Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст динӕн мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй ницы ис

Раст динӕн мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй ницы ис

Уырнӕг адӕм иууылдӕр иу Хуыцауӕн кувынц?

Цымӕ Библийы афтӕ фыст ис, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ динтӕ иууылдӕр цӕуынц, кӕд сӕ алкӕмӕн дӕр йӕхи ахуырӕдтӕ ис, уӕддӕр?

Мф 7:13, 14; Ин 17:3; Еф 4:4–6

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • ЙсН 24:15. Йесо Навин загъта, адӕймаг кӕй хъуамӕ равзара, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви ӕндӕр хуыцӕуттӕн.

    • 1Пд 18:19–40. Йегъовӕ пехуымпар Илийайы уылты равдыста, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй хъуамӕ ма лӕггад кӕной.

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы мӕнг хуыцӕуттӕм ӕмӕ сын адӕм кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕ?

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, адӕм афтӕ куы фӕдзурынц, ӕмӕ уымӕн лӕггад кӕнынц, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уымӕ?

Ис 1:13–15; 1Кр 10:20–22; 2Кр 6:14, 15, 17

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рц 32:1–10. Йегъовӕ тынг смӕсты, Аарон сызгъӕрин род куы скодта, уӕд, кӕд адӕм афтӕ дзырдтой, ӕмӕ «бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл» кӕнынц, уӕддӕр.

    • 1Пд 12:26–30. Цӕмӕй адӕм Иерусалимы кувӕндонмӕ ма цыдаиккой, уый тыххӕй сын паддзах Йеровоам мӕнг хуыцӕуттӕ скодта ӕмӕ сын загъта, мӕнӕ уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ; афтӕмӕй адӕмы тӕригъӕды бафтыдта.

Ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдоны тыххӕй Йегъовӕ израилӕгтӕн цы загъта?

Йегъовӕ-иу куыд бакодта, йӕ адӕм-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтой, уӕд?

Трх 10:6, 7; Пс 106:35–40; Йер 44:2, 3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 11:1–9. Паддзах Соломоны йе ’ндӕрбӕстаг устытӕ Йегъовӕйӕ аздӕхтой, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдта ӕмӕ израилӕгты дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдта; уый тыххӕй йӕм Йегъовӕ смӕсты.

    • Пс 78:40, 41, 55–62. Асаф бамбарын кодта, израилӕгтӕ хивӕнд кӕй уыдысты ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй риссын кодтой ӕмӕ сыл уый тыххӕй йӕ къух систа.

Хуыцауы Ныхасы ныхмӕ чи уыд, уыцы ахуырӕдтӕм Йесо цы цӕстӕй каст?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 16:6, 12. Йесо фарисейты ӕмӕ саддукейты ахуырӕдтӕ абарста ӕнхъизӕнимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ тагъд апарахат вӕййынц ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы ахуырӕдтӕ сзыгъуыммӕ кӕнынц.

    • Мф 23:5–7, 23–33. Йесо чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн карзӕй бауайдзӕф кодта сӕ цӕстмӕ миты тыххӕй ӕмӕ, мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй парахат кодтой, уый тыххӕй.

    • Мч 7:5–9. Йесо чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн бауайдзӕф кодта, се ’гъдӕуттӕ сын Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй сӕйрагдӕр кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

Цымӕ Йесойы афтӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ алыхуызон къордтыл дихтӕ кодтаиккой?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ин 15:4, 5. Йесо цӕвиттонӕн сӕнӕфсирбӕлас ӕрхаста, цӕмӕй бамбарын кодтаид, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йемӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр иудзинады кӕй хъуамӕ уой.

    • Ин 17:1, 6, 11, 20–23. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт куы уыд, уӕд Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн иудзинад уыдаид.

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ уыцы иу ахуырӕдтыл хӕст уыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн иухуызон куывтой?

Хъд 16:4, 5; Ро 12:4, 5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 11:20–23, 25, 26. Антиохийы ӕмӕ Иерусалимы ӕмбырдты ’хсӕн уыд иудзинад ӕмӕ иумӕ ӕнтыстджынӕй лӕггад кодтой.

    • Ро 15:25, 26; 2Кр 8:1–7. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ зын рӕстӕджыты кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кодтой, уымӕй бӕрӕг уыд, кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис.

Афтӕ чи дзуры, ӕмӕ Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынц, уыдоны динтӕ иууылдӕр Хуыцау растыл нымайы?

Йесойы ӕмӕ апостолты ахуырӕдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕн сӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы?

Хъд 20:29, 30; 1Тм 4:1–3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 13:24–30, 36–43. Йесо мӕнг чырыстӕтты абарста хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ ӕмӕ загъта, бирӕ мӕнг чырыстӕттӕ кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбахъуыздзысты.

    • 1Ин 2:18, 19. Ацӕргӕ апостол Иоанны ныхӕстӕй бӕрӕг у, фыццаг ӕнусы кӕрон Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ кӕй фӕзынд.

Мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кӕны ӕмӕ Йесомӕ чи нӕ хъусы, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй куы нӕ ацух кӕной, уӕд хабар куыд рауайдзӕн?

Чырыстӕттӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа?

Чырыстӕттӕн мӕнг динтимӕ иумӕйагӕй цӕуылнӕ хъуамӕ исты уа?

Мӕнг дины ахуырӕдтӕ хурмӕ цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм?

Мӕнг динтыл хӕст чи у, уыдон нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ нӕ фӕдыл кӕй зилынц, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса?