Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас

Разныхас

Ацы чиныгӕн йӕ нысан у, цӕмӕй-иу Библийы ӕнцонтӕй ссарай, зын уавӕрты дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы стихтӕ. Цы стихтӕ дзы ис, уыдоны фӕрцы ма-иу дӕ бон уыдзӕн иннӕты ныфсыл ныфс бафтауын ӕмӕ-иу сын, Йегъовӕйы чи скадджын кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕнын. Кӕцы темӕ дӕ хъӕуы, уый чиныджы ссар. Алы темӕйы дӕр ис фарстатӕ ӕмӕ дзы цыбыртӕй фыст ис, стихты дзырд цӕуыл цӕуы, уый. (Кӕс рамкӕ « Ацы чиныгӕй куыд ис пайда кӕнӕн».) Алы темӕйы дӕр ссардзынӕ, хорз уынаффӕтӕ кӕм ис ӕмӕ дын удӕнцой чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм стихтӕ. Ссардзынӕ ма дзы, иннӕтӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ-иу сӕ бафидар кӕнын дӕ бон кӕй фӕрцы бауыдзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ.

Библийы бирӕ стихтӕ ис, ацы чиныджы цы темӕтӕ ис, уыдонмӕ, фӕлӕ чиныгмӕ хаст ӕрцыдысты ӕрмӕст сӕйрагдӕртӕ. Цавӕрдӕр темӕйы фӕдыл дӕ фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд дӕ бон у спайда кӕнын, Библи иртасынӕн ма нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй (Ӕм 2:1–6). Хорз ӕххуыс дын фӕуыдзысты, уыцы стихтӕм цы уӕлӕмхасӕн стихтӕ ис, уыдон ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг, ахуыр кӕнынӕн чи у, уыцы «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы (ис уырыссагау, хуыйны «Учебная Библия»). Кӕд дӕ искӕцы стих хуыздӕр бамбарын кӕнӕ дзы куыд спайда кӕнӕн ис, уый базонын фӕнды, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» ӕмӕ «Индекс публикаций Сторожевой Башни». Стих ныртӕккӕ куыд ӕмбарӕм, уый базондзынӕ ногдӕр публикацитӕй.

Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй ацы чиныджы фӕрцы фенай, Хуыцауы Ныхасы цы бирӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ цы арф зонд ис, уый. Ацы чиныгӕй куы пайда кӕнай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Хуыцауы Ныхас удӕгас кӕй у ӕмӕ дзы стыр тых кӕй ис (Дзт 4:12).