Сӕрныллӕгдзинад
Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы сӕрныллӕг адӕймагмӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймагмӕ?
Пс 138:6; Ӕм 15:25; 16:18, 19; 22:4; 1Пт 5:5
Кӕс ма Ӕм 29:23; Ис 2:11, 12
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
2Аз 26:3–5, 16–21. Паддзах Ози ссӕрбӕрзонд; Хуыцауы закъоны сӕрты ахызт ӕмӕ йын уынаффӕ куы радтой, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йыл уый тыххӕй Хуыцау хъотыр бафтыдта.
-
Лк 18:9–14. Йесо цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы сӕрныллӕг адӕймаджы куывдмӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймаджы куывдмӕ.
-
Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, ахӕм адӕймагмӕ?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
2Аз 12:5–7. Паддзах Ровоам ӕмӕ Иудӕйы кънйӕзтӕ сӕхи Йегъовӕйы раз ӕрныллӕг кодтой, ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ фыдӕх нӕ ныккалдта.
-
2Аз 32:24–26. Хорз паддзах Езеки ссӕрбӕрзонд, фӕлӕ йӕхи Йегъовӕйы раз куы ӕрныллӕг кодта, уӕд ын ныххатыр кодта.
-
Сӕрныллӕгдзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм?
Еф 4:1, 2; Фп 2:3; Кл 3:12, 13
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Рд 33:3, 4. Исав Иаковмӕ тынг мӕсты уыд, фӕлӕ куы фембӕлдысты, уӕд Иаков диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдыста, ӕмӕ уый фӕрцы бафидыдтой.
-
Трх 8:1–3. Тӕрхонгӕнӕг Гедеон Ефремы фырттӕн загъта, уыдонимӕ абаргӕйӕ уый кӕй ницы сарӕзта; сӕрныллӕгдзинад кӕй равдыста, уый фӕрцы сӕ маст ссыди.
-
Йесо куыд бамбарын кодта, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?
Мф 18:1–5; 23:11, 12; Мч 10:41–45
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Ис 53:7; Фп 2:7, 8. Пехуымпартӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй Йесо уыд сӕрныллӕг ӕмӕ цӕттӕ уыд, цӕмӕй зӕхмӕ ӕрцыдаид, хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстаид ӕмӕ худинаджы мардӕй амардаид.
-
Лк 14:7–11. Йесо радзырдта, адӕймаг фынгыл уӕлейӕ сбадыныл куы архайа, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцӕуа; афтӕмӕй бамбарын кодта, сӕрныллӕгдзинад царды куыд ӕххуыс кӕны, уый.
-
Ин 13:3–17. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кодта, йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ куы ныхсадта ӕмӕ сын цагъарау куы балӕггад кодта, уӕд.
-
Нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?
Адӕймаг иннӕты цӕстмӕ йӕхи сӕрныллӕгӕй куы февдисы, уӕд уымӕй пайда цӕуылнӕ вӕййы?