Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бинонты цард

Бинонты цард

Бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта?

Чырыстон йӕхицӕн цардӕмбалӕн кӕй хъуамӕ равзара?

Ӕцӕг чырыстон разы цӕуылнӕ уыдзӕн, цӕмӕй йӕ донаргъуыд лӕппу кӕнӕ чызг, донаргъуыд чи нӕу ӕмӕ Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймагимӕ йӕ цард баиу кӕна?

1Кр 7:39; 2Кр 6:14, 15

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 24:1–4, 7. Ацӕргӕ Авраамы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фырт Исахъ ракуырдтаид, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы ханаайнӕгты чызджытӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ахӕм чызджы.

    • Рд 28:1–4. Исахъ йӕ фырт Иаковӕн загъта, цӕмӕй ханаайнӕгтӕй йӕхицӕн ус ма ракуырдтаид, фӕлӕ, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, ахӕм чызджы равзӕрстаид.

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй исчи йӕ цард, чи йын нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймагимӕ куы баиу кӕны, уымӕ?

Д.з 7:3, 4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 11:1–6, 9–11. Йегъовӕ паддзах Соломонмӕ тынг смӕсты, уымӕн ӕмӕ йын йӕ закъоны сӕрты ахызт, ӕмӕ йӕхицӕн ӕндӕрбӕстаг устытӕ ӕркодта ӕмӕ стӕй сӕ зондыл ацыд, ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдта.

    • Не 13:23–27. Нееми дӕр Йегъовӕйау тынг смӕсты, израилӕгтӕ сӕхицӕн ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ кӕй ӕрхастой, уый тыххӕй; бауайдзӕф сын кодта ӕмӕ сын зонд бацамыдта.

Раст цӕмӕн у цардӕмбалӕн равзарын, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ хорз ном кӕмӕн ис, ахӕм чырыстоны?

Ӕм 18:22; 31:10, 28

Кӕс ма Еф 5:28–31, 33

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 25:2, 3, 14–17. Авигейӕйы лӕг Навал уыд хъӕздыг, фӕлӕ уыд тызмӕг, ӕгъатыр ӕмӕ ӕвзӕр сӕрыхицау.

    • Ӕм 21:9. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ куы нӕ уӕм, уӕд амондджын нӕ уыдзыстӕм.

    • Ро 7:2. Апостол Павел бамбарын кодта, сылгоймаг куы смой кӕна, уӕд йе ’нӕххӕст сӕрыхицауы коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса; уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ сылгоймаг цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕг уыдзӕн.

Бинонты цардмӕ дӕхи бацӕттӕ кӕн

Бинонтӕ скӕныны размӕ нӕлгоймаг цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕна, йӕ бинойнаджы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дарын йӕ бон уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл?

1Тм 5:8

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Ӕм 24:27. Бинонтӕ скӕныны ӕмӕ цот рауадзыны размӕ, нӕлгоймаг хъуамӕ куса, цӕмӕй сӕ йӕ бон дарын уа.

Ӕмбӕлын чи райдайы, уыдонӕн ӕддаг бакаст сӕйрагдӕр цӕуылнӕ хъуамӕ уа? Кӕрӕдзийы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕтты уынаффӕ агурыныл цӕмӕн хъуамӕ архайой?

Ӕм 13:10; 1Пт 3:3–6

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рф 2:4–7, 10–12. Вооз базыдта, Руф цавӕр адӕймаг у, уый; уыдта, куыстуарзаг кӕй у, йе ’фсинӕн хорз кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйы тынг кӕй уарзы; хъуыста, ӕууӕнк кӕуыл уыд, уыцы адӕм дзы цы дзурынц, уымӕ.

    • Рф 2:8, 9, 20. Руф уыдта, Вооз хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй уарзы.

Йегъовӕ цӕмӕн домы, цӕмӕй лӕппу ӕмӕ чызг сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизой, ӕмбӕлгӕ куы кӕной, уӕд дӕр ӕмӕ, куы бафидауой, уый фӕстӕ дӕр?

Га 5:19; Кл 3:5; 1Фс 4:4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ӕм 5:18, 19. Кӕрӕдзийыл узӕлын ӕмбӕлы, закъонмӕ гӕсгӕ сӕ цард чи баиу кодта, ахӕм лӕг ӕмӕ усӕн.

    • Сл.з 1:2; 2:6. Фыййау ӕмӕ суламитаг чызг куы ӕмбӕлдысты, уӕд сӕхи хызтой чъизи хъуыдытӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй.

    • Сл.з 4:12; 8:8–10. Суламитаг чызг йӕхи хызта ӕнӕгъдаудзинадӕй ӕмӕ уыд хиуылхӕцгӕ; уыди ӕхгӕд дыргъдоны хуызӕн.

Лӕг ӕмӕ ус закъонмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕрфыссой?

Лӕджы хӕстӕ

Лӕгыл йӕ бинонты раз цавӕр хӕстӕ ис?

