2 сӕр
Чи нын ӕй зӕгъдзӕн?
1, 2. Цавӕрдӕр дзаума арӕзт цӕмӕн ӕрцыд, уый куыд базонӕн ис?
1 Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый нын чи зӕгъдзӕн? Зӕгъӕм, бацыдтӕ иу аразӕгмӕ ӕмӕ йӕ цыдӕр вазыгджын дзаумаимӕ архайгӕ баййӕфтай, фӕлӕ цы аразы, уымӕн ницы ’мбарыс. Куыд ӕй ис базонӕн, уыцы дзаума йӕ цӕмӕн хъӕуы? Хуыздӕр нӕ уаид, йӕхи йын куы бафӕрсис?
2 Уӕдӕ цы зӕгъӕн ис, нӕ алфамбылай цы диссаджы дуне ис, уый тыххӕй та, зӕгъӕм, цӕрдудтӕй ӕмӕ тӕккӕ гыццылмурдӕр удӕгас чырӕгтӕй? Чырӕгты мидӕг цы чысылмур молекулӕтӕ ӕмӕ атомтӕ ис, уыдон куыд арӕзт ӕмӕ куыд нывыл ӕвӕрд сты, уый тынг диссаг у. Цы зӕгъӕн ис адӕймаджы сӕрымагъз куыд диссаг конд у, уый тыххӕй? Науӕд Хуры системӕ ӕмӕ нӕ галактикӕ Ӕрфӕны фӕд кӕнӕ нӕ Дун-дуне та? Ахӕм диссӕгтӕн Аразӕг ма уа, уый гӕнӕн куыд ис? Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ иууылдӕр цӕмӕн скодта, уый нын уымӕй хуыздӕр ничи зӕгъдзӕн.
Цымӕ цард йӕхигъӕдӕй фӕзынд?
3, 4. Цард йӕхигъӕдӕй фӕзындаид?
3 Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «цӕрӕгойтӕ иууылдӕр сты вазыгджын ӕмӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ конд». Уым ма дзырдӕуы: «Ахуыргӕндтӕ дидинджытӕ, сасчытӕ ӕмӕ ӕхсырдӕй цӕрӕгойты лӕмбынӕг куы раиртӕстой, уӕд рабӕрӕг иу диссаг — алкӕмӕн дӕр дзы йӕ буары хӕйттӕ афтӕ ӕвӕрд сты, ӕмӕ сӕ уымӕй хуыздӕр нӕй сӕвӕрӕн» («The Encyclopedia Americana»). Бритайнаг астроном Бернард Ловелл фыста цӕрдудты химикон сконды тыххӕй: «Тынг зын зӕгъӕн у... протеины хӕрз чысыл молекулӕ йӕхигъӕдӕй фӕзындаид, уый... Уымӕн уӕвӕн нӕй».
4 Астроном Фред Хойл дӕр раст афтӕ загъта: «Биологтӕй бирӕтӕ ныр дӕр ма дзурынц, зӕгъгӕ, цард йӕхигъӕдӕй равзӕрд. Фӕлӕ биохимиктӕ цас фылдӕр иртасынц цӕрдудты миддуне, уыйас тынгдӕр ӕмбарынц, куыд ӕнахуыр арӕзт сты, уый, ӕмӕ зӕгъын хъӕуы, уыдон сӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзындаиккой. Цард йӕхигъӕдӕй ницы хуызы фӕзындзӕн».
5—7. Цард йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд, уый молекулярон биологи куыд бӕлвырд кӕны?
5 Зонады тӕккӕ ӕрыгондӕр къабӕзтӕй иу, молекулярон биологи, зӕгъгӕ, иртасы цӕрдудты гентӕ, молекулӕтӕ ӕмӕ атомтӕ. Ацы къабазы кусӕг Майкл Дентонӕн цы бантыст раиртасын, уый фӕдыл афтӕ зӕгъы: «Тӕккӕ хуымӕтӕгдӕр чырӕгтӕй цы зонӕм, уыдонӕн сӕ мидконд афтӕ вазыгджын у, ӕмӕ ахӕм чырӕг ӕвиппайды, йӕхигъӕдӕй кӕй фӕзындаид, ууыл куыд хъуамӕ сразы уӕм. [...] Фӕлӕ вазыгджын арӕзт кӕй сты, диссаг ӕрмӕст уый нӕу, фӕлӕ ма куыд ӕнахуыр, куыд алыхуызон арӕзт сты, уый дӕр. [...] Цӕрдудтӕ вазыгджын арӕзт кӕй сты ӕмӕ сӕ мидӕг алцӕмӕндӕр йӕхи нысан кӕй ис, уый ӕппӕты хуыздӕр зыны... сӕ молекулӕты ӕвӕрдӕй».
