Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕдаудзинад

Рӕдаудзинад

Йегъовӕ тынг рӕдау кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Цавӕр рӕдаудзинад нӕ цӕуы Хуыцауы зӕрдӕмӕ?

Мф 6:1, 2; 2Кр 9:7; 1Пт 4:9

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 4:3–7; 1Ин 3:11, 12. Хуыцау Каины кувинаг цӕуылнӕ айста?

    • Хъд 5:1–11. Анани ӕмӕ Сапфирӕ ӕфхӕрд баййӕфтой, кӕй асайдтой ӕмӕ лӕвар сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй не скодтой, уый тыххӕй.

Иннӕтӕн хорздзинад кӕй аразӕм, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕд цӕудзӕн?

Ӕм 11:25; Мф 6:3, 4; Хъд 20:35; Ро 12:8; 2Кр 9:7, 11; Дзт 13:16

Кӕс ма Ӕм 19:17; Мф 10:8; Лк 6:38

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Пд 17:8–16. Сарептӕйаг идӕдз сылгоймагӕн ӕмӕ йӕ фыртӕн хӕринаг иу хӕрды фаг йеддӕмӕ нал уыд, фӕлӕ дзы пехуымпар Илийайӕн радта.

    • 1Аз 22:6–16. Давид йӕ къухтӕ не ’руагъта, Йегъовӕ йын кувӕндон саразыны бар кӕй нӕ радта, уый тыххӕй, фӕлӕ кувӕндон саразынӕн, йӕ бон цы уыд, уый радта.

    • Лк 21:1–4. Мысайнаг рӕдауӕй чи радта, уыцы мӕгуыр идӕдз усӕй Йесо раппӕлыд, кӕд бирӕ нӕ радта, уӕддӕр.

Фыццаг ӕнусы ӕмбырды мысайнӕгтӕ дӕттынӕн цавӕр ӕгъдау уыд?

Хъд 11:29, 30; Ро 15:25–27; 1Кр 16:1–3; 2Кр 9:5, 7

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Хъд 4:34, 35. Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ рӕдаудзинад ӕвдыстой – ӕхца апостолтӕм хастой, уыдон та-иу сӕ байуӕрстой, хъуаг чи ӕййӕфта, уыдоныл.

    • 2Кр 8:1, 4, 6, 14. Ӕмбырд ӕххуыс кодта, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн.

Чырыстӕттыл сӕ бинонты ӕмӕ се ’мчырыстӕтты раз цавӕр хӕс ис?

Мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕныны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Адӕмӕн Хуыцауы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс цӕмӕн у?

Мф 5:3, 6; Ин 6:26, 27; 1Кр 9:23

Кӕс ма Ӕм 2:1–5; 3:13; Ек 7:12; Мф 11:4, 5; 24:14

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Лк 10:39–42. Йесо Марфӕйӕн бамбарын кодта, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ адӕймагӕн царды фыццаг бынаты кӕй хъуамӕ уой.