Сӕрыхицау кӕй хъуамӕ фӕзма?

Лӕг йӕ усы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбары, уый цӕмӕн хъуамӕ ӕвдиса?

Кл 3:19; 1Пт 3:7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 21:8–12. Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ ус Саррӕмӕ байхъуыстаид, кӕд Саррӕйы ныхӕстӕ Авраамы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, уӕддӕр.

    • Ӕм 31:10, 11, 16, 28. Хорз ус кӕмӕн ис, ахӕм ӕмбаргӕ лӕг йӕ бинойнагӕн йӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр нӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йӕм фаутӕ нӕ хӕсдзӕн, фӕлӕ йыл ӕууӕнддзӕн ӕмӕ дзы ӕппӕлдзӕн.

    • Еф 5:33. Апостол Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ус кӕй хъуамӕ зона, йӕ лӕг ӕй кӕй уарзы.

Усы хӕстӕ

Йегъовӕ сылгоймагӕн цавӕр ахсджиаг хӕстӕ бахӕс кодта?

Ус йӕ сӕрыхицауы ӕххуысгӕнӕг кӕй у, уый йын йӕ кад дӕлӕмӕ кӕны?

Рд 1:26–28, 31; 2:18

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ӕм 1:8; 1Кр 7:4. Хуыцау устытӕн ӕмӕ мадӕлтӕн радта цавӕрдӕр бартӕ.

    • 1Кр 11:3. Апостол Павел бамбарын кодта, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы йеддӕмӕ алкӕмӕн дӕр хицау кӕй ис.

    • Дзт 13:7, 17. Ӕмбырды нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ хъусой, разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕм.

Йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, ахӕм усӕн йӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

Чырыстон сылгоймаг йӕ сӕрыхицауӕн цӕмӕн хъуамӕ кад кӕна?

Еф 5:33

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Рд 18:12; 1Пт 3:5, 6. Саррӕ йӕ лӕг Авраамы нымадта ӕмӕ йӕ йӕхинымӕр дӕр йӕ сӕрыхицау хуыдта.

Библи кады аккаг цавӕр сылгоймӕгты хоны?

Ӕм 19:14; 31:10, 13–31

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 24:62–67. Исахъӕн йӕ мад куы амард, уӕд ын йӕ ус Ревеккӕ баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр уыдаид.

    • 1См 25:14–24, 32–38. Авигейӕ йе ’нӕзонд лӕджы ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдоны фервӕзын кодта, Давидӕн сӕрныллӕгӕй кӕй балӕгъстӕ кодта, уый фӕрцы.

    • Есф 4:6–17; 5:1–8; 7:1–6; 8:3–6. Ус-паддзах Есфир йӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрста, дыууӕ хатты йӕ лӕгмӕ, паддзахмӕ, ӕнӕхонгӕйӕ куы бацыд ӕмӕ йын Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй куы дзырдта, уӕд.

Зындзинӕдты сӕрты хизын

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы не ’мбарой, уӕд сын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

Лӕг ӕмӕ усӕн цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсой?

Лӕг ӕмӕ усӕн цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты сӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттимӕ баст фарстаты?

Лӕг ӕмӕ усӕн цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уыимӕ баст фарстаты?

Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус сӕ кӕрӕдзийы хъӕндзинӕдтыл ма хъуыды кӕной, фӕлӕ кӕрӕдзийы хорз миниуджытыл?

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд хуыздӕр цӕмӕн уыдзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ма мӕсты кӕной, фӕлӕ ӕвӕстиатӕй сабырӕй аныхас кӕной?

Чырыстӕттӕн цӕуылнӕ ӕмбӕлы мӕстӕй рафыцын, хъӕр-хъӕлӕба кӕнын, ӕфхӕрӕн ныхас кӕнын ӕмӕ искӕмӕ къух исын?

Лӕг ӕмӕ ус истӕй тыххӕй кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд дыууӕйӕ дӕр цӕуыл хъуамӕ архайой?

Лӕг ӕмӕ ус цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын сын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд?

Уагӕвӕрдтӕ бинонтӕн

Ӕмуат ӕрцӕуыны ӕмӕ бинонты царды тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Чырыстонӕн уый бар ис, цӕмӕй йын уыцы иу рӕстӕг иу цардӕмбалӕй фылдӕр уа?

Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕрмӕстдӕр нӕлгоймагӕн ӕмӕ сылгоймагӕн кӕй ис бинонтӕ скӕныны бар?

Лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕмӕн хъуамӕ цӕрой?

Фыстадмӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн хицӕн кӕнӕн ӕрмӕстдӕр цӕй тыххӕй ис?

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнынӕн бындур куы нӕ вӕййы, афтӕмӕй куы ахицӕн вӕййынц, уымӕ?

Чырыстонӕн йӕ цардӕмбал куы амӕла, уӕд ма йын бинонтӕ скӕныны бар уыдзӕн?