1 сӕр
Цымӕ адӕймаг цӕмӕн цӕры?
1. Царды тыххӕй арӕхдӕр цавӕр фарстытӕ сӕвзӕры ӕмӕ уый фӕдыл иу лӕппу цы загъта?
Ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ кӕддӕр ма ныхъхъуыды кӕна, цӕмӕн цӕры, ууыл. Фӕфыдӕбон кӕн дӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн, дӕ бинонты фӕдарынӕн, ӕмӕ стӕй иу-70—80 азы фӕстӕ амӕл, ӕмӕ дӕ кой дӕр мауал уа, уый тыххӕй? Ахӕм хъуыдыйыл хӕст чи у, иу ахӕм лӕппу афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, адӕймаг уымӕн цӕры, ӕмӕ «зӕнӕг рауадза, йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн фӕцӕра ӕмӕ стӕй амӕла». Фӕлӕ уый афтӕ у? Ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд цард ууыл фӕвӕййы?
2, 3. Адӕймаг уымӕн цӕры, ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уа?
2 Абон скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕты бирӕтӕн сӕ царды иууыл сӕйрагдӕр мулк у. Афтӕ сӕм кӕсы, цыма адӕймагӕн цардӕй йӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр уӕд райдзӕн, ӕмӕ хъӕздыг куы уа. Фӕлӕ хъӕздыг чи цӕры, уыдон дӕр цымӕ афтӕ хъуыды кӕнынц? Канадӕйаг фыссӕг Гарри Брус загъта: «Диссаг у, фӕлӕ хъӕздгуытӕй бирӕтӕ дзурынц, амондджын кӕй не сты. Цӕгат Америчы цы сфарст ауагъдӕуыд, уымӕй рабӕрӕг, адӕмӕн цард царды ад кӕй нӕ кӕны... Цымӕ а-зӕххыл исчи амондджын у? Кӕд о, уӕд цӕй фӕрцы?»
3 Америчы Иугонд Штатты раздӕры президент Джимми Картер загъта: «Мах бамбӕрстам, адӕймаг уымӕн нӕ цӕры, ӕмӕ йӕм бирӕ цыдӕртӕ уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн йӕ рӕстӕг ӕрвита... Йӕ цард кӕмӕн сӕнад ӕмӕ цӕмӕн цӕры, уый чи нӕ зоны, уыцы адӕймаг цыфӕнды хъӕздыгдӕр куы суа, уӕддӕр амондджындӕр нӕ фӕуыдзӕн». Хицауады кусджытӕй иу уый фӕдыл афтӕ зӕгъы: «Рагӕй мӕ фӕнды базонын, чи дӕн ӕмӕ мӕ цард цы у, уый. Зонын ӕй, бирӕты ма кӕй фӕнды ацы фарстытӕн дзуаппытӕ ссарын. Адӕм абоны хуызӕн тынг никуы сагъӕс кодтой ацы фарстытыл: „Чи стӕм? Цӕмӕн цӕрӕм?“»
Цард уӕззаудӕр кӕны
4. Бирӕтӕ цӕуылнӕ ӕмбарынц, цӕмӕн цӕрынц, уый?
4 Цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, уӕвгӕ, цӕмӕн цӕрынц, уый. Ӕгас дунейы адӕмӕй иу миллиардӕй фылдӕр сты уӕззау рынчынтӕ ӕмӕ хӕрдцух. Ӕрмӕст Африкӕйы низтӕ ӕмӕ стонгӕй алы аз дӕр амӕлы милуан сывӕллоны бӕрц. Ныртӕккӕ зӕххыл цӕры 6 миллиардмӕ ’ввахс адӕймаджы, ӕмӕ сӕм алы аз дӕр бафты 90 милуаны; уыцы нымӕцӕн йӕ 90 проценты адӕм сты мӕгуырдӕр бӕстӕтӕй. Адӕмы нымӕцыл кӕй ӕфты, уымӕ гӕсгӕ сӕ фылдӕр хъӕуы хӕлц ӕмӕ хӕдзӕрттӕ, стӕй ма заводтӕ ӕмӕ фабриктӕ дӕр. Фӕлӕ заводтӕ ӕмӕ фабриктӕ ӕддӕмӕ цы фӕлхӕрттӕ калынц, уый зӕхх сафы, хъӕстӕ кӕны дон ӕмӕ уӕлдӕф.
5. Зӕххыл зайӕгойтыл цы цӕуы?
5 Иу чиныджы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Алы аз дӕр ныццӕгъдынц, Стыр Британи цы зӕхх ахсы, уыйас хъӕд. Дарддӕр хъуыддаг афтӕ куы ацӕуа, уӕд 2000 азмӕ тропикты тархъӕдтӕн сӕ 65 проценты ныццӕгъддзысты» («World Military and Social Expenditures 1991»). ИНО-йы кусджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй уыцы бӕстӕты акалынц 10 бӕласы, садзгӕ та ныккӕнынц ӕрмӕстдӕр 1 бӕлас; Африкӕйы акалынц 20 бӕласы, садзгӕ та ныккӕнынц 1 бӕлас. Ӕдзӕрӕг быдыртӕ стырдӕрӕй-стырдӕр кӕнынц; алы аз дӕр Бельгийы йас зӕххы хай хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕн нал фӕбӕззы.
6, 7. Хицауадӕн цавӕр бӕллӕхтӕй нӕу сӕ бон адӕмы фервӕзын кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй цавӕр фарстытӕн хъӕуы дзуапп раттын?
6 Афтӕ ма XX ӕнусы хӕстыты цас адӕм фӕмард, уыцы нымӕц цыппар хатты фылдӕр у, уый размӕ цыппар ӕнусы дӕргъы цы адӕм фӕмард, уыдонӕй. Фыдракӕндтӕ сарӕх сты, уӕлдайдӕр та тыхми. Бинонты цард хӕлы, наркотиктӕ, СПИД ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр низтӕ парахат кӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма, цы бирӕ алыхуызон бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдӕтты тыххӕй дӕр адӕймаджы зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никуыцӕй кӕлы. Уӕдӕ иу хицауады бон дӕр нӕу адӕмы ахӕм бӕллӕхтӕй фервӕзын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ адӕммӕ сӕвзӕры фарст: цӕмӕн цӕрӕм?
7 Ацы фарсты фӕдыл ахуыргӕндтӕ ӕмӕ дины кусджытӕ та цы дзурынц? Бирӕ сӕдӕазтӕ рацыд, фӕлӕ сӕ бон сси ацы фарстӕн зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп раттын?
Цы дзурынц
8, 9. а) Иу китайаг ахуыргонд лӕг цы загъта, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый тыххӕй? ӕ) Нацистты лӕгмарӕн лагерты чи уыд, уый та цы дзуры царды тыххӕй?
8 Ду Вэй-Минь, Конфуцийы ахуырӕдтӕ иртасӕг, загъта: «Бӕлвырдӕй, адӕймаг уымӕн цӕры, ӕмӕ цӕра». Ацы хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм дарддӕр дӕр гуырдзысты, сӕ цардыл тох кӕндзысты ӕмӕ мӕлдзысты. Уыцы хъуыдыйӕ адӕймаджы ныфсыл бирӕ не ’фты. Уӕвгӕ, раст у?
9 Эли Визель, дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы нацистты лӕгмарӕн лагерты чи уыд, уый дзуры: «„Адӕймаг цӕмӕн райгуыры?“ — ацы фарсты хуызӕн адӕмы ӕндӕр никуы ницы тыхсын кӕны... Кӕд мӕхи цӕстӕй уыдтон, ӕппын ницӕй тыххӕй дуне адӕм куыд мардысты, уый, уӕддӕр мӕ фидарӕй уырны — адӕймаг хуыздӕр цӕйдӕр тыххӕй цӕры». Фӕлӕ цӕй тыххӕй, уый нӕ загъта.
10, 11. а) Адӕм дзуапп кӕй не ссардтой, уый иу редактор куыд бамбарын кодта? ӕ) Эволюционисты ныхӕстӕ зӕрдӕзӕгъгӕ цӕуылнӕ сты?
10 Иу редактор, Вермонт Ройстер, зӕгъгӕ, мӕнӕ цы загъта: «Адӕймаг... дун-дунейы йын цы бынат ис, ууыл иууыл райдианы куыд хъуыды кодта, афтӕ йыл нырмӕ дӕр хъуыды кӕны. Ныр дӕр нӕ тынг фӕнды базонын: чи стӕм, цӕмӕн стӕм ӕмӕ нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы».
11 Эволюционист Стивен Джей Гулд та загъта: «Мах фӕнды цыдӕр зын фарстӕн дзуапп ссарын, фӕлӕ — нӕй». Ахӕм ахуыргӕндтӕ цард нымайынц, йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ кӕмӕн ӕрцӕуы, ахӕм тохыл. Уӕдӕ ацы хъуыдыйӕ дӕр зӕрдӕ нӕ рухс кӕны. Уӕвгӕ, раст у?
12, 13. Дины кусджытӕ, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый фӕдыл цы дзурынц, ӕмӕ иннӕтӕ цы хъуыдыйыл хӕст сты, уый зӕрдӕзӕгъгӕдӕр у?
12 Дины кусджытӕй бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, адӕймаг уымӕн цӕры, цӕмӕй рӕстӕй цӕра. Ӕмӕ афтӕ чи цӕра, уымӕн йӕ уд мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕудзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм уым уыдзӕн. Ӕвзӕр адӕм та ӕнустӕм хъизӕмар кӕндзысты зындоны. Уӕдӕ ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ адӕймагӕн рагӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ зӕххон цардӕй куыд нӕ рад, дарддӕр дӕр ын афтӕ нӕ райдзӕн. Фӕлӕ кӕд Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм уӕлӕрвты зӕдтау цардаиккой, уӕд ма сӕ зӕххон адӕймӕгтӕй цӕмӕн скодта?
13 Ацы фарсты фӕдыл дины кусджытӕн дӕр сӕ бон ницы у зӕгъын. Диниртасӕг В. Р. Инг, Лондоны Сыгъдӕг Павелы аргъуаны раздӕры хистӕр сауджын, иухатт афтӕ загъта: «Цӕрӕнбонты мӕ фӕндыд базонын, цӕмӕн цӕрын, уый. Агуырдтон дзуапп ӕртӕ ахсджиаг фарстӕн: цы у ӕнусон цард? Адӕймаг афтӕ диссаг конд цӕмӕн у? Цӕмӕн ис фыддзинад? Фӕлӕ дзӕгъӕлы. Иуӕн дӕр дзы дзуапп нӕ базыдтон».
Цӕмӕ ӕркодта
14, 15. Адӕм иу фарсты фӕдыл алыхуызон кӕй хъуыды кӕнынц, уый сӕ цӕмӕ ӕркодта?
14 Царды тыххӕй ахуыргӕндтӕм ӕмӕ дины кусджытӕм алыхуызон хъуыдытӕ кӕй ис, уый цӕмӕ ӕркодта? Уый тыххӕй бирӕтӕ мӕнӕ ацы зӕронд лӕгау фӕзӕгъынц: «Мӕхи цы зонын, уӕдӕй нырмӕ мӕ фӕнды базонын, цӕмӕн райгуырдтӕн, уый. Ныр та мын уӕлдай нал у».
15 Динтӕй иутӕ иу кӕй дзурынц, иннӕтӕ та — ӕндӕр, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уӕлдай нӕу, цӕуыл ӕууӕндыс. Уыдонӕн дин у мӕстытӕ рох кӕныны хос, зӕрдӕйы гыццыл ныфс цы бауадза ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕн цӕй фӕрцы фӕразой, уый. Иннӕтӕ та дин нымайынц мӕнгуырнындзинадыл. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, динтӕ бирӕ сӕдӕазты дӕргъы фӕархайдтой адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый бамбарыныл, фӕлӕ — дзӕгъӕлы, ӕмӕ адӕмы цард дӕр нӕ фӕхуыздӕр кодтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй динтӕ адӕмы размӕ цӕуын никуы уагътой, сӕ кӕрӕдзийыл сӕ кӕй ардыдтой, уый-иу хӕст дӕр расайдта.
16. Цӕмӕн цӕрӕм, уый нӕ афтӕ ӕхсызгонӕй цӕмӕн хъӕуы зонын?
16 Фӕлӕ цӕмӕн цӕрӕм, уый нӕ афтӕ ӕхсызгонӕй хъӕуы зонын? Психиатр Виктор Франкл афтӕ загъта: «Адӕймаг, цӕмӕн цӕры, уый базоныныл кӕй фӕархайы, цӕргӕ дӕр ма уый руаджы фӕкӕны... Фидарӕй зӕгъын: адӕймаг цыфӕнды зын уавӕрты дӕр куы уа, уӕддӕр, цӕмӕн цӕры, уый куы зона, уӕд нӕ фесӕфдзӕн».
17. Цавӕр фарстытӕн нӕ хъӕуы дзуапп базонын?
17 Философи ӕмӕ нын динтӕ, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый фӕдыл бӕлвырд кӕй ницы дзурынц, уымӕ гӕсгӕ нын цы кӕнгӕ у? Чи нын ратдзӕн ацы фарстӕн дзуапп, кӕмӕн ис ахӕм стыр зонд?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 4 фарсыл]
«Алы аз дӕр ныццӕгъдынц, Стыр Британи цы зӕхх ахсы, уыйас хъӕд».
[Ныв 5 фарсыл]
«Мӕхи цы зонын, уӕдӕй нырмӕ мӕ фӕнды базонын, цӕмӕн райгуырдтӕн, уый».