Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕфсарм

Ӕфсарм

Йегъовӕ алы адӕймаджы дӕр ӕфсармӕй кӕй схайджын кодта, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

Адӕймаг ӕдзух, раст цы нӕу, уый куы фӕаразы, уӕд йе ’фсармыл цы ’рцӕуы?

Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ, цы аразӕм, уый раст у, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Ин 16:2, 3; Ро 10:2, 3

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • 2Аз 18:1–3; 19:1, 2. Паддзах Иосафат ӕвзӕр паддзах Ахавӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй йӕм Йегъовӕ смӕсты.

    • Хъд 22:19, 20; 26:9–11. Апостол Павел загъта, Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты кӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ кӕй мардта, уый йӕм раздӕр раст кӕй касти.

Нӕ бон куыд у не ’фсарм ахуыр кӕнын?

2Тм 3:16, 17; Дзт 5:14

  • Цӕвиттон Библийӕ

    • 1См 24:2–7. Паддзах Давид йе ’фсармы коммӕ кӕй каст, уый тыххӕй Йегъовӕйы ӕвзӕрст паддзах Саулӕн кад кодта.

Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕймагӕн йӕ цӕсгом Хуыцауы раз сыгъдӕг уа?

Еф 1:7; Дзт 9:14; 1Пт 3:21; 1Ин 1:7, 9; 2:1, 2

Кӕс ма Рар 1:5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Ис 6:1–8. Йегъовӕ пехуымпар Исайӕн загъта, йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты.

    • Рар 7:9–14. Чырыстийы нывонды фӕрцы «тынг бирӕ адӕм» сты Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ.

Кӕд не ’фсарм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ сахуыр кодтам, уӕд ӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

Хъд 24:15, 16; 1Тм 1:5, 6, 19; 1Пт 3:16

Кӕс ма Ро 13:5

  • Цӕвиттонтӕ Библийӕ

    • Рд 2:25; 3:6–13. Адам ӕмӕ Евӕ нӕ байхъуыстой, се ’фсарм сын цы дзырдта, уымӕ ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый сӕм фӕстӕдӕр худинаг ӕркаст.

    • Не 5:1–13. Дзуттӕгтӕ Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дардтой ӕмӕ се ’фсымӕртӕй стыр проценттӕ истой, ӕмӕ сын хицау Нееми бауайдзӕф кодта, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудтаид.

Йе ’фсарм бирӕ цӕмӕндӕрты бар кӕмӕн нӕ дӕтты, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цӕлхдур цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм?

Цавӕр цӕсгом нын хъуамӕ уа Хуыцауы раз?