Сайын
Йӕ ныхас чи нӕ сӕххӕст кӕны, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Рц 9:27, 28, 34, 35. Фараон загъта, Хуыцауы адӕмы кӕй ауадздзӕн, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодта.
Йез 17:11–15, 19, 20. Йегъовӕ паддзах Седекийы бафхӕрдта, Вавилоны паддзахӕн цы дзырд радта, уый кӕй нӕ сӕххӕст кодта ӕмӕ, йемӕ цы бадзырд скодта, уый кӕй фехӕлдта, уый тыххӕй.
Хъд 5:1–10. Анани ӕмӕ Сапфирӕ асайдтой; загътой, сӕ зӕххӕй цы ӕхца райстой, уый иууылдӕр ӕмбырдӕн кӕй радтой.
Иннӕты фыдкой чи кӕны, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?
Пс 15:1–3; Ӕм 6:16–19; 16:28; Кл 3:9
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
2См 16:1–4; 19:24–30. Мемфивосфейӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Сивӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта.
Рар 12:9, 10. Хӕйрӕг, ома «фыдкойгӕнӕг», ӕдзух Хуыцауы адӕмы аххосджын кӕны.