6 Дентон дарддӕр дзуры: «Кӕдӕмфӕнды ма акӕс ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ныккӕс, алы ран дӕр фенӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕппӕт дӕр куыд диссаг ӕмӕ куыд хорз конд у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зын зӕгъӕн у, уыдон иууылдӕр сӕхигъӕдӕй кӕй фӕзындысты, уый. Цас раст у ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, кӕддӕр цыдӕр ӕрцыд, ӕмӕ афтӕмӕй фӕзындысты, уырзӕй басгарӕн цы ис, уыдӕттӕ? Куыд хъуамӕ фӕзындаиккой сӕхигъӕдӕй, кӕд ӕмӕ сӕ тӕккӕ гыццылдӕр хай — урсаг, кӕнӕ ген, афтӕ ӕнахуыр арӕзт у, ӕмӕ адӕймаг ахӕмӕй нырма никуы ницы сарӕзта?!» Уыцы ахуыргонд ма загъта: «Цӕрдуд чырӕг ӕмӕ ӕнӕуд вазыгджын сконд, зӕгъӕм, дзӕнхъайы цӕст кӕнӕ миты тъыфыл, кӕрӕдзиимӕ абарӕн дӕр нӕй». Физикӕйы профессор Чет Реймо та загъта: «Дисы бацыдтӕн... Афтӕ мӕм кӕсы, цыма алы молекулӕ дӕр арӕзт уыд йӕхи куыстӕн».
7 Молекулярон биологийы кусӕг Дентон скодта ахӕм хатдзӕг, зӕгъгӕ, «ныр дӕр ма стырзӕрдӕйӕ чи дзуры, цард йӕхигъӕдӕй кӕй равзӕрд», уый аргъӕуттыл ӕууӕнды. Дарвины ахуырад та, зӕгъгӕ, цӕрдудтӕ сӕхигъӕдӕй фӕзындысты, уый схуыдта «XX ӕнусы тӕккӕ зындгонддӕр таурӕгъ дунейы равзӕрды тыххӕй».
Алцӕмӕндӕр ис аразӕг
8, 9. Алцӕмӕндӕр аразӕг кӕй ис, уый цӕвиттонтӕй равдис.
8 Цард ӕдзард буарадӕй йӕхигъӕдӕй нӕ равзӕрдаид. Зӕххыл цы диссаджы конд цӕрдудтӕ ис, уыдон сӕхигъӕдӕй нӕ фӕзындаиккой, уымӕн ӕмӕ алцӕмӕндӕр ис аразӕг. Уый «афтӕ нӕу» зӕгъын дӕ бон у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Дзаума цас вазыгджындӕр у, уыйас дӕсныдӕр хъуамӕ уа йӕ аразӕг.
9 Ацы хъуыддаг равдисӕн ис ахӕм цӕвиттонтӕй: нывӕн ис нывгӕнӕг, чиныгӕн — фыссӕг, хӕдзарӕн — аразӕг, светофорӕн та — фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ ӕвӕрӕг оргӕн. Адон иууылдӕр адӕм скодтой цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддагӕн. Ӕмӕ сӕ чи сарӕзта, уыдоны тыххӕй кӕд бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм, уӕддӕр дызӕрдыггаг нӕу, уыцы адӕм кӕмдӕр кӕй цӕрынц.
10. Дӕсны Аразӕг кӕй ис, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис фенӕн?
10 Афтӕ, зӕххыл цы цӕрдудтӕ ис, уыдоны вазыгджын ӕмӕ диссаджы сконд дӕр бӕлвырд кӕны, нӕ Дун-дунейӕн Дӕсны Аразӕг кӕй ис, уый. Ӕмӕ сӕ чи сфӕлдыста, уымӕн йӕ зондӕн ӕмбал нӕй. Стӕй ма, Дун-дунейы цы миллиард галактикӕйы ис,— алы галактикӕйы та ис миллиардгай стъалыйы,— уыдон саразынӕн ӕмӕ сын закъӕттӕ сӕвӕрынӕн дӕр хъуыдис стыр зонд. Ӕмӕ уыцы уӕларвон буӕрттӕ иууылдӕр змӕлынц бӕлвырд закъӕтты фӕрцы: змӕлды закъон, хъӕрмады закъон, рухсы закъон, зӕлы закъон, электромагнетизмы ӕмӕ химӕлвасынады закъоны фӕрцы. Цымӕ ацы закъӕттӕ ӕнӕ закъонӕвӕрӕгӕй фӕзындысты? Ракетӕтӕ аразыныл чи кусы, иу ахӕм ахуыргонд, Вернер фон-Браун, загъта: «Дун-дунейы закъӕттӕ афтӕ дырыс сты, ӕмӕ зын нӕу Мӕймӕ тӕхынӕн космикон нау саразын. Уыцы науы Мӕймӕ тӕхын цас бахъӕудзӕн, уый нӕ бон у секунды онг банымайын. Ацы закъӕттӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чидӕр сӕвӕрдтаид».
