Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллӕттӕ; ӕрыгӕттӕ

Сывӕллӕттӕ; ӕрыгӕттӕ

Хуыцау сывӕллӕттӕм цы цӕстӕй кӕсы?

Йегъовӕйӕн сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ зынаргъ кӕй сты, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

Д.з 6:6, 7; 14:28, 29; Пс 110:3; 127:3–5; 128:3, 4; Иак 1:27

Кӕс ма Иов 29:12; Пс 27:10; Ӕм 17:6

Кӕс ма темӕ «Бинонтӕ»

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 1:27, 28. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй адӕмӕн сывӕллӕттӕ гуырдаид ӕмӕ зӕхх байдзаг кодтаиккой.

    • Рд 9:1. Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта, цӕмӕй цот рауагътаиккой ӕмӕ зӕхх байдзаг кодтаиккой.

    • Рд 33:5. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иаков йӕ сывӕллӕтты нымадта Хуыцауы лӕварыл.

    • Мч 10:13–16. Йесо сывӕллӕтты уарзы, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ.

Сывӕллӕтты чи ӕфхӕры, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

Стыр адӕймагӕй цы фӕдомынц, уыдӕттӕ сывӕллӕттӕй домын кӕй нӕ хъӕуы, уый Библийӕ куыд зыны?

Нм 1:3; 1Кр 13:11

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Рд 33:12–14. Иаков сындӕггай цыди, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ ма бафӕлладаиккой.

Сывӕллӕттӕ кӕй хъизӕмар кӕнынц, уым Хуыцау у аххосджын?

Иов 34:10; Иак 1:13; 1Ин 5:19

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 5:18, 20, 23–25. Йесо бамбарын кодта, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй кӕй рынчын кӕнӕм.

    • Ро 5:12. Апостол Павел бамбарын кодта, адӕм тӕригъӕдджын цӕмӕн сты ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц, уый.

Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, Йегъовӕ ӕрыгӕтты дӕр ӕмӕ ацӕргӕты дӕр сӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн?

Кӕд нӕ ныййарджытӕ стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой кӕнӕ нӕ ӕфхӕрдтой, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр стӕм кӕнӕ мах дӕр, нӕ ныййарджытӕ куыд кодтой, афтӕ кӕндзыстӕм?

Д.з 24:16; Йез 18:1–3, 14–18

Кӕс ма Д.з 30:15, 16

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Пд 18:1–7; 2Аз 28:1–4. Кӕд Езекийӕн йӕ фыд ӕгъатыр уыд ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй цалдӕры амардта, уӕддӕр Езеки Йегъовӕмӕ хъуыста ӕмӕ хорз паддзах сси.

    • 2Пд 21:19–26; 22:1, 2. Иосийы фыд Амон тынг ӕвзӕр паддзах уыд, фӕлӕ Иоси тынг хорз паддзах сси.

    • 1Кр 10:11, 12. Апостол Павел загъта, нӕ бон кӕй у иннӕты рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ нӕхицӕй кӕнгӕ кӕй у, уыдоны хуызӕн уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый.

    • Фп 2:12, 13. Апостол Павел нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд кӕй фервӕздзыстӕм.

Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты хӕстӕ

Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ кӕмӕн сты ӕмӕ нырма семӕ чи цӕры, уыцы сывӕллӕттӕм?

1Кр 7:14

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Рд 19:12, 15. Зӕдтӕ Лоты чызджыты фыццаджыдӕр уый тыххӕй бахъахъхъӕдтой, ӕмӕ сӕ фыд рӕстгӕнӕг уыд.

Кӕд ныййарджытӕ Хуыцауыл иузӕрдион сты, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йыл сӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕнӕмӕнг иузӕрдион уыдзысты?

Ӕм 20:11; Йез 18:5, 10–13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лв 10:1–3, 8, 9. Хистӕр сауджын Аароны фыртты мӕлӕты тӕрхон баййӕфта, ӕвӕццӕгӕн, нозтджын кӕй уыдысты, уый тыххӕй.

    • 1См 8:1–5. Кӕд Самуил хорз пехуымпар уыди, уӕддӕр йӕ фырттӕ гӕртӕмттӕ истой ӕмӕ раст тӕрхон нӕ кодтой.

Сывӕллӕтты Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын куы фӕнда, уӕд цы хъуамӕ аразой?

Ӕрыгӕттӕ ӕмбырдтӕм цӕмӕн хъуамӕ цӕуой?

Д.з 31:12, 13; Дзт 10:24, 25

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Мф 15:32–38. Йесомӕ байхъусынмӕ-иу чи ’рбацыд, уыдоны ’хсӕн-иу сывӕллӕттӕ дӕр уыди.

Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын сывӕллӕттӕ дӕр лӕггад кӕной?

Пс 8:2; 148:12, 13

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1См 17:4, 8–10, 41, 42, 45–51. Йегъовӕ йӕ ном бахъахъхъӕныны тыххӕй ӕрыгон Давидӕн баххуыс кодта, цӕмӕй богал хӕстоныл фӕуӕлахиз уыдаид.

    • 2Пд 5:1–15. Йегъовӕ гыццыл израилаг чызджы фӕрцы ӕндӕр адӕмы ӕфсады хистӕрӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй базыдтаид.

    • Мф 21:15, 16. Йесойӕн ӕхсызгон уыди, сывӕллӕттӕ йӕ кӕй кадджын кодтой, уый.

Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, сӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ кӕмӕн не сты, уыцы сывӕллӕттӕм?

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Нм 16:25, 26, 32, 33. Йегъовӕ бафхӕрдта, пехуымпар Моисей ӕмӕ хистӕр сауджын Аароны ныхмӕ чи рацыд, уыцы нӕлгоймӕгты, стӕй сӕ бинонтӕй сӕ фарс чи рахӕцыд, уыдоны дӕр.

    • Нм 26:10, 11. Кӕд Корейы тӕрхон баййӕфта, уӕддӕр йӕ фырттӕ фервӕзтысты, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдысты, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй.

Ӕрыгӕттӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уой?

Ӕрыгон чырыстӕттӕ сӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ хъуамӕ агурой?

2Тм 2:22

Кӕс ма темӕ «Ӕмбӕлттӕ»