Уырнындзинад
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн ахсджиаг кӕй у, адӕймагмӕ уырнындзинад ис ӕви нӕй?
Ин 3:16, 18; Га 3:8, 9, 11; Еф 6:16; Дзт 11:6
Кӕс ма 2Кр 5:7
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Дзт 11:1–12:3. Апостол Павел бамбарын кодта, уырнындзинад цы у, уый ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыдонӕй бирӕты ранымадта – Авелӕй райдай ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ фӕу.
Иак 2:18–24. Иаков Авраамы цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта, нӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг.
Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын?
Ро 10:9, 10, 17; 1Кр 16:13; Иак 2:17
Кӕс ма Дзт 3:12–14
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
2Аз 20:1–6, 12, 13, 20–23. Знӕгтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд паддзах Иосафат адӕмӕн загъта, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ пехуымпартыл ӕууӕндой, ӕмӕ уӕд ӕнтыстджын кӕй уыдзысты.
1Пд 18:41–46. Пехуымпар Илийа фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ хус рӕстӕгӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ.