Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст; рӕстаг; рӕстдзинад

Раст; рӕстаг; рӕстдзинад

Раст цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр кӕмӕн ис?

Д.з 32:4; Йез 33:17–20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 18:23–33. Йегъовӕ Авраамӕн бамбарын кодта, раст Тӕрхонгӕнӕг кӕй у.

    • Пс 72:1–4, 12–14. Ацы псаломтӕ чи ныффыста, уый кадджын кӕны Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзахы, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Йегъовӕйау рӕстаг у.

Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын нын цы пайда у?

Пс 37:25, 29; Иак 5:16; 1Пт 3:12

Кӕс ма Пс 35:24; Ис 26:9; Ро 1:17

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Иов 37:22–24. Елиуй Йегъовӕйы йӕ рӕстаг хъуыддӕгты тыххӕй кадджын кодта; йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын тынг аргъ кӕнынц.

    • Пс 89:13–17. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы кадджын кӕны, рӕстаг Хицау кӕй у, уый тыххӕй.

Цы нысан кӕны Хуыцауы рӕстдзинад агурын?

Йез 18:25–31; Мф 6:33; Ро 12:1, 2; Еф 4:23, 24

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 6:9, 22; 7:1. Ной алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ӕмӕ уымӕй равдыста, рӕстгӕнӕг кӕй уыд.

    • Ро 4:1–3, 9. Йегъовӕ Авраамы йӕ фидар уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнӕгыл банымадта.

Раст цы у, уый иннӕты цӕстмӕ нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ аразӕм?

Мф 6:1; 23:27, 28; Лк 16:14, 15; Ро 10:10

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 5:20; 15:7–9. Йесо адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй цӕстмӕхъус чиныджыдӕсныты ӕмӕ фарисейты ма фӕзмыдтаиккой, фӕлӕ рӕстӕй архайдтаиккой.

    • Лк 18:9–14. Йесо фӕсномыг ныхас радзырдта, цӕмӕй сраст кодтаид, йӕхи иннӕтӕй рӕстагдӕр чи хуыдта, уыдоны зондахаст.

Хӕрзгӕнӕг рӕстгӕнӕгӕй хуыздӕр цӕмӕн у?

Нӕхи цӕсты рӕстгӕнджытӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй растдӕр цӕуылнӕ хъуамӕ хонӕм?