Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 сӕр

Стыр зонды ӕвидигӕ суадон

1, 2. Цӕмӕн хъӕуы Библи лӕмбынӕг иртасын?

Стыр зонды ӕвидигӕ суадон

1 Цымӕ уыцы стыр зонды ӕвидигӕ суадон Библи у? Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый фӕдыл цы ахсджиаг фарстатӕ сӕвзӕры, уыдонӕн Библийы бӕлвырд дзуапп ис?

2 Библи нӕ ӕнӕмӕнгдӕр лӕмбынӕг иртасын хъӕуы. Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уый хуызӕн чиныг нырма никуы уыд фыст. Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыдымӕ.

Ӕппӕты рагондӕр чи у ӕмӕ ӕппӕты арӕхдӕр чи ӕмбӕлы, уыцы чиныг

3, 4. Цас рагон у Библи?

3 Библийӕ рагондӕр чиныг нӕй, йӕ иуӕй-иу хӕйттӕ йын ныффыстой иу 3 500 азы размӕ. Дины сыгъдӕг чингуытыл ма кӕй нымайынц, уыдонӕй дӕр бирӕ сӕдӕазтӕ раздӕр ӕрцыд фыст. Библийы цы 66 чиныджы ис, уыдонӕй фыццаг чиныг ныффыстӕуыд Буддӕ ӕмӕ Конфуцийӕ иу-мин аз раздӕр, Мӕхӕмӕтӕй та — дыууӕ минмӕ ӕввахс азы раздӕр.

4 Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон нын дзурынц адӕмы равзӕрды тыххӕй, ӕмӕ нын ӕмбарын кӕнынц, мах ам, зӕххыл, куыд фӕзындыстӕм, уый. Дзырд ма дзы цӕуы, адӕмӕн сӕ кой дӕр куы нӕма уыди, уӕд Хуыцау Зӕхх куыд арӕзта, уый тыххӕй дӕр.

5. Ӕндӕр рагон къухфыстытӕй хъауджыдӕр цал рагон къухфысты баззад Библийӕ?

5 Ӕндӕр дины чингуытӕн ӕмӕ ӕнӕуи чингуытӕн сӕ рагон къухфыстытӕй цалдӕр йедтӕмӕ нӕ баззад. Ӕнӕхъӕн Библи кӕнӕ йӕ хӕйттӕй та баззад иу 13 000 къухфысты рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ хауынц, чингуытӕ сӕхӕдӕг фыццаг кӕд ӕрцыдысты фыст, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыцы къухфыстытӕ баззадысты, кӕд Библи фесафыныл карзӕй архайдтой, уӕддӕр.

6. Библи куыд арӕх ӕмбӕлы?

6 Библи куыд арӕх у, афтӕ ӕндӕр никӕцы чиныг. Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ хицӕн чингуытӕй рацыд ӕртӕ миллиард экземплярӕй фылдӕр иу-дыууӕ мин ӕвзагыл. Зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдонӕй 98 процентӕн Библи ис сӕ мадӕлон ӕвзагыл. Ӕндӕр никӕцы чиныг рацыд уал ӕвзагыл.

7. Библийы цы фыст ис, уый цас раст у?

7 Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ Библийы цы бӕлвырд хабӕрттӕ ис, ахӕмтӕ иу рагон чиныджы дӕр нӕй. Ахуыргӕндтӕ, историктӕ, археологтӕ, географтӕ, ӕвзаг иртасджытӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм разы кӕнынц, Библийы цы фыст ис, уый раст кӕй у.

Зонадмӕ гӕсгӕ у раст

8. Цас раст у Библи зонадмӕ гӕсгӕ?

8 Дзырдӕн, кӕд Библи зонадон чиныг нӕу, уӕддӕр дзы зонадон хъуыддӕгты тыххӕй цы фыст ис, уый у иттӕг раст. Иннӕ рагон чингуыты, дины сыгъдӕг чингуытыл кӕй нымайынц, уыдоны та ис зонадон таурӕгътӕ, ӕрымысгӕ хабӕрттӕ ӕмӕ гӕды ныхӕстӕ. Библи зонадмӕ гӕсгӕ раст кӕй у, уымӕн ис бирӕ цӕвиттонтӕ, фӕлӕ дзы мах ӕркӕсдзыстӕм ӕрмӕстдӕр цыппармӕ.

9, 10. Зонадмӕ хӕстӕг дӕр чи нӕу, ахӕм цӕстӕнгӕсты хъауджыдӕр, Библи цы зӕгъы, Зӕхх цӕуыл лӕууы, уый тыххӕй?

9 Зӕхх ӕрвон тыгъдады куыд лӕууы? Библи куы фыстой, уыцы заманты адӕм алыхуызӕтты ӕмбӕрстой, Зӕхх куыд лӕууы, уый. Иуӕй-иутӕ ӕууӕндыдысты, зӕгъгӕ, Зӕхх лӕууы цыппар пылыл, пылтӕ та лӕууынц денджызы стыр уӕртджын хӕфсыл. Н. э. агъоммӕ IV ӕнусы цӕрӕг грекъаг философ ӕмӕ ахуыргонд Аристотель амыдта, зӕгъгӕ, Зӕхх уыцы афтид тыгъдады мацӕуыл ауыгъд уа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Уый амыдта, зӕгъгӕ, ӕрвон буӕрттӕ фидаргонд сты, фенӕн кӕмӕн нӕй, кӕрӕдзийы мидӕг ӕвӕрд чи сты, ахӕм хъӕбӕр сферӕтыл. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Зӕхх уыд иууыл мидӕггаг сферӕйыл фидаргонд, иууыл ӕддаг сферӕйыл та — стъалытӕ.

10 Библийы та, уӕды дуджы, зонадмӕ ӕввахсдӕр чи нӕ лӕууыд, уыцы ӕнахуыр цӕстӕнгӕсты бӕсты (н. э. агъоммӕ 1473 азмӕ ӕввахс) фыст уыд: «[Хуыцау] зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл» (Иов 26:7). Ацы стихы «ницӕуыл»-ӕй цы рагон дзуттаг дзырд у ивд, уый Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу ран. Уӕдӕ Библимӕ гӕсгӕ, Зӕххы алыварс афтид тыгъдад кӕй ис, уыцы хъуыддаг уӕды заман куыд уыдис зонӕн, уый ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй у диссаг. Иу дзырдуаты ис ахӕм ныхӕстӕ: «Иов 26:7 ӕмбисонды хорз ӕвдисы, Зӕхх ӕрвон тыгъдады кӕй ницӕуыл лӕууы, уый. Афтӕмӕй рагагъоммӕ фыст ӕрцыд, ахуыргӕндтӕ уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр цы раргом кодтой, уый» («Theological Wordbook of the Old Testament»).

11, 12. Иовы 26:7 цы фыст ис, уый раст кӕй у, уый адӕм кӕд бамбӕрстой?

11 Библийы уыцы хабар фыст уыд, Аристотель куы цард, уымӕй 1100 азы раздӕр. Ӕмӕ уӕддӕр, Аристотелы ахуырӕдтӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ ма иу 2 000 азы дӕргъы дӕр хӕлиу кодтой раст цӕстӕнгасы ӕфсон. Ӕппынфӕстаг, н. э. 1687 азы, Исаак Ньютон мыхуыры рауагъта йӕ иртасӕн куыстытӕ, зӕгъгӕ, Зӕхх тыгъдады лӕууы, ӕрвон буӕрттӕй алчидӕр иннӕйы йӕхимӕ кӕй ӕлвасы, уый руаджы, ома химӕлвасынады тыхы руаджы. Фӕлӕ Ньютонӕй 3 200 азы раздӕр уыцы хъуыддаг фыст уыд Библийы бынтон хуымӕтӕг ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, Зӕхх «ницӕуыл» у ауыгъд.

12 Ахъуыды ма кӕн, Зӕхх кӕй ницӕуыл лӕууы, уый тыххӕй Библийы фыст уыд 3 500 азы размӕ. Ӕмӕ уый афтӕ кӕй у, уый рабӕрӕг, ӕрӕджы зонад цы химӕлвасынады ӕмӕ змӕлды закъӕттӕ раргом кодта, уыдоны руаджы. «Иов уый кӕцӕй зыдта?— зӕгъы иу ахуыргонд.— Ацы фарстӕн дзуапп раттын зын у, Сыгъдӕг Фыстад Хуыцауы Ныхасыл чи нӕ нымайы, уыдонӕн».

13. Раздӕр адӕм Зӕххы формӕйы тыххӕй цы хъуыды кодтой, фӕлӕ уый фӕстӕ сӕ хъуыды цӕмӕн фӕивтой?

13 Зӕххы формӕ. Иу энциклопедийы ис фыст: «Раздӕр адӕм ӕнхъӕлдтой, зӕгъгӕ, Зӕхх у, Дун-дунейы астӕу чи лӕууы, ахӕм ӕнӕзмӕлгӕ фӕзгонд. [...] Зӕхх къори кӕй у, ууыл нӕ разы кодтой суанг Ӕндидзӕн дуджы онг» («The Encyclopedia Americana»). Иуӕй-иу рагон денджыздзаутӕ ма тъӕпӕн Зӕххы былӕй ахауынӕй дӕр тарстысты. Фӕлӕ адӕм хъыбыллӕ куы ӕрымысыдысты ӕмӕ ма ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр куы фӕзынд, уӕд сӕ бон баци денджызтӕ ӕмӕ фурдты дард балцыты цӕуын. Ахӕм «денджызон-иртасӕн балцыты руаджы рабӕрӕг,— ӕмбарын кӕны ӕндӕр энциклопеди,— Зӕхх, адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кодтой, афтӕмӕй фӕзгонд нӕ, фӕлӕ пуртийы хуызӕн тымбыл кӕй у».

14. Зӕххы формӕйы тыххӕй Библийы цы дзырдӕуы ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ кӕд ӕрцыдысты фыст?

14 Уыцы денджызон балцытӕй иу 2 700 азы размӕ дӕр Библийы уыд фыст: «Уый цӕры зӕххы зиллаччы сӕрмӕ» (Исай 40:22). Алыхуызон бӕрӕгуӕтты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй ацы стихы «зиллаккӕй» цы рагон дзуттаг дзырд раивтой, уымӕн ма ис «къорийы» нысаниуӕг дӕр. Ӕндӕр Библийы тӕлмацты та ацы дзырд раивтой «зӕххы къорийӕ» («Дуэйы тӕлмац», англ.) ӕмӕ «тымбыл зӕххӕй» («Моффаты тӕлмац», англ.).

15. Зӕххы тыххӕй зонады ныхмӕ цы хъуыдытӕ уыд, уыдон Библимӕ цӕуылнӕ бахаудтой?

15 Афтӕмӕй, Зӕхх куыд лӕууы, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ формӕйы тыххӕй уӕды дуджы адӕммӕ цы рӕдыд хъуыдытӕ уыди, уыдонӕй иу дӕр Библийы не ’рцыд фыст. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Библийы Автор у Дун-дунейы Сфӕлдисӕг. Зӕхх уый кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ зыдта, цавӕр формӕ йын ис ӕмӕ куыд лӕууы, уый. Ӕмӕ, Хуыцау Библи куы фыссын кодта, уӕд лӕмбынӕг каст, цӕмӕй, зонады ныхмӕ цы хъуыдытӕ уыд, уыдонӕй дзы иу дӕр ма бахаудаид, адӕм сыл куыдфӕнды дӕр ма ӕууӕндыдаиккой, уӕддӕр.

16. Цӕрдудтӕ цӕмӕй конд сты, уый Библи куыд ӕвдисы?

16 Цӕмӕй конд сты цӕрдудтӕ? «Иегъовӕ Хуыцау адӕймаджы скодта сыджытӕй»,— фыст ис Уӕвынады 2:7. Иу энциклопедийы уый фӕдыл дзырдӕуы: «Цӕрдудтӕ цы химикон буаргъӕдтӕй конд сты, уыдон иууылдӕр сты ӕдзард материйы дӕр» («The World Book Encyclopedia»). Уымӕ гӕсгӕ, цӕрдудтӕ, афтӕ ма адӕймаг дӕр, цы химикон буаргъӕдтӕй конд сты, уыдон иууылдӕр сты сыджыты. Ацы хъуыдытӕ Библийы ныхӕстӕй нӕ хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕмӕ уым фыст ис, Хуыцау адӕймаджы ӕмӕ иннӕ цӕрдудты уымӕй кӕй скодта.

17. Цӕрдудтӕ куыд фӕзындысты?

17 «Сӕ мыггагмӕ гӕсгӕ». Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау сфӕлдыста фыццаг лӕг ӕмӕ усы; стӕй уыдонӕй равзӕрдысты адӕм (Уӕвынад 1:26—28; 3:20). Афтӕ ма дзы фыст ис, ӕндӕр цӕрдудтӕ дӕр, зӕгъӕм: кӕсӕгтӕ, мӕргътӕ, ӕхсырдӕй цӕрӕгойтӕ — иууылдӕр афтӕ кӕй равзӕрдысты, ома «сӕ мыггагмӕ гӕсгӕ» (Уӕвынад 1:11, 12, 21, 24, 25). Ахуыргӕндтӕ дӕр раст уый сбӕлвырд кодтой: алы цӕрдуд дӕр ӕвзӕры йӕхи мыггагӕй. Ӕндӕрхуызон никуы ма уыд. Уый фӕдыл физик Реймо фыссы: «Цардӕй ӕвзӕры цард; уыцы хъуыддаг цӕуы алы чырӕджы дӕр. Фӕлӕ ӕдзард цы у, уымӕй цард куыд равзӕрдаид? Ацы фарст у, биологи дзуапп цы фарстатӕн нӕ зоны, уыдонӕй иу, ӕмӕ йын биологтӕ алыхуызон таурӕгътӕ цы ’рхъуыды кӕнынц, уый йедтӕмӕ ӕндӕр ницы. Ӕдзард цы у, уым куыддӕр хъуамӕ цард бацыдаид. [...] Ӕвӕццӕгӕн, Уӕвынады чиныг чи ныффыста, уый раст уыд».

Библи дзуры ӕцӕг хабӕрттыл

18. Библийы ӕцӕг хабӕрттӕ кӕй ис фыст, уый фӕдыл иу адвокат цы загъта?

18 Рагон дунейы тыххӕй Библийы цы бӕлвырд хабӕрттӕ ис, ахӕм хабӕрттӕ ӕндӕр никӕцы чиныджы ис. Иу чиныджы уый фӕдыл ахӕм ныхӕстӕ ис: «Таурӕгътӕ, кадджытӕ ӕмӕ ӕрымысгӕ хабӕртты архайд фӕцӕуы цыдӕр дард ӕбӕрӕг бӕсты ӕмӕ ӕбӕрӕг рӕстӕджы. Афтӕмӕй уыдон халынц, мах, адвокаттӕ, тӕрхондоны хорз цӕттӕйӕ дзурыны тыххӕй кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уыцы фӕтк, ома, „хъасты гӕххӕтты алы хатт дӕр хъуамӕ фыст уа рӕстӕг ӕмӕ бынат“. Библийы та бӕлвырдӕй фыст вӕййы рӕстӕг дӕр ӕмӕ, хабӕрттӕ цы ран цыдысты, уый дӕр» («A Lawyer Examines the Bible»).

19. Библи алыхуызон хабӕртты тыххӕй куыд фыссы, уый фӕдыл иу дзырдуаты цы ис фыст?

19 Иу дзырдуаты ма уый тыххӕй фыст ис: «[Куыстыты чиныг чи ныффыста, уый] дзуры, йӕ рӕстӕджы цы цаутӕ цыди, уыдон тыххӕй. Тынг бирӕ фыссы сахарты тӕрхонгӕнджытӕ, хицӕуттӕ, дӕлбаруӕвӕг бӕстӕтӕ, паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмы тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ кӕм ӕмӕ кӕд цыдысты, уый ныффыста раст» («The New Bible Dictionary»).

20, 21. Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй иу библииртасӕг цы зӕгъы?

20 С. Остин Аллибон фыссы йӕ чиныджы: «Исаак Ньютон ма... уыд рагон фыстыты зындгонд критик дӕр, ӕмӕ уый тынг бӕстон иртӕста Сыгъдӕг Фыстад. Цымӕ цавӕр хатдзӕгмӕ ӕрцыд? „Ног Фӕдзӕхсты цы хабӕрттӕ ис фыст,— дзуры уый,— уыдон бирӕ растдӕр сты ӕнӕуи историйы чингуытӕй“. Доктор Джонсон дӕр дзуры, зӕгъгӕ, Евангелиты куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо Чырысти Голгофӕйыл кӕй амард, уымӕн ис фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Юлий Цезӕр Капитолийы кӕй амард, уымӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, уымӕн нӕм бирӕ фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис».

21 Аллибон дарддӕр фыссы: «Евангелиты цы фыст ис, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, уыдонӕй ма искӕй бафӕрс, Цезӕр Капитолийы кӕй амард, кӕнӕ 800 азы ромаг папӕ Лев III Номдзыд Карлӕн кӕй саккаг кодта Ромы Ныгуылӕйнаг хайы императоры ном, ууыл цӕмӕн ӕууӕнды? [...] Кӕцӕй зоны, [Англисы] кӕй цард Карл I, йӕ сӕр ын кӕй ракодтой ӕмӕ йӕ бӕсты Оливер Кромвел паддзах кӕй сси, уый? [...] Дзурынц, зӕгъгӕ, Исаак Ньютон раргом кодта химӕлвасынады закъон... Ӕппӕт ацы ныхӕстыл уымӕн ӕууӕндӕм, ӕмӕ историйы уыдон тыххӕй баззад фыстытӕ. [...] Ӕмӕ ахӕм бӕлвырдгӕнӕнты фӕстӕ уыдӕттыл чи нӕ баууӕнды, ахӕм адӕймаджы ӕнцад ныууадзынц, зӕгъгӕ, ай бынтон фыдзонд ӕмӕ ӕнӕфенд куы у».

22. Библийы рӕстытӕ кӕй ис фыст, ууыл иуӕй-иутӕ цӕуылнӕ ӕууӕндынц?

22 Дарддӕр уыцы чиныджы ис ахӕм хатдзӕг: «Уӕдӕ, Сыгъдӕг Фыстад ӕууӕнчы аккаг кӕй у, уымӕн утӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркӕсыны фӕстӕ дӕр ма афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ йыл не ’ууӕндын, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? [...] Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ аххосджын сӕр нӕ, фӕлӕ зӕрдӕ у: сӕ фырсӕрбӕрзонддзинадӕй сӕ нӕ фӕнды, сӕ цард сын цы ивын кӕна, ахӕм цӕуылдӕрыл ӕууӕндын».

Ис дзы иу хъуыды ӕмӕ кӕны ӕргом ныхас

23, 24. Библийӕн райдианӕй кӕронмӕ йӕ хъуыды иу кӕй у, уый диссаг цӕмӕн у?

23 Дзырдӕн зӕгъӕм, цавӕрдӕр чиныг фыссын райдыдтой Ромы паддзахады рӕстӕджы, дарддӕр ӕй фыстой астӕуккаг ӕнусты ӕмӕ йӕ фесты XX ӕнусы, фысгӕ та йӕ кодтой бирӕйӕ. Уый ма куы зонис, ӕмӕ йӕ чи фыста, уыдоны ’хсӕн ӕфсӕддонтӕ, паддзӕхтӕ, сауджынтӕ, кӕсагахсджытӕ, фыййӕуттӕ ӕмӕ дохтыртӕ кӕй уыдис, уӕд ахӕм чиныджы тыххӕй цы зӕгъис? Цымӕ уыцы чиныджы хӕйттӕ ӕмӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл баддзысты? «Зынтӕй!»— зӕгъдзынӕ ды. Уӕдӕ Библи растдӕр афтӕ фыстой. Ӕмӕ дзы уӕддӕр дыууӕ хъуыдыйы кӕрӕдзийы ныхмӕ нӕй, иу ран дзы цы дзырдӕуы, уый бӕлвырд кӕнынц иннӕ хӕйттӕ дӕр.

24 Библийы ис 66 чиныджы, фыстой йӕ 40 адӕймаджы бӕрц 1 600 азы дӕргъы (н. э. агъоммӕ 1513 азӕй н. э. 98 азмӕ). Библи чи фыста, уыдон царды алы ӕмӕ алы къӕпхӕныл лӕуд уыдысты, бирӕтӕ сӕ кӕрӕдзи зонгӕ дӕр нӕ кодтой. Фӕлӕ йӕ раст цыма иу адӕймаг фыста, афтӕ йӕ хъуыды у иу. Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Библи у ныгуылӕйнаг адӕмы чиныг, фӕлӕ уый раст нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ ныффыстой Скӕсӕны.

25. Библи чи фыста, уыдон ӕппӕт дӕр раст ӕмӕ ӕргом кӕй фыстой, уымӕй цы у бӕрӕг?

25 Рагзаманты цы фысджытӕ царди, уыдон-иу арӕх се сгуыхтдзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ хорзы кой йедтӕмӕ ӕндӕр ницӕй кой кодтой; Библи чи фыста, уыдон та ӕргом фыстой сӕхи рӕдыдтытӕ ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ хицӕутты рӕдыдтыты тыххӕй. Нымӕцты 20:1—13 ӕмӕ Дыккаг закъоны 32:50—52 фыст ис Моисейы рӕдыдтыты тыххӕй, афтӕмӕй уыцы чингуытӕ ныффыста Моисей йӕхӕдӕг. Ионӕ 1:1—3 ӕмӕ 4:1 ныффыста Ионӕ йӕхӕдӕг, ӕмӕ уый дӕр фыссы йӕ рӕдыдтыты тыххӕй. Матфейы 17:18—20; 18:1—6; 20:20—28 ӕмӕ Мф 26:56 фыст ис Йесойы ахуыргӕнинӕгты ӕвзӕр миниуджыты тыххӕй. Уӕдӕ, Библи чи фыста, уыдон ӕппӕт дӕр раст ӕмӕ ӕргом кӕй фыстой, уымӕй бӕрӕг у, сӕхӕдӕг куыд дзырдтой, афтӕмӕй сӕм Хуыцауы комытӕф кӕй хӕццӕ кодта.

Ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй хицӕн кӕны

26, 27. Библи зонадмӕ гӕсгӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр раст цӕмӕн у?

26 Библи йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны, зонад, истори ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ раст цӕмӕн у, иу хъуыды дзы цӕмӕн ис ӕмӕ ӕргом цӕмӕн дзуры, уыдӕттӕ. Уый ӕвдисы, йӕ Автор кӕй у Дунескӕнӕг, Ӕппӕтхъомысджын Стыр Хуыцау. Хуыцау йӕ архайгӕ тыхы фӕрцы адӕмӕн фыссын кодта йӕхи хъуыдытӕ.

27 Апостол Павел Библийы фыссы: «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады, уадз уӕд ӕххӕст Хуыцауы адӕймаг, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ». Стӕй ма загъта: «Махӕй хъуыстгонд Хуыцауы дзырд райсгӕйӕ, сымах... райстат уый куыд адӕймаджы дзырд нӕ, фӕлӕ куыд Хуыцауы дзырд,— цавӕр у уый ӕцӕгдзинадӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

28. Чи у Библийы автор?

28 Уӕдӕ Библийӕн ис иу Автор — Хуыцау. Уымӕн, стыр тыхы хицауӕн, зын нӕ уыд йӕ хъус дарын, цӕмӕй нӕм Библи ӕнӕ ивддзинӕдтӕй ӕрхӕццӕ уыдаид. 1940 азы Библийы къухфыстытӕ зындгонд иртасӕг Фредерик Кеньон загъта: «Фыстытӕ фыццаг куыд уыдысты, афтӕмӕй нӕм кӕй ӕрхӕццӕ сты, ууыл дызӕрдыг кӕнӕн нал ис».

29. Хуыцауӕн дард ранмӕ исты хабар ӕрвитын йӕ бон кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн?

29 Адӕмӕн сӕ бон у арвӕй Зӕхмӕ,— Зӕххӕй мингай километрты дӕрддзӕгӕй, суанг Мӕйӕ дӕр — радио ӕмӕ телесигналтӕ ӕрвитын. Ӕрвон тыгъдады цы иртасӕн ӕрмӕг сисынц, уый руаджы ис базонӕн, Зӕххӕй милуангай километртӕ дарддӕр цы планетӕтӕ ис, уыдонӕн сӕ конд ӕмӕ сӕ уынд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы Сфӕлдисӕгӕн ӕмӕ радиоуылӕнтӕ Ӕрымысӕгӕн дӕр йӕ бон куыннӕ у ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын. Уымӕн зын нӕ уыд, Библи фыссынӕн кӕй равзӕрста, уыдонӕн йӕ тыхы руаджы сӕ сӕры йӕ хъуыдытӕ ӕвӕрын кӕнӕ сын цӕстылуайӕнтӕ ӕвдисын.

30. Цымӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм базоной, уыдоны тыххӕй йӕм цы фӕндтӕ ис, уый?

30 Уымӕй уӕлдай ма, Зӕхх, ӕмӕ йыл цы цард ис, уый ӕвдисы ноджы иу хъуыддаг: Хуыцауӕн адӕм уӕлдайаг не сты. Уымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕрст у, чи у, ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдӕттӕ цӕмӕй адӕм базоной, уый тыххӕй йӕ хъуыдытӕ хуымӕтӕгӕй цӕмӕн ныффыста иу ӕнусон чиныджы.

31. Дзыхӕйдзургӕ хабӕрттӕй хъауджыдӕр, Хуыцау фыссын кӕй ныккодта, уыцы ныхасыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

31 Афтӕ ма ахъуыды кӕн ноджыдӕр, Хуыцау фыссын кӕй ныккодта, уыцы ныхасы цас стырдӕр уӕз ис, адӕм фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзыхӕйдзургӕйӕ цы хабӕрттӕ лӕвӕрдтой, уыдонӕй. Дзыхӕйдзургӕ хабӕрттыл ӕууӕндӕн уымӕн нӕй, ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ сӕ сӕйраг хъуыды фесӕфы, къӕхтӕ ӕмӕ сыл къухтӕ бафтауынц, стӕй сӕ алчидӕр фӕдзуры, йӕхӕдӕг сӕ куыд фембары, афтӕ. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕй цы ӕрцыди фыст, уырдӕм рӕдыдтытӕ бахъуыза,— уый гӕнӕн нӕй. Чиныг ма ис сбирӕ кӕнӕн ӕмӕ йӕ ратӕлмац кӕнӕн ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр, цӕмӕй уыцы ӕвзӕгтыл цы адӕм дзурынц, уыдонӕн дӕр фӕахъаз уа. Уӕдӕ не Сфӕлдисӕг йӕ хъуыдытӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн ахӕм мадзалӕй хуыздӕр ма цӕмӕй спайда кодтаид? Дзырд дӕр ыл нӕй, Сфӕлдисӕг йӕхӕдӕг дзуры, растдӕр афтӕ кӕй бакодта.

Пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты

32—34. Библийы иннӕ чингуытӕй уӕлдай цы фыст ис?

32 Библи Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уый ма ӕвдисы, цы пехуымпарӕдтӕ дзы ис фыст, уыдон кӕй сӕххӕст сты, йе та ныр кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый дӕр.

33 Цӕвиттон, Библийы лыстӕггай фыст уыд, рагон Тир кӕй ныппырх кӕндзысты, Вавилон кӕй бабын уыдзӕн, Иерусалим ногӕй кӕй самайдзысты, ӕмӕ Мидо-Персы ӕмӕ Грецийы паддзӕхтӕ куыд фӕзындзысты ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ куыд раппардзысты, уый тыххӕй. Ацы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст сты, уый тыххӕй ма критиктӕ афтӕ дӕр дзырдтой, зӕгъгӕ сӕ уыцы цауты фӕстӕ ныффыстой, фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый афтӕ нӕ уыд (Исай 13:17—19; 44:27—45:1; Иезекил 26:3—6; Данел 8:1—7, 20—22).

34 Йесо Иерусалимы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, зӕгъгӕ йӕ ныппырх кӕндзысты, уый сӕххӕст н. э. 70 азы (Лукайы 19:41—44; 21:20, 21). Абон та лыстӕггай ӕххӕст кӕнынц Йесо ӕмӕ Павелы пехуымпарӕдтӕ «фӕстаг бонты» тыххӕй (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13; Матфейы 24; Маркы 13; Лукайы 21).

35. Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕрмӕстдӕр Сфӕлдисӕгӕй цӕмӕн цӕуынц?

35 Иу адӕймаг дӕр, цыфӕнды ахуыргонд ма уа, нӕ зӕгъдзӕн, сомбон цы цаутӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Ӕрмӕстдӕр дун-дунейы Сфӕлдисӕгӕн, стыр тых ӕмӕ стыр зонды хицауӕн у уый йӕ бон. Ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис 2 Петры 1:20, 21: «Ницавӕр пехуымпариуӕг Фысты мидӕг йӕхӕдӕг йӕхицӕй... ничи райхалдзӕн. Уымӕн ӕмӕ пехуымпариуӕг дзырд никӕд уыд загъд адӕймаджы фӕндонӕй, фӕлӕ йӕ дзырдтой Хуыцауы сыгъдӕг адӕймӕгтӕ, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ».

Ис дзы дзуапп

36. Цы нын ӕмбарын кӕны Библи?

36 Куыд уынӕм, афтӕмӕй, Библи Хуыцауы чиныг кӕй у, уымӕн ис тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ӕмӕ ахӕм чиныг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын ӕмбарын кӕны, адӕм зӕххыл цӕмӕн сты, цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цард цӕй фӕрцы фӕхуыздӕр уыдзӕн, уыдӕттӕ. Ӕргом нын кӕны, кӕй ис, адӕмы ӕмӕ ацы зӕхх бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй чи сфӕлдыста, уыцы Стыр Хуыцау, ӕмӕ йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Исай 14:24). Библи ма нын амоны, раст дин цы у ӕмӕ йӕ куыд ис ссарӕн, уый дӕр. Уӕдӕ, ӕрмӕстдӕр уый у стыр зонды ӕвидигӕ суадон, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уым ис ссарӕн дзуапп нӕ ахсджиаг фарстытӕн (Псалом 145:3; Ӕмбисӕндтӕ 3:5; Исай 2:2—4).

37. Адӕм чырыстон диныл хӕст цы бӕстӕты сты, уыдон тыххӕй нӕм цавӕр фарст ӕвзӕры?

37 Библи раст ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй у, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, фӕлӕ афтӕ чи дзуры, ӕууӕндын ыл, зӕгъгӕ, уыдон цымӕ иууылдӕр йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрынц? Цӕвиттонӕн райсӕм, адӕм афтӕ кӕм дзурынц, чырыстон диныл хӕст стӕм, зӕгъгӕ, уыцы бӕстӕтӕ, ома чырыстон дуне. Уыдонмӕ рагӕй ис Библи. Фӕлӕ цымӕ сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цардӕй бӕрӕг у, Хуыцауы зондыл кӕй цӕуынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 11 фарсыл]

Исаак Ньютон ӕууӕндыд, Зӕхх тыгъдады кӕй лӕууы ӕрвон буӕртты ’хсӕн химӕлвасынады тыхы руаджы.

Уӕдӕ Библимӕ гӕсгӕ, Зӕххы алыварс афтид тыгъдад кӕй ис, уыцы хъуыддаг уӕды заман куыд уыдис зонӕн, уый ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ у диссаг.

[Ныв 12 фарсыл]

Иуӕй-иу денджыздзаутӕ ма тъӕпӕн Зӕххы былӕй ахауынӕй дӕр тарстысты.

[Ныв 13 фарсыл]

Гай Юлий Цезӕр, император Номдзыд Карл, Оливер Кромвел кӕнӕ папӕ Лев III кӕддӕр кӕй цардысты, уый тыххӕй цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уымӕй Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.

[Ныв 15 фарсыл]

Йесо Иерусалимы ныппырхы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый н. э. 70 азы кӕй сӕххӕст, ууыл дзурӕг нын у Титы аркӕ (Ром).