Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныййарджытӕ

Ныййарджытӕ

Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

Ныййарджытӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?

Пс 127:3–5; 128:3

Кӕс ма темӕ «Сывӕллӕттӕ; ӕрыгӕттӕ»

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 33:4, 5. Иаков йӕ сывӕллӕтты нымадта Йегъовӕйы лӕварыл.

    • Рц 1:15, 16, 22; 2:1–4; 6:20. Амрам ӕмӕ Иохаведӕ уыдысты Моисейы ныййарджытӕ, ӕмӕ йӕ куы ӕмбӕхстой, уӕд сӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрстой.

Ныййарджытыл сӕ сывӕллӕтты раз цавӕр хӕстӕ ис?

Д.з 6:6, 7; 11:18, 19; Ӕм 22:6; 2Кр 12:14; 1Тм 5:8

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 1:1–4. Елхъан йӕ бинонты Силоммӕ бӕрӕгбонмӕ ӕркодта, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ дӕр Йегъовӕйӕн бакуывтаиккой.

    • Лк 2:39, 41. Иосиф ӕмӕ-иу Марийӕ Назаретӕй Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ куы цыдысты, уӕд-иу сӕ сывӕллӕтты дӕр семӕ акодтой.

Сывӕллӕтты Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ахуыр кӕнын хорз цӕмӕн у?

Ӕм 1:8, 9; 22:6

Кӕс ма 2Тм 3:14, 15

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 2:18–21, 26; 3:19. Самуилы йӕ ныййарджытӕ радтой Йегъовӕйы кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕ ӕдзухдӕр бӕрӕг кодтой ӕмӕ йӕм фӕкӕсын цӕмӕй хъуыди, уымӕй-иу ӕм фӕкастысты; куы сыстыр, уӕд Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта.

    • Лк 2:51, 52. Йесо йӕ ныййарджыты коммӕ каст, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр.

Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл ныййарджытӕн сӕ бон кӕм у разамынд ссарын?

Д.з 6:4–9; Еф 6:4; 2Тм 3:14–17

Кӕс ма Пс 127:1; Ӕм 16:3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Трх 13:2–8. Зӕд Манойӕн куы загъта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн, уӕд Маной Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын бацамыдтаид, куыд ӕй хъомыл кӕна, уый.

    • Пс 78:3–8. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн амоной, Библийӕ цы зонынц, уый.

Сывӕллонӕн йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕной, уӕддӕр уый гӕнӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ма бафӕнда?

Йез 18:1–13, 20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 6:1–5; Иуд 6. Кӕд зӕдтӕ Йегъовӕимӕ уӕлӕрвты бирӕ азты дӕргъы уыдысты, уӕддӕр дзы иуӕй-иутӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты.

    • 1См 8:1–3. Кӕд Самуил Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпар уыди, уӕддӕр йӕ фырттӕ гӕртӕмттӕ истой ӕмӕ раст тӕрхон нӕ кодтой.

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы закъӕттӕ амонын кӕд хъуамӕ райдайой?

2Тм 3:15

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Д.з 29:10–12, 29; 31:12; Езд 10:1. Израилӕгтӕ-иу куы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы закъӕттӕ ахуыр кодтаиккой, уӕд-иу сӕ сывӕллӕттӕ дӕр семӕ уыдысты.

    • Лк 2:41–52. Иосиф ӕмӕ Марийӕ алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ ӕмӕ-иу сӕ сывӕллӕтты дӕр, уыимӕ Йесойы дӕр, семӕ акодтой.

Ныййарджытӕн цавӕр цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕной, чи сын разиан кӕндзӕн, ахӕм адӕмӕй?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рц 19:4; Д.з 32:11, 12. Йегъовӕ йӕхи абарста, йӕ лӕппынты йӕ базыртыл чи хӕссы, чи сӕ хъахъхъӕны ӕмӕ сыл чи тыхсы, ахӕм цӕргӕсимӕ.

    • Ис 49:15. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, мад йӕ гыццыл сывӕллоныл куыд фӕтыхсы ӕмӕ йӕ куыд фӕхъахъхъӕны, уымӕй тынгдӕр кӕй тыхсдзӕн йӕ лӕггадгӕнджытыл.

    • Мф 2:1–16. Хӕйрӕг архайдта гыццыл Йесойы амарыныл, стъалыдӕсныты паддзах Иродмӕ куы арвыста, уӕд, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты бахъахъхъӕдта – Иосифӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинонты Египетмӕ акодтаид.

    • Мф 23:37. Йесойы Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕнын куыд тынг фӕндыд, уый абарста, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын куыд ӕрбамбырд кӕны ӕмӕ сӕ куыд фӕхъахъхъӕны, уыимӕ.

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ цӕмӕн хъуамӕ ныхас кӕной, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лв 15:2, 3, 16, 18, 19; Д.з 31:10–13. Моисейы закъоны ӕргом фыст ис, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй; Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй-иу Закъон куы кастысты, уӕд-иу ӕм сывӕллӕттӕ дӕр хъуыстаиккой.

    • Пс 139:13–16. Давид Йегъовӕйӕн арфӕ кодта, адӕймагӕн йӕ буар куыд диссаджы конд у ӕмӕ йӕ бон цот уадзын кӕй у, уый тыххӕй.

    • Ӕм 2:10–15. Йегъовӕ нын цы зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдон нӕ ӕвзӕр ӕмӕ мӕнгард адӕмӕй хъахъхъӕндзысты.

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ амоной?

Ӕм 13:24; 29:17; Йер 30:11; Еф 6:4

Кӕс ма Пс 25:8; 145:9; Кл 3:21

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 32:1–5. Йегъовӕ Давиды йӕ тӕригъӕды тыххӕй бафхӕрдта, фӕлӕ Давид куы базыдта, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдиагӕй чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны, уӕд ын уый удӕнцой ӕрхаста.

    • Ион 4:1–11. Ионӕ смӕсты ӕмӕ Йегъовӕимӕ тызмӕгӕй ныхас кодта; Йегъовӕ Ионӕимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй ныхас кодта; уый фӕрцы Ионӕ базыдта, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый.

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд кӕй фӕамонынц ӕмӕ сӕ кӕй бафхӕрынц, уый сӕ уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?