Хатыр кӕнын
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕйӕ кӕй ныххатыр кӕны?
Кӕс ма 2Пт 3:9
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Пс 78:40, 41; 106:36–46. Кӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ бирӕ хӕттыты фӕриссын кодтой, уӕддӕр-иу сын ныххатыр кодта.
-
Лк 15:11–32. Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, уый бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо цӕвиттон ӕрхаста; фыд йӕ фыртӕн йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныххатыр кодта, куы сыл ӕрфӕсмон кодта, уӕд.
-
Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цӕй фӕрцы ныххатыр кӕны?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Дзт 9:22–28. Апостол Павел бамбарын кодта, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй цӕуынц, Чырысти йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы.
-
Рар 7:9, 10, 14, 15. Апостол Иоанн ныффыста, Хуыцау «тынг бирӕ адӕмӕн» сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы.
-
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм, иннӕтӕ нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы саразой, уӕд?
Мф 6:14, 15; Мч 11:25; Лк 17:3, 4; Иак 2:13
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Иов 42:7–10. Цалынмӕ Йегъовӕ Иовы йӕ низӕй нӕ фервӕзын кодта ӕмӕ йын нӕ раарфӕ кодта, уӕдмӕ йын загъта, цӕмӕй, йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы тыххӕй скуывтаид.
-
Мф 18:21–35. Йесо цӕвиттоны фӕрцы бамбарын кодта: цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнӕм.
-
Нӕ тӕригъӕдтыл басӕттын ӕмӕ сыл ӕрфӕсмон кӕнын ӕцӕгдӕр ахсджиаг у?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Пс 32:1–5; 51:1, 2, 16, 17. Паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ сыл зӕрдӕбынӕй ӕрфӕсмон кодта.
-
Иак 5:14–16. Иаков бамбарын кодта, уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс кӕй хъуамӕ бацагурӕм.
-
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
1Пд 21:27–29; 2Аз 18:18–22, 33, 34; 19:1, 2. Паддзах Ахав куы базыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй бафхӕрдзӕн, уӕд ӕрӕнкъард, фӕлӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтыл зӕрдӕйӕ не ’рфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ нӕ ныххатыр кодта; паддзах Ахавы Йегъовӕйы тӕрхон баййӕфта.
-
2Аз 33:1–16. Паддзах Манасси тынг бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта. Уый фӕстӕ Манасси архайдта, цӕмӕй израилӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн куывтаиккой.
-
Йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр ныххатыр кӕны?
Пс 103:10–14; Ис 1:18; 38:17; Йер 31:34; Мх 7:19
-
Цӕвиттон Библийӕ
-
2См 12:13; 24:1; 1Пд 9:4, 5. Кӕд паддзах Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр ын Йегъовӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодта; уый фӕстӕ йӕ Хуыцау хуыдта иузӕрдион адӕймаг.
-
Йесо куыд равдыста, Йегъовӕйау хатыргӕнаг кӕй у?
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Мф 26:36, 40, 41. Йесойӕн йе ’ртӕ ӕмбалы бафынӕй сты, ӕххуыс ӕй ӕппӕты тынгдӕр куы хъуыд, уӕд; Йесо ӕмбӕрста, кӕд сӕ фӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кӕной, уӕддӕр тынг фӕллад кӕй уыдысты.
-
Мф 26:69–75; Лк 24:33, 34; Хъд 2:37–41. Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, фӕлӕ уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йесо ныххатыр кодта; куы райгас, уӕд ӕм хицӕнӕй фӕзынд, фӕстӕдӕр та йын ӕмбырды ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта.
-
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕдтӕ алкӕмӕн кӕй нӕ ныххатыр кӕндзӕн?
Мф 12:31; Дзт 10:26, 27; 1Ин 5:16, 17
-
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
-
Мф 23:29–33. Йесо чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн загъта, гееннӕйы кӕй фесӕфдзысты, ома ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты.
-
Ин 17:12; Мч 14:21. Йесо Иудӕ Искариоты схуыдта «сафинаг чи уыди, уый» ӕмӕ загъта, хуыздӕр кӕй уыдаид, йӕ уӕйгӕнӕг куы нӕ райгуырдаид.
-
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнӕм?