Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон

Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон

Бирӕтӕн ӕнцой нӕ дӕтты иу фарст: зӕххыл уыйбӕрц маст ӕмӕ хъизӕмар цӕмӕн ис? Ӕвӕццӕгӕн ыл ды дӕр хъуыды кодтай. Ӕмӕ куыннӕ. Адӕм зӕххыл кӕдӕй сты, уӕдӕй нырмӕ сӕ сулӕфын нӕ уадзынц хӕстытӕ, мӕгуырдзинад, бӕллӕхтӕ, фыдракӕндтӕ, фыдӕх, хӕрам, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Ивгъуыд ӕнусы цытӕ бавзӕрстой, уый та бынтон диссаг у. Цымӕ мыггагмӕ афтӕ уыдзӕн? Хъизӕмӕрттӕн искуы кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Бӕгуыдӕр ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ тынг тагъд! Хуыцауы Ныхас Библи нын зӕгъы: «Нал уыдзӕн ӕнӕраст... Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй». Цас ахӕсдзӕн ахӕм цард? «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:10, 11, 29).

Хуыцау фыдӕх ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон куы скӕна, уӕд зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Ӕмӕ йыл адӕм ӕнӕниз ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты ӕнустӕм. Хуыцауы Ныхасы афтӕ фыст ис: «Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4, НТ).

Ног дунейы уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, чи райгас уа, уыдон дӕр. «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты»,– кӕсӕм Библийы (Куыстытӕ 24:15). Йесо Чырысти, йӕ митыл чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йыл чи баууӕндыд, уыцы фыдгӕнӕгӕн афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (Лукайы 23:43).

Адӕмы хъизӕмӕрттӕ куыд райдыдтой?

Кӕд Хуыцау адӕмӕн ахӕм хорз цард ӕрцӕттӕ кодта, уӕд, хъизӕмар кӕной, уый уӕвгӕ цӕмӕн бауагъта? Стӕй сын уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн кӕсы сӕ хъизӕмӕрттӕм?

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сфӕлдыста алцӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕй. Ӕрцӕрын сӕ кодта дзӕнӕты цӕхӕрадоны ӕмӕ сын сӕ бӕрны бакодта диссаджы куыст. Библи зӕгъы: «Хуыцау цы сарӕзта, ууыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ мӕнӕ, ӕппӕт дӕр уыд иттӕг хорз» (Уӕвынад 1:31). Хуыцаумӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сӕ цот дӕр уыдаиккой алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр суыдаид дзӕнӕт. Уым адӕм ӕнустӕм цардаиккой фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй.

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн ракодта стыр лӕвар – радта сын сӕрибар хъуыды. Уыдон, сӕхигъӕдӕй сӕ бон аразын кӕмӕн ницы у, ахӕм машинӕты хуызӕн нӕ уыдысты. Фӕлӕ се ’нусон фарн ӕмӕ амонд уымӕй аразгӕ уыди, ӕмӕ, сӕрибар уӕвгӕйӕ, раст цы уыд, уый кодтаиккой, ома Хуыцаумӕ хъуыстаиккой ӕви нӕ. Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Исай 48:17). Раст куы нӕ бакодтаиккой, уӕд та сын ӕнӕсӕфгӕ нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ адӕймаг афтӕ конд нӕу, цӕмӕй ӕнӕ Хуыцауӕй амондджын уа. «Лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ... нӕу. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты»,– зӕгъы Библи (Иереми 10:23).

Хъыгагӕн, фыццаг лӕг ӕмӕ ус сӕхицӕн загътой, зӕгъгӕ, мах Хуыцауы сӕр ницӕмӕн хъӕуы, ӕнӕ уымӕй дӕр нӕ бон у хорз цӕрын. Фӕлӕ сӕхи Хуыцауӕй куы фӕиппӕрд кодтой, уӕд сын ӕххуыс нал кодта ӕмӕ ӕххӕст уыдаиккой, уымӕн дӕр гӕнӕн нал уыди. Сӕ тых сӕттын байдыдта, базӕронд сты ӕмӕ амардысты. Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕ туджы рахастам ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:12).

Дзырддаг хъуыддаг дун-дунейы хицау чи хъуамӕ уа?

О, фӕлӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы цӕуылнӕ фесӕфта ӕмӕ сӕ бӕсты ног адӕм цӕуылнӕ сфӕлдыста? Уымӕн ӕмӕ дзырддаг сси, дун-дунейы хицау Хуыцау хъуамӕ уа ӕви нӕ. Фарст афтӕ сӕвӕрдӕуыд, зӕгъгӕ, хицау уа, уый бар кӕмӕн ис, стӕй раст чи уынаффӕ кӕны. Дзырд ма ноджыдӕр ууыл цыд, ӕмӕ адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй хуыздӕр цӕрдзысты ӕви нӕ. Уӕдӕ Хуыцау адӕмы сӕхи бар куы бауагътаид, уӕд уымӕй мыггагмӕ рабӕрӕг уыдаид, цы сын у хуыздӕр: йӕ зондмӕ хъусын ӕви сӕхи зондӕй цӕрын. Ӕмӕ сын цы рӕстӕг радта, уый уыд фагӕй дӕр фылдӕр. Адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй цынӕхуызон хицауӕдтӕ, цынӕхуызон цардӕвӕрд бафӕлвӕрдтой ӕмӕ цынӕ дин ӕрымысыдысты, ахӕм нал баззад.

Ӕмӕ цы уынӕм? Фӕстӕмӕ куы акӕсӕм, уӕд адӕмы цард бонӕй-бонмӕ фыддӕр цы кӕны, ӕндӕр хуыздӕр нӕ фӕци. Ивгъуыд ӕнусы та бынтон додойаг фӕци сӕ сӕр. Дыккаг дунеон хӕсты милуанты ӕнаххосӕй фӕцагътой. Хӕстытӕ иууыл иумӕ куы райсӕм, уӕд сӕ азарӕй басыгъд 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Кӕмдӕр цыдӕр ӕрцыд, кӕйдӕр амардтой, кӕмӕдӕр бабырстой,– лӕг ӕндӕр ницы фехъусдзӕн. Адӕм наркотиктыл, хӕлд хъуыддӕгтыл бафтыдысты, ӕмӕ алы ӕвзӕр низты амӕттаг кӕнынц. Алы аз дӕр дӕсгай милуантӕ амӕлы ӕххормагӕй ӕмӕ низтӕй. Бинонты цард хӕлы. Ӕгъдау, ӕфсарм сӕфы. Ӕмӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхтӕн кӕрон скӕнӕн куыд ис, уый иу хицауад дӕр нӕ зоны. Иу хицауады бон дӕр ницы бакӕнын у, адӕймаг кӕй зӕронд кӕны, низтӕ йыл кӕй тых кӕнынц ӕмӕ кӕй мӕлы, уымӕн.

Адӕмӕн сӕ уавӕр у, нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библи куыд загъта, раст афтӕ. Уым фыст ис, ныртӕккӕ мах кӕй цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» – «уӕззау рӕстӕджыты». Стӕй «фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ... кӕнынц ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр» (2 Тимофеймӕ 3:1–5, 13, НТ).

Хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон

Ӕппӕт дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй цы фыдбоны цард фӕкодтой, уымӕн тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Адӕмӕн сӕ бон нӕу сӕхицӕн рӕстмӕ уынаффӕ кӕнын. Ӕрмӕстдӕр сын Хуыцау ратдзӕн фарн, амонд, ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнусон цард. Уӕдӕ, зӕххыл фыд ӕмӕ хӕрамӕй цы ис, цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уымӕ Иегъовӕ афтӕ нал кӕсдзӕн. Тагъд ӕркӕсдзӕн адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕмӕ ацы ницӕйаг дуне фесафдзӕн.

Библи афтӕ зӕгъы: «Уыцы паддзӕхты [ныртӕккӕйы хицауӕдты] дуджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ...уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн паддзахӕдты [абоны хицауӕдты] иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ» (Данелы 2:44). Иегъовӕ йӕ уӕларвон Паддзахады руаджы сбӕлвырд кӕндзӕн, уый кӕй у дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау – ахӕм у Библийы сӕйраг хъуыды. «Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый сӕйраджыдӕр цӕмӕй уыдзӕн базонӕн, уый тыххӕй Йесо загъта: «Ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон» (Матфейы 24:14, НТ).

Кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд чи фервӕздзӕн? Ацы фарстӕн нын дзуапп дӕтты Библи: «Рӕстгӕнджытӕ цӕрдзысты зӕххыл, ӕмӕ йыл ӕнаипп адӕм баззайдзысты. Фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн зӕххыл» (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Рӕстгӕнджытӕ сты, Иегъовӕйӕн йӕ фӕндон цы у, уый чи базыдта ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон. Йесо Чырысти загъта: «Уый... у мыггагмӕйы цард, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). О, «дуне дӕр фӕивгъуыйы... фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

Дзуттаг Фыстытӕй стихтӕ ивд ӕрцыдысты англисаг ӕвзагыл уагъд «Ног дунейы тӕлмац»-ӕй. Данелы чиныгӕй стихтӕ ист сты Байаты Гаппойы тӕлмацӕй, 1928 аз; Грекъаг Фыстытӕ ӕмӕ Псалтирӕй стихтӕ – «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ӕй, 1994 аз. Иннӕ тӕлмацтӕ: НТ – «Ног Фӕдзӕхст»-ы ног тӕлмац, 2004 аз.