Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дунеимӕ лымӕн кӕнын

Дунеимӕ лымӕн кӕнын

Ацы дунейы хицау чи у?

Еф 2:2; 1Ин 5:19

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Лк 4:5–8. Хӕйрӕг Йесойӕн загъта, дунейы паддзахӕдтӕ йын кӕй ратдзӕн; Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ацы дунейыл йӕ бар нӕ цӕуы.

Ацы дунеимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд уый куыд фӕзындзӕн, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл?

Иак 4:4; 1Ин 2:15, 16

Кӕс ма Иак 1:27

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • 2Аз 18:1–3; 19:1, 2. Йегъовӕ хорз паддзах Иосафатӕн бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ фыдзӕрдӕ паддзах Ахавимӕ балымӕн.

Йегъовӕ ацы дунемӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый куы ’мбарӕм, уӕд уый куыд фӕзындзӕн, цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм, ууыл?

Кӕс темӕ «Ӕмбӕлттӕ»

Ацы дуне мулк ӕмӕ ’хцамӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах сӕм ахӕм цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсӕм?

Ацы дуне ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, мах сӕм ахӕм цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсӕм?

Чырыстӕттӕ адӕмӕн кӕнӕ цавӕрдӕр организацитӕн цӕуылнӕ табу кӕнынц?

Мф 4:10; Ро 1:25; 1Кр 10:14

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 12:21–23. Йегъовӕ паддзах Ирод Агриппӕйы амардта, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм куы кадджын кодтой, уӕд сӕ нӕ баурӕдта.

    • Рар 22:8, 9. Хъомысджын зӕд апостол Иоанны йӕхицӕн бакувын нӕ бауагъта ӕмӕ йын загъта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъӕуы кувын.

Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй сӕхи цӕмӕн хизынц?

Кӕс темӕ «Хицауӕдтӕ», дӕлсӕргонд «Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц»

Ӕцӕг чырыстӕттӕн ӕндӕр динтимӕ иумӕйагӕй цӕуылнӕ исты ис?

Чырыстӕттӕ гыццыл хъуыддӕгты дӕр Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты цӕуылнӕ хизынц?

Ацы дуне Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕмӕн фӕзилынц?

Ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ куы уарзӕм, уӕд уый зондыл дзурӕг цӕуылнӕ уыдзӕн?

Чырыстӕттӕ куыд ӕвдисынц, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонмӕ хорз зӕрдӕ кӕй дарынц ӕмӕ сӕ кӕй уарзынц, уый?

Чырыстӕттӕ хицӕутты коммӕ цӕмӕн кӕсынц?

Мф 22:21; Ро 13:1–7

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Хъд 25:8; 26:2, 25. Апостол Павел хицауады закъӕттӕ ӕххӕст кодта ӕмӕ хицӕутты нымадта.