Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн нывонддзырд раттын

Хуыцауӕн нывонддзырд раттын

Нӕ цард нӕ Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын цӕмӕн хъуамӕ фӕнда?

Кӕд нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд Библимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Йегъовӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй цӕй фӕрцы фервӕзын кодта ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын уый пайда хӕсса?

Нӕ раздӕры тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодтам, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

Хъд 3:19; 26:20

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Лк 19:1–10. Хъалонисджыты хицау Закхей ӕрфӕсмон кодта, адӕмы кӕй сайдта, ууыл ӕмӕ сӕ цы ’хцатӕ байста, уыдон сын фӕстӕмӕ радта.

    • 1Тм 1:12–16. Апостол Павел загъта, йӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ кӕй ныууагъта ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады фӕрцы йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцыдысты.

Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕй уӕлдай ма цы хъуамӕ аразӕм?

Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау цавӕр хъуамӕ уой?

1Кр 6:9–11; Кл 3:5–9; 1Пт 1:14, 15; 4:3, 4

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 1Кр 5:1–13. Апостол Павел коринфӕгтӕн загъта, цӕмӕй ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой, ӕнӕгъдау хъуыддаг чи сарӕзта, уый.

    • 2Тм 2:16–19. Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕ апостол Павел абарста, гангренӕ буарыл куыд ахӕлиу вӕййы, уыимӕ ӕмӕ Тимофейы бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕм ма хъуыстаид.

Чырыстӕттӕ зӕххон хицӕутты фарс цӕуылнӕ хъуамӕ уой?

Ис 2:3, 4; Ин 15:19

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ин 6:10–15. Йесо тынг бирӕ адӕмы куы бафсӕста, уӕд сӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой, фӕлӕ Йесо уырдыгӕй ацыд.

    • Ин 18:33–36. Йесо бамбарын кодта, йӕ Паддзахадӕн ацы дунейы политикӕимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис.

Сыгъдӕг тых нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

Ин 16:13; Га 5:22, 23

Кӕс ма Хъд 20:28; Еф 5:18

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • Хъд 15:28, 29. Иерусалимы разамонӕг советӕн сыгъдӕг тых баххуыс кодта сунӕт кӕныны тыххӕй ахсджиаг уынаффӕ рахӕссынӕн.

Йесо Хуыцауӕн куыд лӕггад кодта, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын?

Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кӕны, уыдоны донаргъуыд райсын цӕмӕн фӕхъӕуы?

Мф 28:19, 20; Хъд 2:40, 41; 8:12; 1Пт 3:21

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Мф 3:13–17. Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодтаид, ӕмӕ донаргъуыд райста.

    • Хъд 8:26–39. Ефиопаг хицау уый размӕ дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг уыди, ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар куы базыдта, уӕд ӕй бафӕндыд донаргъуыд райсын.