Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 сӕр

Ӕнустӕм цӕр дзӕнӕты зӕххыл!

1, 2. Хуыцауы Паддзахад куы хицауиуӕг кӕна, уӕд зӕххыл цавӕр цард уыдзӕн?

Ӕнустӕм цӕр дзӕнӕты зӕххыл!

1 Хуыцау зӕххыл фыддзинад, тыхми ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон куы скӕна ӕмӕ йӕ уӕларвон Паддзахад рӕстӕй кӕм хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы ног дуне куы ӕрӕвӕра, уӕд цымӕ цавӕр цард уыдзӕн? Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, «байгом кӕндзынӕн мӕ къух ӕмӕ ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр сӕххӕст кӕндзынӕн сӕ фӕндтӕ» (Псалом 145:16, НД [144:16]).

2 Ды та цӕмӕ бӕллыс? Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай, хорз куыст дын уа, рӕсугъд ран цӕрай, цух мацӕмӕй уай, адӕмы ’хсӕн фарн уа, стӕй зӕххыл рӕстдзинад уа ӕмӕ низтӕ, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт мауал уой? Алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсай, уый дӕ нӕ фӕнды? Уыдӕттӕ иууылдӕр уыдзысты тагъд рӕстӕджы, Хуыцауы Паддзахад куы хицауиуӕг кӕна, уӕд. Ӕркӕс ма, ног дунейы нӕм цы диссаджы хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис.

Адӕмы ’хсӕн уыдзӕн фарн

3—6. Ног дунейы адӕмы ’хсӕн фарн кӕй уыдзӕн, ууыл фидарӕй цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?

3 «[Хуыцау], уромгӕйӕ хӕстытӕ зӕххы кӕронмӕ, ныппырх кодта ӕрдын ӕмӕ джебогъ асаста, [хӕстон] уӕрдӕттӕ басыгъта артӕй» (Псалом 45:10).

4 «Сӕ цирхътӕ гутонтӕм рацӕгъддзысты ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та — ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ цирхъ нал сисдзысты, ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:4).

5 «Сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11).

6 «Ӕгас зӕхх дӕр сулӕфыд, ӕрӕнцад. Адӕмӕн хъуысы сӕ цины хъӕлӕба» (Исай 14:7).

Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты ’хсӕн уыдзӕн фарн

7, 8. Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд цӕрдзысты?

7 «Бирӕгъ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ цӕрдзӕн уӕрыккимӕ, фыранк хуысдзӕн сӕныккимӕ; род, барцджын ӕрыгон домбай ӕмӕ хӕрзхаст цӕрӕгой уыдзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ гыццыл лӕппу ракӕ-бакӕ кӕндзӕн. Хъуг ӕмӕ арс сӕхӕдӕг хиздзысты, ӕмӕ сӕ лӕппынтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм хуысдзысты. Домбай та галау хӕрдзӕн хъӕмп. Ӕмӕ дзидзидай сывӕллон хъаздзӕн кобрӕйы хуыггомыл; ӕмӕ дзидзи кӕмӕн нал дарынц, ахӕм сывӕллон маргджын калмы ахстоны хуынкъыл йӕ къух сӕвӕрдзӕн. Уыдон... фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты» (Исай 11:6—9).

8 «Ӕз уыцы бон уыдоны тыххӕй скӕндзынӕн бадзырд быдираг сырдтимӕ, арвы тӕхӕг сфӕлдисондтимӕ ӕмӕ зӕххон хилджытимӕ... Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕнцад-ӕнцойӕ хуысдзысты» (Оси 2:18).

Ӕнӕниз ӕмӕ ӕнусон цард

9—14. Радзур, ног дунейы адӕмӕн цавӕр ӕнӕниздзинад уыдзӕн, уый тыххӕй.

9 «Уӕд куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматы хъустӕ бакӕндзысты. Уӕд къуылых гӕппытӕ кӕндзӕн сагау ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй зардзӕн» (Исай 35:5, 6).

10 «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).

11 «Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

12 «Уадз йӕ буар суӕд, ӕвзонгӕй йын куыд уыд, уымӕй хуыздӕр; ӕмӕ уадз йе ’рыгон бонтӕм ӕрыздӕхӕд» (Иов 33:25).

13 «Хуыцауы лӕвар... у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23, НФ).

14 «Алкӕцыйӕн, Ууыл ӕууӕндӕгӕн... [уыдзӕн] мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16).

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты

15—17. Цавӕр ныфс ис, чи амард уыдонӕн?

15 «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15).

16 «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ [Хуыцауӕй рох чи нӕу, уыдон] фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29).

17 «Денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон [ингӕн] дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты» (Раргомад 20:13).

Зӕххыл дзӕнӕты уыдзӕн бӕркад

18—22. Зӕхх ӕгасӕй дӕр цыхуызӕн суыдзӕн?

18 «Цӕудзысты арфӕгонд къӕвдатӕ. Быдырон бӕлӕстӕ сын дӕтдзысты дыргъ, зӕхх сын дӕтдзӕн тыллӕг ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕдасӕй» (Иезекил 34:26, 27).

19 «Зӕхх ратта йӕ дыргъ: уадз раарфӕ нын кӕнӕд Хуыцау, нӕ Хуыцау» (Псалом 66:7).

20 «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ хус бӕстӕ цин кӕндзысты, ӕмӕ кӕм ницы зайы, ахӕм быдыр райдзӕн ӕмӕ сафранау дидин калдзӕн» (Исай 35:1).

21 «Хӕхтӕ ӕмӕ къуылдымтӕ уӕ разы фырцинӕй хъӕр кӕндзысты, ӕмӕ быдираг бӕлӕстӕ ӕмдзӕгъд кӕндзысты. Сындзыты бӕсты сзайдзӕн ӕхсӕлы, пысырайы бӕсты та — мирт» (Исай 55:12, 13).

22 «Уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (Лукайы 23:43).

Алкӕмӕн дӕр уыдзӕн хорз хӕдзар

23, 24. Алкӕмӕн дӕр хорз хӕдзар кӕй уыдзӕн, уый фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн?

23 «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты... Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра. [...] Ме ’взӕрстытӕ сӕ къухты куыстӕй пайда кӕндзысты ӕххӕстӕй. Сӕ фӕллой дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ мастӕн нӕ ардзысты» (Исай 65:21—23).

24 «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4).

Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрын

25. Цавӕр диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

25 Ӕвӕдза, цы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Нӕ абоны зындзинӕдтӕн Хуыцауы ног дунейы сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн, уый зонгӕйӕ ныр цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй нӕ кӕсӕм?! «Раздӕр чи уыд, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзысты» (Исай 65:17). Уӕдӕ нӕ цӕй стыр ныфс уадзы, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм, уый дӕр: «[Хуыцау] мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн» (Исай 25:8).

26. Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрдзынӕ ӕви нӕ, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?

26 Тагъд цы ног дуне уыдзӕн, уым дӕ ӕнустӕм цӕрын нӕ фӕнды? «Цӕмӕй ацы дунейы кӕрон Хуыцауы хорзӕх райсон ӕмӕ йӕ ног дунейы цӕрон, уый тыххӕй мын цы кӕнгӕ у?» — зӕгъдзынӕ ды. Уый тыххӕй дӕ хъӕуы, Йесо Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цы загъта, уый кӕнын: «Ӕнусон цард та уый мидӕг ис, цӕмӕй зонгӕ кӕной демӕ, иунӕг ӕцӕг Хуыцауимӕ, ӕмӕ де ’рвыст Йесо Чырыстиимӕ» (Иоанны 17:3, НД).

27. Хуыцауы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый цӕмӕй дӕхи цӕстӕй фенай, уый тыххӕй дӕ цы кӕнын хъӕуы?

27 Уый тыххӕй дӕхицӕн Библи самал кӕн, ӕмӕ ацы брошюрӕйы цы бакастӕ, уый Библиимӕ абар. Библийӕ ацы ӕцӕгад чи ахуыр кӕны ӕмӕ йӕ адӕмӕн чи амоны, уыдоны ссар. Библийы фыст цы нӕй, уыдӕттӕ чи амоны ӕмӕ чи аразы, уыцы дыдзӕсгом динтӕ та ныууадз. Базон, цы кӕнын дӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ныридӕгӕн чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕмимӕ Хуыцауы ног дунейы дзӕнӕты зӕххыл ӕнустӕм цӕрай. Ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ айс, Хуыцауы Ныхасы ӕввахс фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Хуыцауы фӕнд тагъд сӕххӕст уыдзӕн — зӕхх фӕстӕмӕ суыдзӕн дзӕнӕт.