Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 сӕр

Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн

1, 2. Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн

1 Кӕд адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау бирӕ рӕстӕг кӕсы адӕмы ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм, уӕддӕр уый ацы фыдуавӕртӕн мыггагмӕ нӕ быхсдзӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ сын Хуыцау скодта ӕмгъуыд.

2 «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг» (Екклесиаст 3:1). Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн цы ӕмгъуыд скодта, уый куы фӕуа, уӕд ӕркӕсдзӕн адӕмы хъуыддӕгтӕм. Фыддзинад ӕмӕ хъизӕмар цардӕн кӕрон куы скӕна, уӕд уый фӕстӕ сӕххӕст кӕндзӕн, иууыл райдианы цы сфӕнд кодта, уый — Дзӕнӕты зӕххыл алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ амондджын адӕм цӕрдзысты хӕларӕй ӕмӕ фӕрнӕй.

Хуыцауы тӕрхӕттӕ

3, 4. Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм куы ӕркӕса, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый тыххӕй Ӕмбисӕндты чиныджы цы фыст ис?

3 Дӕ хъус ма ӕрдар, Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм куы ӕркӕса, ома йӕ тӕрхӕттӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд уый адӕмӕн цы ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уымӕ:

4 «Рӕстгӕнджытӕ цӕрдзысты зӕххыл, ӕмӕ йыл ӕнаипп адӕм баззайдзысты. Фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн зӕххыл, ӕмӕ мӕнгард адӕмӕй иу дӕр нал баззайдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

5, 6. Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм куы ӕркӕса, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уый 36-ӕм псалом куыд ӕвдисы?

5 «Фыддзинад кӕнджытӕ цагъд уыдзысты, Хицауыл ӕнхъӕлцаутӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты. Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст... Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:9—11).

6 «Ӕнхъӕлцау у Хицауыл [«Ӕнхъӕлмӕ кӕс Хицаумӕ», МГТ] ӕмӕ Йӕ фӕндагыл хӕц: ӕмӕ Уый сисдзӕн дӕу, цӕмӕй зӕхх дӕхи бакӕнай; ӕмӕ ӕнӕрӕстыты куы цӕгъдой, ды фендзынӕ. Дӕ хъус дар ӕнаиппмӕ ӕмӕ кӕс рӕстгӕнӕгмӕ; уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймаджы фидӕн у фарн. Ӕнӕзакъонтӕ иуылдӕр цагъд ӕрцӕудзысты; ӕнӕрӕстыты фидӕн фесӕфдзӕн» (Псалом 36:34, 37, 38).

7. Хуыцауы Ныхас нын цавӕр хорз уынаффӕ дӕтты?

7 Уӕдӕ иугӕр, Сфӕлдисӕгӕн адӕмыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый чи ӕмбары, уыдонмӕ ахӕм диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕд хъуамӕ нӕ хъус ӕрдарӕм мӕнӕ ацы ныхӕстӕм: «Дӕ зӕрдӕмӕ айс мӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕмӕ уӕд бирӕ бонтӕ ӕмӕ бирӕ азты сабыр цӕрдзынӕ». Уӕвгӕ, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард! Хуыцауы Ныхас нын ахӕм уынаффӕ дӕр уымӕн дӕтты: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:1, 2, 5, 6).

Хуыцау хицауиуӕг кӕны уӕлӕрвтӕй

8, 9. Хуыцау зӕхх цӕй руаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн?

8 Хуыцау Зӕхх ссыгъдӕг кӕндзӕн, адӕм ӕнусты дӕргъы кӕмӕ бӕллыдысты, ахӕм хицауады руаджы. Уыцы хицауад архайы уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондӕй, уымӕн ӕмӕ хицауиуӕг кӕны уӕлӕрвтӕй Хуыцауы разамындӕй. Уыцы уӕларвон Паддзахад фесафдзӕн, зӕххыл цы хицауӕдтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Хуыцау адӕмӕн уый бар никуыуал ратдзӕн, ӕмӕ сӕхӕдӕг хицауиуӕг кӕной.

