. Ӕмӕ цы фесты? Кӕцӕй ист уыдысты, уырдӕм ацыдысты: «Сыджыт дӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ». Хуыцау сӕ фӕдзӕхста, йӕ закъӕттӕм ын куы нӕ хъусой, уӕд кӕй «амӕлдзысты» (Уӕвынад 2:17; 3:19).

8. Нӕ рагфыдӕлтӕ тӕригъӕд кӕй ракодтой, уый адӕмыл куыд фӕзынд?

8 Бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ канд нӕ рагфыдӕлтӕ нӕ амардысты, фӕлӕ ма сӕ байзӕддӕгты, ома ӕппӕт адӕмы дӕр мӕлӕты хай фӕкодтой. Уый та куыд? Уымӕн ӕмӕ генетикӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ сывӕллон кӕддӕриддӕр йӕ ныййарджытӕй цыдӕр йӕ туджы рахӕссы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ рагфыдӕлтӕн сӕ зӕнӕг дӕр сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт. Ромӕгтӕм 5:12 стихы дзырдӕуы: «Иу адӕймагӕй [адӕмы рагфыдӕл Адамӕй] тӕригъӕд куыд бацыди дунемӕ, ӕмӕ тӕригъӕдӕй мӕлӕт, афтӕ мӕлӕт дӕр бахызт ӕппӕт адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый мидӕг иууылдӕр тӕригъӕд ракодтой [сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад, ома сты тӕригъӕдмӕ ӕмхиц]». Адӕм тӕригъӕд, ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт йеддӕмӕ кӕй ницы уынынц, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, цыма афтӕ хъуамӕ уа ӕмӕ ӕндӕр гӕнӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын сӕ бон дӕр уыд ӕмӕ сӕ фӕндгӕ дӕр кодта. Растдӕр уый тыххӕй тӕрсынц бирӕтӕ, мӕлӕт сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цардӕй кӕй ахицӕн уыдзысты, уыцы хъуыдыйӕ.

Афтӕ бирӕ рӕстӕг цӕмӕн бахъуыд?

9. Хуыцау афтӕ бирӕ рӕстӕг ӕнцад цӕмӕн кӕсы адӕмы хъизӕмӕрттӕм?

9 Хуыцау афтӕ бирӕ рӕстӕг цӕмӕн уадзы адӕмы сӕхи бар? Бирӕ ӕнусты дӕргъы ӕнцад цӕмӕн кӕсы адӕмы хъизӕмӕрттӕм? Уымӕн йӕ аххосаг у иу ахсджиаг дзырддаг фарста: хицауиуӕг кӕныны бар кӕмӕн ис? Адӕмӕн сӕ Разамонӕг Хуыцау хъуамӕ уа ӕви ӕнӕ уымӕй дӕр дзӕбӕх цӕрдзысты?

10. Хуыцау адӕмы куыд сфӕлдыста ӕмӕ сыл уый цавӕр бӕрндзинад ӕвӕры?

10 Хуыцау адӕмы сфӕлдыста сӕрибарӕй, ома сӕхицӕн уынаффӕ хӕссыны бар уыдис. Уый сӕ роботтӕ кӕнӕ, ӕрмӕстдӕр ӕрдзон ӕууӕлтӕй чи архайы, уыцы цӕрӕгойты хуызӕн не скодта. Уӕдӕ адӕмӕн сӕ бон у равзарын, кӕмӕн сӕ фӕнды лӕггад кӕнын, уый (Дыккаг закъон 30:19; 2 Коринфӕгтӕм 3:17). Уымӕ гӕсгӕ нын Хуыцауы Ныхас дзуры: «[Ут] куыд сӕрибартӕ, пайдагӕнджытӕ сӕрибардзинадӕй фыддзинад бамбӕрзынӕн нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы цагъартӕ» (1 Петры 2:16). Фӕлӕ иугӕр адӕмӕн ахӕм диссаджы лӕвар ис — сӕрибардзинад, уӕд хъуамӕ разы уой, цы уынаффӕ рахастой, уый сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл дӕр.

11. Адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй райгонд цард кӕндзысты ӕви нӕ, уый ӕрмӕстдӕр куыд уыдис базонӕн?

11 Нӕ рагфыдӕлтӕ раст уынаффӕ нӕ рахастой. Уыдоны бафӕндыд ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи фӕнд куы атардтой ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд уымӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ сӕ уайтӕккӕ дӕр фӕсӕфтаид. Фӕлӕ афтӕмӕй лыггонд не ’рцыдаид, Хуыцауӕн адӕмыл хицауиуӕг кӕныны бар ис ӕви нӕ, уыцы дзырддаг фарста. Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрыны уынаффӕ кӕй рахастой, уымӕ гӕсгӕ фӕзынд ӕндӕр фарст: ахӕм фӕндаг сӕ амондджын ӕмӕ райгонд цардмӕ ӕркӕндзӕн? Ацы фарстӕн дзуапп базонӕн ӕрмӕстдӕр уӕд уыдаид, кӕд ӕмӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сӕ байзӕддӕгтимӕ сӕхи бар ауагътаид, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг рахастой ахӕм уынаффӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ рабӕрӕг уыдаид, адӕмӕн ӕнӕ се Сфӕлдисӕгӕй сӕ бон райгонд цард кӕнын у, ӕви нӕ.

12. Цы загъта Иереми адӕмы разамынды тыххӕй ӕмӕ уый афтӕ цӕмӕн у?

12 Уыцы хъуыддаг цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый дзӕбӕх ӕмбӕрста Иереми, Библи чи фыста, уыцы лӕгтӕй сӕ иу. Уый Хуыцауы хъомысджын сыгъдӕг удӕй, ома йӕ архайгӕ тыхӕй, хайджын уӕвгӕйӕ ныффыста ахӕм раст ныхӕстӕ: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты. О, Иегъовӕ, амон мын» (Иереми 10:23, 24). Уый зыдта, адӕм кӕй хъуамӕ цӕуой Хуыцауы зондыл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы афтӕ не скодта, ӕмӕ ӕнӕ йӕ разамындӕй райгонд цард кӕна.

13. Адӕм цы мин азты дӕргъы хицауиуӕг кӕнынц, уымӕй цы рабӕрӕг?

13 Адӕм цы мин азты дӕргъы хицауиуӕг кӕнынц, уымӕй рабӕрӕг, ӕнӕ се Сфӕлдисӕгӕй сӕ хъуыддӕгтӕ аразын сӕ бон кӕй нӕу. Адӕм сӕхи фӕнд кӕй атардтой, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уый ӕрмӕстдӕр сӕхи аххос у, ӕндӕр никӕй. Уый хорз ӕвдисы Библи: «Уый [Хуыцау] Хох у, йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Хуыцау ӕнӕсайд у, нӕй йӕм ӕнӕрастдзинад; уый у раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам. Уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты ӕвзӕр хъуыддӕгтыл; уыдон не сты йӕ сывӕллӕттӕ, сӕ хъӕндзинӕдты сӕхӕдӕг сты аххосджын» (Дыккаг закъон 32:4, 5).

Тагъд Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн

14. Тагъд Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм цӕмӕн ӕркӕсдзӕн?

14 Хуыцау адӕмӕн ӕнусты дӕргъы хицауиуӕг кӕныны бар кӕй радта, уый фӕрцы рабӕрӕг, сӕ бон кӕй ницы у ӕмӕ ныр Хуыцау ӕркӕсдзӕн адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕмӕ кӕрон скӕндзӕн хъизӕмар, маст, низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕн. Адӕмӕн зонады, медицинӕйы басгуыхыны ӕмӕ алыхуызон диссӕгтӕ саразыны фадат кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныр нал хъӕуы ӕнустӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын, кӕддӕра ӕнӕ се Сфӕлдисӕгӕй сабыр, дзӕнӕтон цард скӕндзысты. Адӕмӕн уый нырмӕ нӕ бантыст, ӕмӕ сын дарддӕр дӕр нӕ бантысдзӕн. Ӕнӕ Хуыцауӕй кӕй цӕрынц, уый тыххӕй байдзаг дуне ӕвзӕр ӕмӕ цъаммар хъуыддӕгтӕй, уый тыххӕй скъуыйынц адӕм.

15. Библийӕ цавӕр уынаффӕ хъуамӕ дарӕм нӕ зӕрдыл?

15 Ӕмӕ кӕд рӕстзӕрдӕ хицӕуттӕй бирӕтӕ архайдтой адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл, уӕддӕр сын ницы рауад. Абон ӕй нӕхи цӕстӕй уынӕм, ацы дунейы хицӕуттӕн сӕ бон кӕй ницы у, уый. Раст уый тыххӕй нын дзуры Библи: «Ма ӕвӕрут уӕ ныфс ӕлдӕрттыл, адӕймаджы фыртыл, кӕцымӕ нӕй ирвӕзындзинад» (Псалом 145:3).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24, 25 фӕрстыл]

Суанг рӕстзӕрдӕ хицӕуттӕн дӕр нӕ бантыст сабыр, дзӕнӕтон цард скӕнын.