Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти

Йесо Чырысти

Йесойӕн Йегъовӕйы фӕндты цавӕр бынат ис?

Хъд 4:12; 10:43; 2Кр 1:20; Фп 2:9, 10

Кӕс ма Ӕм 8:22, 23, 30, 31; Ин 1:10; Рар 3:14

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 16:13–17. Апостол Петр Йесойы хуыдта Чырысти ӕмӕ Хуыцауы Фырт.

    • Мф 17:1–9. Йесо йе ’ртӕ апостолы раз йӕ хуыз аивта; Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта ӕмӕ загъта, Йесо йӕ Фырт кӕй у.

Йесо иннӕ адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

Ин 8:58; 14:9, 10; Кл 1:15–17; 1Пт 2:22

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 21:1–9. Йесо Иерусалиммӕ хӕрӕгыл кӕй бацыд, уымӕй сӕххӕст пехуымпарад Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзахы тыххӕй.

    • Дзт 7:26–28. Апостол Павел бамбарын кодта, Хистӕр сауджын Йесо иннӕ хистӕр сауджынтӕй цӕмӕй хицӕн кодта, уый.

Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй нӕ бон цы у базонын йӕхи тыххӕй ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй?

Ин 3:1, 2; 5:36

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 4:23, 24. Йесо равдыста, хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр кӕй у ӕмӕ йӕ бон кӕй у цыфӕнды низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын.

    • Мф 14:15–21. Йесо диссаг сарӕзта: фондз дзулӕй ӕмӕ дыууӕ кӕсагӕй цалдӕр мин адӕймаджы бафсӕста.

    • Мф 17:24–27. Йесо цы диссаг сарӕзта, уый фӕрцы Петр хъалон бафыста ӕмӕ сыл иннӕты зӕрдӕ нӕ фӕхудт.

    • Мч 1:40, 41. Йесо хъотырӕй рынчын адӕймагӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Уымӕй бӕрӕг у, рынчынты сдзӕбӕх кӕнын ӕй кӕй фӕнды.

    • Мч 4:36–41. Йесо тыхдымгӕ кӕй ныссабыр кодта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йын ахӕм хъару кӕй радта, цӕмӕй ӕрдзон тыхтыл дӕр йӕ бар цӕуа.

    • Ин 11:11–15, 31–45. Йесо куыдта, йе ’мбал Лазӕр кӕй амард, ууыл; кӕй йӕ райгас кодта, уымӕй равдыста, мӕлӕтӕй ӕмӕ, мӕлӕт адӕмӕн цы рыст бавзарын кӕны, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны.

Йесо цавӕр ахсджиаг хабар хъусын кодта?

Йесойы диссаджы миниуджытӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты? Йесо равдыста, кӕй уыд...

коммӕгӕс (Лк 2:40, 51, 52; Дзт 5:8)

сӕрныллӕг (Мф 11:29; 20:28; Ин 13:1–5; Фп 2:7, 8)

стыр зонды хицау (Мф 12:42; 13:54; Кл 2:3)

тӕригъӕдгӕнаг; фӕлмӕнзӕрдӕ (Мч 5:25–34; Лк 7:11–15)

уарзӕгой (Ин 13:1; 14:31; 15:13; 1Ин 3:16)

хӕларзӕрдӕ (Мф 13:2; Мч 10:13–16; Лк 7:36–50)

хъӕбатыр (Мф 4:2–11; Ин 2:13–17; 18:1–6)

Йесо йӕ цард цӕмӕн радта ӕмӕ нын уый цы пайда у?

Йесо уӕлӕрвты Паддзах кӕй у, уый нын цины хос цӕмӕн у?

Пс 72:12–14; Дан 2:44; 7:13, 14; Рар 12:9, 10

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 45:2–7, 16, 17. Ацы псаломӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах йе знӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ рӕстаг ӕмӕ сӕрныллӕг Хицау кӕй уыдзӕн.

    • Ис 11:1–10. Паддзах Йесо зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт.

Тагъд рӕстӕджы Йесо цы сараздзӕн?