Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицауӕдтӕ

Хицауӕдтӕ

Ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр хицауадыл сты иузӕрдион ӕмӕ фыццаджыдӕр цавӕр хицауады коммӕ кӕсынц?

Мф 6:9, 10, 33; 10:7; 24:14

Кӕс ма Дан 7:13, 14

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Пс 89:18–29. Ацы стихты дзырд цӕуы Хуыцауы Паддзахады Паддзахыл; Йегъовӕ йын бар радта, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕн разамынд дӕтта.

    • Рар 12:7–12. Фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд Йесо Чырысти сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕмӕ Хӕйрӕджы уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста.

Сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл Хуыцауы Паддзахады номӕй куыд архайынц?

Чырыстӕттӕ хицӕутты нымайынц

Хицӕутты закъӕттӕм цӕмӕн хъусӕм ӕмӕ хъалонтӕ цӕмӕн фидӕм?

Ро 13:1–7; Тит 3:1; 1Пт 2:13, 14

Кӕс ма Хъд 25:8

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Мф 22:15–22. Йесойы куы бафарстой, йӕ фӕдылдзӕуджыты хъалонтӕ фидын хъӕуы ӕви нӕ, уӕд сын хорз дзуапп радта.

Нӕ фӕдыл куы зилой, суанг уӕд дӕр не ’фхӕрджытӕй нӕ маст цӕуылнӕ хъуамӕ исӕм?

Чырыстӕттӕ ацы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайынц

Кӕд зӕххон хицӕутты нымайӕм, уӕддӕр сӕ коммӕ цӕуылнӕ фӕкӕсӕм, Йегъовӕйы закъӕтты ныхмӕ цы у, ахӕмӕй нын исты куы фӕаразын кӕнынц, уӕд?

Хъд 4:18–20; 5:27–29

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Дан 3:1, 4–18. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы Вавилоны паддзахы бардзырд нӕ сӕххӕст кодтой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы закъоны ныхмӕ уыд.

    • Дан 6:6–10. Вавилоны хицауад ахӕм закъон куы сфидар кодта, цӕмӕй адӕм паддзахӕй фӕстӕмӕ макӕцы хуыцаумӕ куывтаиккой, уӕд дӕр ацӕргӕ пехуымпар Данел Йегъовӕмӕ куывта.

Йесо куыд бамбарын кодта, чырыстӕттӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй хъуамӕ ма архайой?

Мӕнг хуыцӕуттӕн кувыны фӕдыл Хуыцау цы закъӕттӕ радта, уыдон чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй сӕхи хизой?

Рц 20:4, 5; 1Кр 10:14; 1Ин 5:21

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Дан 3:1, 4–18. Паддзах Навуходоносор скодта сызгъӕрин гуымиры (ӕвӕццӕгӕн, мӕнг хуыцау Мардукы номыл) ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йын адӕм иууылдӕр бакуывтаиккой.

Чырыстӕттӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, хицауад сӕ хӕстмӕ куы ’рвита, уӕд?

Ис 2:4; Ин 18:36

Кӕс ма Пс 11:5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 26:50–52. Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ исдзысты.

    • Ин 13:34, 35. Алы бӕстӕты цӕрӕг чырыстӕттӕ хӕстыты куы архайой ӕмӕ ма суанг кӕрӕдзийы дӕр куы марой, уӕд ма афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц?

Чырыстӕттӕ цӕуылнӕ архайынц, адӕм хицӕутты ныхмӕ цы демонстрацитӕ скӕнынц, уыдоны?

Кӕцӕй йӕ зонӕм, хицауад нӕ кӕй аххосджын кӕндзӕн, зӕгъгӕ, змӕнтджытӕ сты ӕмӕ адӕмы сабыр цард халынц?

Лк 23:1, 2; Ин 15:18–21

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Хъд 16:19–23. Апостол Павел ӕмӕ Силӕ ӕфхӕрд баййӕфтой, хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй.