Цардӕмбал дын куы нӕ уа
Адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд уый хорз цӕмӕй у?
Раст цӕуылнӕ у чырыстонӕн дзурын, цӕмӕй ус ракура кӕнӕ чындзы ацӕуа?
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Ро 14:10–12. Апостол Павел бамбарын кодта, раст цӕуылнӕ у, цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕн тӕрхон кӕнӕм.
1Кр 9:3–5. Апостол Павелӕн йӕ бон уыд ус ракурын, фӕлӕ йын цардӕмбал кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ сарӕзта.
Цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй йын ӕнӕмӕнг хъуамӕ цардӕмбал уа?
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Трх 11:30–40. Йеффайы чызг чындзы нӕ ацыд ӕмӕ йӕ бон уыд цӕрӕнбонты Хуыцауы кувӕндоны лӕггад кӕнын.
Хъд 20:35. Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕд ын цардӕмбал нӕ уыд, уӕддӕр амондджын кӕй уыди, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кодта.
1Фс 1:2–9; 2:12. Апостол Павелӕн бинойнаг нӕ уыд; уый фыста, йӕ лӕггад ын стыр циндзинад кӕй хаста, уымӕн ӕмӕ йӕ бон уыди бирӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй базонынӕн баххуыс кӕнын.
Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр куыд хӕрзӕгъдау цард кӕнынц, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ цӕрой, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдон дӕр?
1Кр 6:18; Га 5:19–21; Еф 5:3, 4
Цӕвиттонтӕ Библийӕ
Ӕм 7:7–23. Паддзах Соломон радзырдта, хӕтаг сылгоймаг кӕй фӕрӕдийын кодта, уыцы ӕрыгон лӕппуйы уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый тыххӕй.
Сл.з 4:12; 8:8–10. Суламитаг чызгӕй ӕппӕлынц, йӕ сыгъдӕгдзинад кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй.
Адӕймаджы уӕлдайдӕр кӕд хъӕуы бинонты хъуыддаг бакӕныныл кӕнӕ мой скӕныныл ахъуыды кӕнын?
Кӕс ма 1Фс 4:4, 5