11. Кӕд Дӕсны Аразӕджы нӕ уынӕм, уӕддӕр цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, нӕй, зӕгъгӕ?
11 Раст у, уыцы Дӕсны Аразӕг ӕмӕ Закъонӕвӕрӕджы цӕстӕй фенӕн нӕй. Фӕлӕ химӕлвасынад, магнетизм, ток кӕнӕ радиоуылӕнтӕ дӕр нӕ уынӕм, ӕмӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, не сты, зӕгъгӕ? Сты, уымӕн ӕмӕ сын уынӕм сӕ архайд. Уӕдӕ ӕнӕуынгӕ Дӕсны Аразӕг ӕмӕ Закъонӕвӕрӕджы кӕй нӕ уынӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй куыд ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, нӕй, кӕд ӕмӕ йын уынӕм йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ?
12, 13. Сфӕлдисӕг ис ӕви нӕ, уый тыххӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ цы дзурынц?
12 Физикӕйы профессор Пол Дейвис ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ, адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй нӕ фӕзынд. Уый дзуры: «А-зӕххыл цӕрынӕн мах чидӕр фӕлдисгӕ скодта». Дун-дунейы тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Мӕ куысты фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстон — нӕ Дун-дуне афтӕ диссаг конд у, ӕмӕ йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзындаид. Афтӕ мӕм кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕзынд хуымӕтӕджы нӕ уыд».
13 Уӕдӕ нын бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕвдисынц, Дун-дуне, Зӕхх ӕмӕ цӕрдудтӕ сӕхигъӕдӕй ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй нӕ фӕзындысты. Уыдон сӕхӕдӕг ӕвдисӕн сты, се Сфӕлдисӕг кӕй у стыр зонд ӕмӕ хъомысы хицау.
Библи цы дзуры?
14. Библи Сфӕлдисӕджы тыххӕй цавӕр хатдзӕг кӕны?
14 Библи дӕр, ӕппӕты рагондӕр чиныг, ахӕм хатдзӕг кӕны. Зӕгъӕм, Павел йӕ фыстӕджы Дзуттытӕм фыссы: «Алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттытӕм 3:4). Библийы фӕстаг чиныджы, апостол Иоанн кӕй ныффыста, уым дзырдӕуы: «Аккаг дӕ Ды, Хицау [«Иегъовӕ», НД], райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у» (Раргомад 4:11).
15. Хуыцауы иуӕй-иу миниуджытӕ куыд ис базонӕн?
15 Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй кӕд Хуыцауы фенӕн нӕй, уӕддӕр цы сфӕлдыста, уыдон руаджы йӕ ис базонӕн. Уым фыстӕуы: «[Сфӕлдисӕджы] ӕнӕзынгӕ ӕнусон тых ӕмӕ Хуыцауад, дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ ӕргом... зынынц сфӕлдисонтӕм ӕркӕсгӕйӕ» (Ромӕгтӕм 1:20, НФ).
16. Нӕ бон Хуыцауы фенын кӕй нӕу, ууыл цин цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?
16 Уӕдӕ Библийы куыд фыстӕуы, афтӕмӕй, цы уынӕм, уый кӕйдӕр фӕрцы фӕзынд. Нӕ алфамбылай цы диссаджы цыдӕртӕ уынӕм, уыдон ӕвдисынц, кӕй ис зондджын ӕмӕ хъомысджын Сфӕлдисӕг — Хуыцау. Афтӕ ма дзы хъуамӕ бузныг дӕр уӕм, ӕнӕуынгӕ кӕй у, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Дун-дунейы Сфӕлдисӕгмӕ уыйбӕрц тых ис, ӕмӕ йӕ туг ӕмӕ стӕгӕй конд адӕймаг куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн. Растдӕр уый тыххӕй дзырдӕуы Библийы: «Адӕймагӕн йӕ бон нӕу [Хуыцауы] фенын ӕмӕ удӕгасӕй баззайын» (Рацыд 33:20).
