Мадӕлтӕ
Мадыл цавӕр хӕстӕ ис?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 21:8–12. Саррӕ куы федта, Измаил ын йӕ гыццыл лӕппу Исахъӕй кӕй хынджылӕг кӕны, уӕд Авраамӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, цӕмӕй Исахъы бахъахъхъӕдтаид.
-
1Пд 1:11–21. Адони сусӕгӕй паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд Вирсави паддзах Давидӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй паддзахӕй Соломоны сӕвӕрдтаид ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕдтаид.
-
Сывӕллӕттӕ сӕ мадмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусой ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ нымайой?
Рц 20:12; Д.з 5:16; 27:16; Ӕм 1:8; 6:20–22; 23:22
Кӕс ма 1Тм 5:9, 10
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1Пт 3:5, 6. Апостол Петр бамбарын кодта, Саррӕ йӕ фидар уырнындзинады фӕрцы бирӕ чырыстон хотӕн мады хуызӕн кӕй свӕййы.
-
Ӕм 31:1, 15, 21, 28. Паддзах Лемуилӕн йӕ мад хорз уынаффӕтӕ радта бинонты царды тыххӕй ӕмӕ, бинойнаг ӕмӕ мадыл цы хӕстӕ ис, уый тыххӕй.
-
2Тм 1:5; 3:15. Апостол Павел Тимофейы мад Евникӕйӕ раппӕлыд, йӕ лӕппуйӕн йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сыгъдӕг Фыстытӕ кӕй амыдта, уый тыххӕй, кӕд йӕ лӕг ӕнӕуырнӕг уыд, уӕддӕр.
-