9 Уый тыххӕй фыст ис Данелы 2:44-ӕм стихы: «Уыцы паддзӕхты [ныры хицауӕдты] дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад [уӕлӕрвты]; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ рард нӕ фӕуыдзӕн [адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауӕй хицауиуӕг кӕныны бар никуыуал уыдзӕн]; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдтӕ иууылдӕр [абон чи ис, уыдон], йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Кӕс ноджыдӕр Раргомад 19:11—21; 20:4—6).

10. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахад зӕххыл нал бауадздзӕн гӕртамисджыты хицауиуӕг кӕнын?

10 Зӕххыл никуыуал хицауиуӕг кӕндзысты гӕртамисджытӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау ацы дунейӕн кӕрон куы скӕна, уӕд уымӕй хӕдбар хицауад никуыуал уыдзӕн. Уӕларвон Паддзахад Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йӕм йӕ цӕст кӕй дары, уымӕ гӕсгӕ дзы ӕнӕгъдаутӕ нӕ уыдзӕн. Уый араздзӕн, йӕ бӕрны йӕхи чи бакодта, уыцы адӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уый. Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ӕххӕст кӕны, афтӕ ӕххӕст кӕндзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕн ахуыр кодта Хуыцаумӕ кувын: «Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад; уӕд Дӕ фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:10).

Уый кӕд уыдзӕн?

11. Библийы кӕм фыст ис, ацы цардӕвӕрды кӕрон кӕд уыдзӕн, уый тыххӕй?

11 Кӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон ацы ӕвзӕр цардыуагӕн ӕмӕ кӕд ралӕудзӕн Хуыцауы ног дуне? Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон нын бӕлвырд дзуапп дӕттынц. Зӕгъӕм, Йесо загъта, цавӕр нысанӕй базонӕн ис, Библи «цардӕвӕрды кӕрон» кӕй хоны, уыцы рӕстӕг кӕд уыдзӕн, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Матфейы 24-ӕм ӕмӕ 25-ӕм сӕрты, Маркы 13-ӕм сӕры ӕмӕ Лукайы 21-аг сӕры. Афтӕ ма 2 Тимофеймӕ 3-аг сӕры апостол Павел дзуры, зӕгъгӕ, ӕрцӕудзӕн, «фӕстаг бонтӕ» кӕй хонынц, уыцы рӕстӕг: уӕд цы цаутӕ цӕудзӕн, уыдон нын ноджы ирддӕрӕй ӕвдисдзысты, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый.

12, 13. Фӕстаг бонты тыххӕй Йесо ӕмӕ Павел цы дзырдтой?

12 Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыцы рӕстӕг райдайдзӕн ахӕм хабӕрттӕй: «Сыстдзысты адӕм адӕмыл ӕмӕ паддзахад паддзахадыл, ӕмӕ уыдзӕн ӕххормаг рӕстӕджытӕ, рын низтӕ, ӕмӕ иуӕй-иу бынӕтты зӕххӕнкъуыстытӕ» (Матфейы 24:7). Лукайы 21:11 гӕсгӕ ма Йесо дзырдта, зӕгъгӕ, алы рӕтты стыхджын уыдзысты низтӕ. Афтӕ ма нӕ фӕдзӕхста, «ӕнӕзакъондзинӕдтӕ [кӕй] сарӕх» уыдзысты (Матфейы 24:12).

13 Апостол Павел та загъта: «Хъуамӕ йӕ зонай, фӕстаг бонты зын рӕстӕг кӕй уыдзӕн, уый: уымӕн ӕмӕ адӕм суыдзысты хиуарзаг, ӕхца уарзаг, зынӕрвӕссон, фыддзых, ныййарджытӕм ӕгоммӕгӕс, ӕбузн, ӕдзӕсгом, лымӕнзнаг, нӕфидауӕг, хахуырӕвзаг, хиуыл нӕхӕцӕг, хорздзинад нӕ уарзаг, нымудзаг, къӕйных, стырзӕрдӕ, Хуыцауӕй фылдӕр адджын цард чи уарзы, ахӕмтӕ. Ӕрмӕст ӕддейӕ бакастӕй Хуыцауы ӕфсарм кӕмӕ ис, фӕлӕ йӕ тыхыл ӕвдисӕн чи бакодта, ахӕмтӕ. [...] Знӕт адӕмтӕ ӕмӕ сайӕгойтӕ ӕвзӕрдзинӕдты сгуыхдзысты, ӕмӕ афтӕмӕй фӕрӕдийын-иу кӕндзысты иннӕты, сӕхуыттӕг дӕр-иу рӕдийдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13, НФ).

14, 15. XX ӕнусы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон куыд бӕлвырд кӕнынц, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый?

14 Йесо ӕмӕ Павелы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц? Бӕгуыдӕр. Фыццаг дунеон хӕсты хуызӕн ӕвирхъау хӕстытӕ уый размӕ никуы уыд. Уый уыд фыццаг дунеон хӕст ӕмӕ царды цалх цӕхгӕр фӕзылдта. Уыцы хӕсты фӕстӕ адӕмӕн хӕринаг нал фаг кодта, низтӕ стыхджын сты, бӕллӕхтӕ та фӕфылдӕр сты. Уыцы хабӕрттӕ райдыдтой 1914 азӕй, ӕмӕ сӕ Йесо схуыдта «уынгӕгдзинӕдтӕн... сӕ райдайӕн» (Матфейы 24:8, НФ). Уӕд райдыдтой «фӕстаг бонтӕ» — Хуыцау ма фыддзинад ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад куы кӕса, уыцы рӕстӕг.

15 XX ӕнусы цы цаутӕ ӕрцыд, уый куыннӕ зондзынӕ? Ӕмӕ дуне куыд сӕмтъеры, уый дӕр дын ӕнӕзонгӕ нӕу. Хӕстыты фӕмард иу-сӕдӕ милуан адӕймаджы. Сӕдӕгай милуантӕ та амардысты ӕххормагӕй ӕмӕ низтӕй. Дуне адӕм фӕмард зӕххӕнкъуыстыты. Адӕммӕ цард ницыуал кӕсы; стӕй ӕхсӕнадон мулкыл нӕ ауӕрдынц. Тынг тӕрсынц фыдгӕнджытӕй. Уӕдӕ ӕгъдау дӕр нал ис. Адӕмы нымӕц куыд фылдӕр кӕны, афтӕ фылдӕр кӕнынц, сӕ алыг кӕнынӕн кӕмӕн ницы фӕразынц, уыцы зындзинӕдтӕ дӕр. Зӕхх кӕй счъизи, уый адӕмӕн зиан хӕссы, тӕссаг у, зӕххыл цард бынтондӕр куы фесӕфа, уымӕй дӕр. 1914 азӕй фӕстӕмӕ мах ӕцӕгдӕр цӕрӕм фӕстаг бонты ӕмӕ ӕввахс кӕнӕм, Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны сӕххӕстмӕ.

16. Фӕстаг бонтӕ цас ахӕсдзысты?

16 Фӕстаг бонтӕ цас ахӕсдзысты? 1914 азӕй фӕстӕмӕ «уынгӕгдзинӕдты райдайӕн» кӕй хонынц, уыцы дуджы тыххӕй Йесо загъта: «Ацы мыккаг нӕ аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ адон ӕппӕт сӕххӕст уой, уалынмӕ» (Матфейы 24:8, 34—36, НФ). Афтӕмӕй, фӕстаг бонты хабӕрттӕ цӕудзысты цыбыр рӕстӕг. Раргомады 12:12 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Сайтан зӕхмӕ ӕппӕрст куы ’рцӕуа, уӕд ын бирӕ рӕстӕг нал баззайдзӕн.

17, 18. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕввахс кӕй у, уый цавӕр пехуымпарад ӕвдисы?

17 Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс кӕй у, уый ма базонӕн ис апостол Павелы пехуымпарадӕй дӕр: «Хуыцауы бон... ӕрцӕудзӕн хуыснӕгау ӕхсӕвыгон. Афтӕ куы дзурой: „Фарн ӕмӕ ӕдас“, уӕд сыл ӕвиппайды бынысӕфт сӕмбӕлдзӕн... ӕмӕ нал аирвӕздзысты» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2, 3, НФ; кӕс ноджыдӕр Лукайы 21:34, 35).

18 «Уазал хӕст» фӕци ӕмӕ дунеон хӕстӕй дӕр афтӕ тӕссаг нал у. Ӕмӕ, чи зоны, адӕмтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, тагъд сараздзыстӕм ног цард. Фӕлӕ сӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сӕ фӕндтӕй цыдӕр уайы, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр: Хуыцау ацы дуне сафынмӕ ӕрӕвналдзӕн. Рох нӕ ма уӕд уый дӕр, ӕмӕ кӕд хицӕуттӕ кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕнынц ӕмӕ бадзырдтӕ аразынц, уӕддӕр адӕм хуыздӕр нӕ кӕнынц, кӕрӕдзийы нӕ уарзынц. Зӕххон хицӕуттӕн фыдракӕндты ныхмӕ сӕ бон ницы у, сӕ бон нӕу фесафын низтӕ ӕмӕ мӕлӕт дӕр. Уымӕ гӕсгӕ дӕ ныфс ууыл ма дар, зӕгъгӕ, адӕмӕн бантысдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын, стӕй адӕмы цыдӕриддӕр тыхсын кӕны, уыдӕттӕ тагъд лыггонд ӕрцӕудзысты (Псалом 145:3). Афтӕ куы дзурой, уӕд уый, дзурӕг уыдзӕн, ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс кӕй у, ууыл.

Хъусын кӕнӕм хорз хабар

19, 20. Фӕстаг бонты хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн, уыцы пехуымпарад ныртӕккӕ куыд ӕххӕст кӕны?

19 1914 азы фӕстаг бонтӕ кӕй райдыдтой, уый ма ӕвдисы Йесойы пехуымпарад дӕр: «Ӕппӕт адӕмтӕн раздӕр хъуамӕ хъуыстгонд уа Евангелийы уацхъуыд» (Маркы 13:10). Кӕнӕ Матфейы 24:14 куыд фыст ис: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».

20 Зӕххыл абоны хуызӕн никуыма хъусын кодтой хорз хабар, ацы дуне кӕй фесӕфдзӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад кӕуыл хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы ног дуне, Дзӕнӕты цард, кӕй ралӕудзӕн, уый тыххӕй. Чи йӕ хъусын кӕны? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон хорз хабар хъусын кӕнынц алы бӕстӕйы дӕр.

21, 22. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый уӕлдай тынгдӕр цӕмӕй бӕрӕг у?

21 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй уӕлдай ма сӕ цардӕй дӕр ӕвдисынц, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты, уый. Йесо загъта: «Уымӕй уӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уӕ кӕрӕдзи куы уарзат, уӕд». Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы дӕр кӕрӕдзиуыл баст сты, атонӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм уарзондзинады тӕгтӕй (Иоанны 13:35, НФ; кӕс ноджыдӕр Исай 2:2—4; Колоссӕгтӕм 3:14; Иоанны 15:12—14; 1 Иоанны 3:10—12; 4:20, 21; Раргомад 7:9, 10).

22 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕууӕндынц, Библийы цы фыст ис, ууыл: «Хуыцау адӕмӕй хъауджыдӕр... никӕй кӕны... Фӕлӕ алы адӕмы ’хсӕн, чи Йӕ тӕрсы, ӕмӕ рӕстад чи кӕны, ахӕм Йӕ зӕрдӕйӕн у ӕхцон» (Куыстытӕ 10:34, 35, НФ). Ӕгас дунейы дӕр семӕ Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны нымайынц се ’фсымӕртӕ ӕмӕ сӕ хотыл — цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕнт ӕмӕ сӕ буары хуыз цахӕмфӕнды ма уӕд (Матфейы 23:8). Уӕдӕ абон ӕгас дунейы дӕр ахӕм адӕм кӕй ис, ӕфсымӕртау ӕмудӕй чи цӕры, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 26 фарсыл]

Ног дунейы хицауиуӕг кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад, алцыдӕр йӕ бон кӕмӕн у, уыцы уӕларвон хицауад.