17, 18. Сфӕлдисӕг кӕй ис, уымӕн стыр ахадындзинад хъуамӕ цӕмӕн уа нӕ царды?
17 Дӕсны Аразӕг, Стыр Хуыцау, кӕй ис, уыцы хъуыдыйӕн стыр ахадындзинад хъуамӕ уа нӕ царды. Кӕд нӕ Хуыцау сфӕлдыста, уӕд нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, скодта цӕйдӕр тыххӕй. Ӕмӕ нӕ кӕд цӕйдӕр тыххӕй сфӕлдыста, уӕд нӕ ныфс ис, рухс фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Науӕд нӕ ницы ныфс уаид: ӕрмӕст цасдӕр ацӕр ӕмӕ амӕл. Уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕнӕмӕнгдӕр базонын хъӕуы, Хуыцау мах тыххӕй цы фӕнд кӕны, уый. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн иу хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын: Хуыцауы фӕндыл цӕудзыстӕм ӕви нӕ.
18 Библийы ма фыст ис, не Сфӕлдисӕг уарзӕгой Хуыцау кӕй у ӕмӕ ныл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы. Апостол Петр фыста: «Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7; кӕс ма ноджыдӕр Иоанны 3:16 ӕмӕ 1 Иоанны 4:8, 16). Хуыцау ныл кӕй ауды, ууыл дзурӕг у, нӕ сӕрымагъз ӕмӕ нын нӕ буар куыд диссаг скодта, уый.
«Диссаджы арӕзт»
19. Псаломзарӕггӕнӕг Давид нын не ’ргом цавӕр хъуыдымӕ здахы?
19 Псаломзарӕггӕнӕг Давид разы уыд ацы хъуыдыйыл: «Ӕз диссаджы арӕзт дӕн» (Псалом 138:14). Ӕмӕ уый, бӕгуыдӕр, афтӕ у, уымӕн ӕмӕ Дӕсны Аразӕг адӕймагӕн радта ӕвӕджиауы сӕрымагъз ӕмӕ буар.
20. Цы фыст ис иу энциклопедийы адӕймаджы сӕрымагъзы тыххӕй?
20 Дзырдӕн, дӕ магъз цыфӕнды компьютерӕй дӕр бирӕ вазыгджындӕр арӕзт у. Иу энциклопедийы уый тыххӕй афтӕ фыст ис: «Нервыты ’хсӕн цы бастдзинад ис, уый, тӕккӕ стырдӕр телефонты станцӕты цы бастдзинад ис, уымӕй бирӕ вазыгджындӕр у. Афтӕ ма адӕймаджы сӕрымагъз цыфӕнды тыхджын компьютерӕй дӕр бирӕ хуыздӕр кусы» («The New Encyclopædia Britannica»).
21. Нӕ сӕрымагъз куыд кусы, уый цӕуыл дзурӕг у?
21 Дӕ сӕрымагъз бирӕ алыхуызон хабӕрттӕ ӕмӕ нывтӕ бахъуыды кӕны, фӕлӕ уый айдагъ хъуыдытӕ ӕвӕрӕндон нӕу. Дӕ магъзы руаджы дӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уай ӕхситт кӕнын, дзул кӕнын, ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, компьютерыл кусын кӕнӕ хӕдтӕхӕгыл тӕхын. Дӕ бон у, дӕ улӕфӕн бонтӕ куыд ӕрвитдзынӕ, кӕнӕ цавӕрдӕр дыргъ куыд хӕрдзынӕ, уый дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Дӕ бон у исты хъуыддагыл хъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ скъуыддзаг кӕнын; фӕндтӕ кӕнын, истӕмӕн аргъ кӕнын; уарзын ӕмӕ хъуыдыты базыртыл ивгъуыд бонтӕм кӕнӕ фидӕнмӕ тӕхын. Адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу ахӕм ӕвӕджиауы сӕрымагъзы хуызӕн исты ӕрымысын, уымӕй бӕрӕг у, сӕрымагъз чи скодта, уымӕ цыфӕнды адӕймагӕй бирӕ фылдӕр зонд кӕй ис ӕмӕ йӕ бон бирӕ фылдӕр кӕй у, уый.
22. Ахуыргӕндтӕ адӕймаджы сӕрымагъзы тыххӕй цы дзурынц?
22 Сӕрымагъзы тыххӕй ахуыргӕндтӕ дзурынц: «Тынг зын бамбарӕн у, уыцы вазыгджын ӕмӕ хорз конд магъзӕн уыйбӕрц куыстытӕ кӕнын куыд ӕнтысы. [...] Адӕм кӕронмӕ никуы бамбардзысты сӕрымагъзы куыст» («Scientific American»). Афтӕ ма зӕгъы физикӕйы профессор Реймо дӕр: «Раст куы зӕгъон, уӕд ныр дӕр нӕма ӕмбарӕм, адӕймаджы сӕрымагъз утӕппӕт цыдӕртӕ куыд бахъуыды кӕны, стӕй куы бахъӕуы, уӕд сӕ зӕрдыл куыд ӕрлӕууын кӕны, уый. [...] Адӕймаджы сӕрымагъзы нервыты чырӕгтӕ сты сӕдӕ миллиардӕй фылдӕр. Алы чырӕг дӕр баст у мингай чырӕгтимӕ, бӕласы къалиутау, синӕпсты фӕрцы. Уыцы бастдзинӕдтӕ цас ӕмӕ цас сты, уый у диссаг».
23, 24. Ранымай адӕймаджы диссаджы конд буары хӕйттӕ. Адӕймаджы буары фӕдыл иу инженер цы загъта?
23 Дӕ цӕстытӕ цыфӕнды къамисӕнӕй дӕр хуыздӕр кусынц. Кӕдӕм сӕ фӕхъӕуы азилын, уырдӕм сӕхӕдӕг азилынц, стӕй уынынц алы ахорӕнтӕ ӕмӕ алы хуызтӕ. Дӕ хъустӕ та алыхуызон уынӕр ахсынц, уыдон руаджы базоныс, уынӕр кӕцӕй фӕцӕуы ӕмӕ ӕмраст цӕуыс. Дӕ зӕрдӕ та у растдӕр донцъирӕны хуызӕн, иу дӕсны инженер дӕр нырма ахӕм цыдӕр не ’рхъуыды кодта. Диссаджы конд ма сты дӕ буары иннӕ хӕйттӕ дӕр: фындз, ӕвзаг, къухтӕ, тугзилдух, хӕринагтайӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ.
24 Иу стыр компьютер ӕрымысынӕн ӕмӕ саразынӕн цы инженеры баххуырстой, уый афтӕ загъта: «Кӕд мӕ компьютер йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзынд, уӕд вазыгджын физикон-химикон-биологон механизм, ома мӕ буар,— ӕгӕрон Дун-дунейӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу гыццылмур хай,— йӕхигъӕдӕй куыд хъуамӕ фӕзындаид?»
25, 26. Дӕсны Аразӕг нын цы зӕгъынхъом у?
25 Адӕймаг хӕдтӕхджытӕ, компьютертӕ, велосипедтӕ ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ цавӕрдӕр хъуыддагӕн куыд аразы, афтӕ адӕймаджы сӕрымагъз ӕмӕ буар скӕнӕг дӕр нӕ цӕйдӕр тыххӕй скодта. Уыцы Аразӕджы зондӕн ӕмбал нӕй, уымӕн ӕмӕ цытӕ сарӕзта, уый иу адӕймагӕн дӕр нӕма бантыст саразын. Уӕдӕ бӕлвырд у, ӕрмӕстдӕр нын уыцы стыр зонды хицау зӕгъдзӕн, цӕмӕ нӕ сфӕлдыста, зӕххыл нӕ цӕмӕн ӕрцӕрын кодта ӕмӕ нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.
26 Уыдӕттӕ куы базонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, Хуыцау нын цы диссаджы сӕрымагъз ӕмӕ буар радта, уыдонӕй сӕ нысанмӕ гӕсгӕ пайда кӕнын. Фӕлӕ Хуыцауы фӕндтӕ куыд базонӕн ис? Уый тыххӕй нын кӕм дзуры?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 7 фарсыл]
Цавӕрдӕр вазыгджын дзаума цӕй тыххӕй уыд арӕзт, уый базонынӕн хуыздӕр уаид йӕ аразӕджы бафӕрсын.
[Ныв 8 фарсыл]
Цӕрдудтӕ куыд вазыгджын ӕмӕ куыд хорз конд сты, уый фенӕн ис ДНТ-йы молекулӕйӕ.
[Ныв 9 фарсыл]
«Адӕймаджы сӕрымагъз цыфӕнды тыхджын компьютерӕй дӕр бирӕ хуыздӕр кусы».