Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 сӕр

Чырыстон дуне Хуыцау ӕмӕ Библийыл гадзрахатӕй рацыд

1, 2. Иуӕй-иутӕ Библийӕн цӕуылнӕ аргъ кӕнынц, фӕлӕ Библи йӕхӕдӕг цы дзуры?

Чырыстон дуне Хуыцау ӕмӕ Библийыл гадзрахатӕй рацыд

1 Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Библимӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уыдон фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ бирӕ бӕстӕты адӕм Библи ницӕмӕ дарынц, нӕ йын аргъ кӕнынц. Иуӕй-иу бӕстӕты та адӕм ахӕм хъуыдыйыл лӕуд сты, ӕмӕ, дам, хӕстытӕ Библийы тыххӕй цӕуынц. Стӕй, дам, урсцъар адӕмӕн фыст у ӕмӕ амидин кӕны, цӕмӕй иу бӕстӕ иннӕйы йӕ дӕлбар кӕна. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу.

2 Библи ныффыстой Астӕуккаг Скӕсӕны, ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы чырыстон дины номыл цы арӕзтӕуыд, ома иу бӕстӕ иннӕйы йӕ дӕлбар кӕй кодта ӕмӕ иутӕ иннӕты сӕхицӕн тыхӕй кӕй кусын кодтой, уымӕ нӕ амидин кӕны. Фӕлӕ Библи куы кӕсай ӕмӕ ӕцӕг чырыстон дины ахуырӕдтӕ, ома Йесо кӕй амыдта, уыдон куы иртасай, уӕд базондзынӕ, Библи уый ныхмӕ кӕй у, ӕмӕ адӕм хӕцой, ӕнӕуаг цард кӕной, искӕй хидвӕллойӕ цӕрой. Аххосджын Библи нӕу, аххосджын сты зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕм (1 Коринфӕгтӕм 13:1—6; Иаковы 4:1—3; 5:1—6; 1 Иоанны 4:7, 8). Уӕдӕ хиуарзон, ӕдзӕсгом адӕм Хуыцауы Ныхасы амындты сӕрты кӕй хизынц, уый дӕ ма бакъуылымпы кӕнӕд, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон базонынӕн.

3. Истори чырыстон дунейы тыххӕй цы дзуры?

3 Библимӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонмӕ ма хауынц, сӕхи чырыстӕттыл чи нымайы, уыцы адӕм ӕмӕ бӕстӕтӕ дӕр. «Чырыстон дунемӕ» хауынц, сӕйраг дин чырыстон дин кӕм у, уыцы бӕстӕтӕ. Сӕйраджыдӕр, ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ сӕ аргъуантимӕ. Уыцы паддзахӕдты н. э. IV ӕнусӕй чырыстон дин райдыдта сӕйраг бынат ахсын. Аргъуантӕм Библи рагӕй бӕргӕ ис, ӕмӕ сауджынтӕ бӕргӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы минӕвӕрттӕ стӕм ӕмӕ Библи адӕмӕн амонӕм. Фӕлӕ чырыстон дунейы сауджынтӕ ӕмӕ миссионертӕ ӕцӕгад амонынц? Хуыцауы минӕвӕрттӕ сты ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр, Библийӕ цы амонынц, уый сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у? Чырыстон дуне ӕцӕгдӕр чырыстон динмӕ гӕсгӕ цӕры? Нӕ. Цыппӕрӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ, чырыстон дунейы дин йӕ базыртӕ дӕрдтыл куы аивӕзта, уӕд рабӕрӕг, Хуыцау ӕмӕ Библийы знаг кӕй у. О, истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй чырыстон дуне гадзрахатӕй рацыд Хуыцауыл дӕр ӕмӕ Библийыл дӕр.

Сӕ ахуырӕдтӕ Библийӕ ист не сты

4, 5. Аргъуантӕ цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ амонынц?

4 Чырыстон дуне йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ Библийӕ нӕ райста, фӕлӕ рагон грекъӕгты, египетӕгты, вавилойнӕгты ӕмӕ ӕндӕр адӕмты таурӕгътӕй. Ахӕм ахуырӕдтӕ, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд; адӕймаг ӕнустӕм хъизӕмар кӕны зындоны; Хуыцау у Ӕртӕиууон (ома Хуыцауӕн ис ӕртӕ цӕсгомы),— Библийӕ ист не сты.

5 Ахъуыды ма кӕн, ӕвзӕр адӕм, дам, ӕнустӕм хъизӕмар кӕндзысты зындоны. Куыд дӕм кӕсы уый? Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныккӕрзынц. Нӕ йӕ ӕмбарынц: Хуыцау ӕнустӕм адӕмы зындоны хъизӕмарӕй куыд хъуамӕ мара? Библи цы Хуыцауы кой кӕны, уый ахӕм ӕбуалгъ хъуыддаг никуы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоанны 4:8). Библи комкоммӕ дзуры: ахӕм ахуырад Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ «хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыд» (Иереми 7:31; 19:5; 32:35).

6. Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй нӕй, уый Библи куыд бӕлвырд кӕны?

6 Абон бирӕ динтӕ, уыимӕ чырыстон дунейы аргъуантӕ дӕр, хӕцынц ахӕм ахуырадыл, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ ацӕуы кӕнӕ уӕларвмӕ, кӕнӕ зындонмӕ. Ацы ахуырад Библийӕ ист нӕу. Библи бӕлвырдӕй дзуры: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц [...] уымӕн ӕмӕ Шеолы [ингӕны], ды кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр дзы ӕмбарынад ис, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:5, 10). Псаломзарӕггӕнӕг дӕр фыста, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд «аздӕхы йӕ зӕхмӕ; уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр» (Псалом 145:4).

7. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы закъоны сӕрты кӕй ахызтысты, уый тыххӕй сӕ куыд бафхӕрдта?

7 Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн: Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахызтысты, уӕд сӕ куыд бафхӕрдта? Ӕнӕмӕлгӕ цард сын радта? Уӕд уый ӕфхӕрд нӕ уыдаид, фӕлӕ хорзӕх! Нӕ, Хуыцау сын загъта, зӕгъгӕ, «зӕхмӕ аздӕхдзыстут, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд стут». О, Хуыцау Адамӕн комкоммӕ загъта: «Уымӕн ӕмӕ сыджыт дӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Уӕвынад 3:19). Уӕдӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад аргъуантӕ райстой Библийӕ нӕ, фӕлӕ сӕ дины сӕвзӕрды размӕ иннӕ адӕмтӕм цы динтӕ уыд, уыдонӕй.

8. Хуыцау Ӕртӕиууон кӕй нӕу, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

8 Чырыстон дунейы ма адӕм Хуыцауы нымайынц цыдӕр ӕнахуыр Ӕртӕиууоныл, ома, ӕртӕ цӕсгомы кӕмӕн ис, ахӕм Хуыцауыл. Фӕлӕ Ӕртӕиууоны тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Цӕвиттонӕн, Исайы 40:25 Хуыцау бӕлвырдӕй зӕгъы: «Кӕимӕ мӕ абардзыстут, ме ’мсӕр чи у?» Дзырд дӕр ыл нӕй — йе ’мсӕр иу дӕр нӕу. Афтӕ ма Псаломы 82:19 (МГТ) дӕр фыст ис: «Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд дӕ ӕппӕт зӕххыл» (Кӕс ноджыдӕр Исай 45:5; 46:9; Иоанны 5:19; 6:38; 7:16).

9. Цы зӕгъӕн ис Библийы ахуырӕдты тыххӕй, ӕмӕ аргъуантӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый тыххӕй?

9 Библи, Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй цы амоны, уый у бӕлвырд, ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ йын бандур дӕр ис. Чырыстон дунейы аргъуанты ахуырӕдтӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Ноджы диссаг дӕр та уый у, ӕмӕ сты Библийы ныхмӕ.

Ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ

10, 11. Аргъуанты ахуырӕдтӕ Библийы ахуырӕдты ныхмӕ куыд сты?

10 Чырыстон дуне мӕнг ахуырӕдтыл хӕст кӕй у, ӕрмӕст уымӕй нӕ рацыд гадзрахатӕй Хуыцау ӕмӕ Библийыл, фӕлӕ ма йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Сауджынтӕ ӕмӕ аргъуантӕ ивгъуыд ӕнусты цытӕ фӕкодтой ӕмӕ ныр цытӕ кӕнынц, уыдон сты, Библи цы Хуыцауы кой кӕны, уый фӕдзӕхстыты ныхмӕ ӕмӕ чырыстон дины бындурӕвӕрӕг Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгты ныхмӕ.

11 Цӕвиттонӕн, Йесо дзырдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй политикӕйӕ дард лӕууой ӕмӕ хӕстмӕ ма цӕуой. Афтӕ ма сӕ ахуыр кодта адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын, закъонмӕ хъусын, иннӕты уарзын, алкӕмӕдӕр иухуызон цӕстӕй кӕсын, суанг, искӕй амарыны фӕлтау, хи уд раттыныл дӕр (Иоанны 15:13; Куыстытӕ 10:34, 35; 1 Иоанны 4:20, 21).

12. Ӕцӕг чырыстӕтты цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо цы загъта?

12 Уымӕй уӕлдай ма Йесо дзырдта, ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй уымӕй кӕй хицӕн кӕндзысты, ӕмӕ адӕмы уарздзысты. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзат; Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы; уымӕ гӕсгӕ базондзысты иууылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:34, 35; 15:12).

13, 14. Аргъуантӕ Хуыцауы минӕвӕрттӕ кӕй не сты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Фӕлӕ бирӕ сӕдӕазты дӕргъы сауджынтӕ архайынц политикӕйы ӕмӕ сӕ бӕстӕтӕ искӕимӕ куы фӕхӕцынц, уӕд сын феххуыс кӕнынц. Суанг чырыстон диныл хӕст бӕстӕтӕ кӕрӕдзиимӕ куы схӕцынц, уӕд дӕр. Уымӕн цӕвиттон, XX ӕнусы цы дыууӕ дунеон хӕсты уыд, уыдон. Уыцы хӕстыты рӕстӕджы дыууӕ фарсы ’рдыгӕй дӕр сауджынтӕ Хуыцауӕй куырдтой уӕлахиз. Ӕмӕ иу диныл хӕст адӕм кӕрӕдзи цагътой, хицӕн бӕстӕты кӕй цардысты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Фӕлӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынц Сайтаны сывӕллӕттӕ, Хуыцауы нӕ, фӕлӕ (1 Иоанны 3:10—12, 15). Уӕдӕ, Сауджынтӕ ӕмӕ сӕ фӕдонтӕ кӕд сӕхи чырыстӕттӕ хонынц, уӕддӕр архайынц Йесо Чырыстийы ахуырӕдты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Сӕвӕр кард йӕ бынаты» (Матфейы 26:51, 52).

14 Империализмы дуджы-иу хъомысджын чырыстон бӕстӕтӕ ӕндӕр адӕмты басастой, цагъартӕ-иу сӕ скодтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ аргъуантӕ дӕр бирӕ сӕдӕазты дӕргъы уыдысты се ’мдзӕхдон. Афтӕ уыди Африкӕйы цалдӕр ӕнусы дӕргъы. Стӕй Китайы дӕр, дзырдӕн, «хъылмайыл» хӕстытӕ ӕмӕ «боксгӕнджыты растад» кӕй хонынц, уыцы рӕстӕг ӕй ныгуылӕн бӕстӕтӕ фырзыдӕй куы ныддихтӕ кодтой, уӕд.

15. Цавӕр ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ кодтой аргъуантӕ?

15 Афтӕ ма Астӕуккаг ӕнусты — ӕрхуым, ӕрхӕндӕг заман кӕй хонынц, уыцы рӕстӕг чырыстон дунейы динтӕ, сӕ зондыл сын чи нӕ цыд, уыдоны фӕдыл зылдысты, алы фыдмитӕ сын кодтой ӕмӕ нӕ сыл ауӕрстой марынӕй дӕр. Цалдӕр ӕнусы чи ахаста, уыцы инквизицийы рӕстӕджы адӕмӕн тынг ӕвирхъау митӕ кодтой ӕмӕ сӕ цагътой. Гӕнӕг та уыдысты сауджынтӕ ӕмӕ сӕ фӕдонтӕ — сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдон. Афтӕ ма уыдон архайдтой Библи фесафыныл дӕр, цӕмӕй йӕ мӕгуыр, хуымӕтӕг адӕм ма кастаиккой.

Чырыстӕттӕ не сты

16, 17. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, аргъуантӕ чырыстон динӕй дард кӕй сты?

16 Чырыстон дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ аргъуантӕ ӕцӕг чырыстон динӕй раздӕр куыд дард уыдысты, ныр дӕр афтӕ. Уыдон Хуыцауӕн нӕ лӕггад кӕнынц. Йӕ Ныхасы уыдоны тыххӕй фыст ис: «Дзурынц, Хуыцауы кӕй зонынц, фӕлӕ Йыл бавдисӕн кодтой сӕ митӕй, цъаммар ӕмӕ ӕгоммӕгӕс уӕвгӕйӕ, ӕмӕ сты ӕнӕхъару цыдӕриддӕр хорз хъуыддагӕн» (Титмӕ 1:16).

17 Чырысти амыдта, зӕгъгӕ, мӕнг дин базонӕн уыдзӕнис йӕ хъуыддӕгтӕй, йӕ дыргътӕй. Уый загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут мӕнг пехуымпартӕй, кӕцытӕ ӕрбацӕуынц сымахмӕ фысдзармы; мидӕгӕй та тугдзых бирӕгътӕ: Сӕ дыргътӕм гӕсгӕ базондзыстут уыдоны. [...] Алкӕцы хорз бӕлас ӕрхӕссы хорз дыргътӕ, ӕвзӕр бӕлас та ӕрхӕссы ӕвзӕр дыргътӕ: нӕу йӕ бон хорз бӕласӕн хӕссын ӕвзӕр дыргътӕ, ӕвзӕр бӕласӕн та хӕссын хорз дыргътӕ. Алы бӕлас, хорз дыргътӕ нӕ хӕссӕг акалынц ӕмӕ йӕ ӕппарынц арты. Уӕдӕ сӕ дыргътӕм гӕсгӕ базондзыстут уыдоны [мӕнг пехуымпарты]» (Матфейы 7:15—20).

18. Чырыстон дунейы ахуырӕдтӕ ӕмӕ митӕ цӕмӕ ӕркодтой?

18 Уӕдӕ, чырыстон дунейы динты ахуырӕдтӕ ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ афтӕ кӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, Библийыл ӕууӕндӕм, Хуыцауӕй тӕрсӕм ӕмӕ чырыстӕттӕ стӕм, уый мӕнг кӕй у. Уыдон гадзрахатӕй рацыдысты Хуыцауыл дӕр ӕмӕ Библийыл дӕр. Ахӕм митӕ кӕй кӕнынц, уымӕй сӕхи сӕнад кодтой бирӕ адӕмӕн, ӕмӕ уыдон тыххӕй Хуыцауыл нал ӕууӕндынц.

19. Кӕд чырыстон дуне хорзӕй ницы сарӕзта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау ӕмӕ Библийы бон дӕр ницы у?

19 Фӕлӕ чырыстон дунейы сауджынтӕ, аргъуантӕ ӕмӕ ӕндӕр динтӕ дӕр хорзӕй кӕй ницы сарӕзтой, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Библи ӕмӕ Хуыцауы бон дӕр ницы у. Библийы дзырдӕуы, Уӕллаг кӕй ис, адӕмыл кӕй ауды ӕмӕ сын сӕ хорз фидӕныл дӕр кӕй хъуыды кӕны. Уым ма фыст ис, рӕстӕй цӕрын кӕй фӕнды, зӕххыл рӕстдзинад ӕмӕ фарн уа, уымӕ чи бӕллы, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куыд схорзӕхджын кӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр. Афтӕ ма ӕвдисы, Хуыцау адӕмы фыдхъуыддӕгтӕм ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ адӕмы чи ӕфхӕры ӕмӕ йӕхи йӕ кувӕг чи хоны, фӕлӕ ахӕм чи нӕу, уыдоны зӕххӕй куыд фесафдзӕн, уый дӕр.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Дантейы «Зындон».

[Барлӕвӕрдӕй]

Doré’s illustration of Barrators—Giampolo for Dante’s Divine Comedy

[Ныв 17 фарсыл]

Чырыстон дунейы Ӕртӕиууон.

[Ныв 17 фарсыл]

Индусты ӕртӕиууон.

[Барлӕвӕрдӕй]

Courtesy of The British Museum

[Ныв 17 фарсыл]

Египетӕгты ӕртӕиууон.

[Барлӕвӕрдӕй]

Museo Egizio, Turin

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Йесо иу амыдта, сауджынтӕ та бынтон ӕндӕр цыдӕр арӕзтой — дыууӕрдыгӕй дӕр адӕмы хӕстмӕ амидин кодтой.

[Барлӕвӕрдӕй]

U.S. Army photo