Иннӕтимӕ фидауын
Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу ма смӕсты уӕм кӕнӕ-иу дзы нӕ маст ма исӕм?
Ӕм 20:22; 24:29; Ро 12:17, 18; Иак 1:19, 20; 1Пт 3:8, 9
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1См 25:9–13, 23–35. Навал Давиды адӕмӕн алывыдтӕ кӕй акалдта ӕмӕ сын кӕй нӕ баххуыс кодта, уый тыххӕй Давид рамӕсты ӕмӕ хъавыд Навалы дӕр ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны дӕр амарынмӕ; Давид Авигейӕйы ныхасмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕ масты фӕдыл нӕ ацыд.
-
Ӕм 24:17–20. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, цӕмӕй-иу цин кӕнӕм, не ’знаг куы ахауа, уӕд, уымӕн ӕмӕ мах зонӕм, Йегъовӕ фыдгӕнджытӕн тӕрхон кӕй кӕндзӕн.
-
Чырыстон искӕимӕ куы фӕбыцӕу уа, уӕд хъуамӕ йемӕ мауал дзура кӕнӕ йемӕ мауал лымӕн кӕна?
Лв 19:17, 18; 1Кр 13:4, 5; Еф 4:26
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
Мф 5:23, 24. Йесо бамбарын кодта, кӕд нӕм не ’фсымӕр цӕуылдӕр хӕрам у, уӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй хъуамӕ саразӕм, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм.
-
Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?
Нӕ ныхмӕ тӕригъӕд бирӕ хӕттыты чи ракӕна, уыдонӕн дӕр-иу цӕмӕн хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм, зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕной, уӕд?
Не ’мчырыстӕттӕй исчи нӕ ныхмӕ уӕззау тӕригъӕд куы сараза (зӕгъӕм, мӕнг ныхӕстӕ нӕ куы фӕкӕна кӕнӕ нӕ куы фӕсайа), ӕмӕ нӕ бон куы нӕ уа, цӕмӕй йӕ мацӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд йемӕ чи хъуамӕ аныхас кӕна ӕмӕ цӕмӕн?
Мӕнг ныхӕстӕ нӕ чи фӕкодта кӕнӕ нӕ чи фӕсайдта, уыимӕ хибарӕй куы аныхас кӕнӕм, фӕлӕ йӕ рӕдыдыл куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?