Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫККАГ СӔР

Бинонты цардмӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын

Бинонты цардмӕ хъӕуы цӕттӕ кӕнын

1, 2. а) Алцӕуыл дӕр рагацау дзӕбӕх ахъуыды кӕнын кӕй фӕхъӕуы, уый Йесо куыд бамбарын кодта? ӕ) Уӕлдайдӕр цы хъуыддаджы хъӕуы алцӕуыл дӕр дзӕбӕх ахъуыды кӕнын?

 ХӔДЗАР саразын ӕнцон хъуыддаг нӕу, бирӕ цыдӕртӕ йын хъӕуы. Фыццаг уал хъӕуы зӕхх балхӕнын, стӕй хӕдзары пълан скӕнын. Фӕлӕ ма ноджыдӕр цыдӕр хъӕуы бакӕнын. Йесо афтӕ загъта: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?» (Лукайы 14:28).

2 Бинонтӕ скӕныны хъуыддаджы дӕр афтӕ у. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, ус курын, кӕнӕ, чындзы цӕуын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сӕ цал ӕрбады ӕмӕ цал ахъуыды кӕны, йӕхимӕ цы стыр бӕрндзинад исы ӕмӕ йӕ цас цыдӕртӕ хъӕуы, ууыл? Кӕд Библи бинонтӕ скӕнын арфӕйаг хъуыддаг хоны, уӕддӕр нын ӕргом дзуры, бинонты царды цы зындзинӕдтӕ вӕййы, уыдоны тыххӕй дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 18:22; 1 Коринфӕгтӕм 7:28). Уӕдӕ, ус курын кӕнӕ чындзы цӕуынвӕнд чи кӕны, уыдон хъуамӕ ӕмбарой, бинонты цард хорз цӕмӕй у, уый дӕр, ӕмӕ дзы зынӕй цы ис, уый дӕр.

3. Бинонтӕ скӕныны фӕнд кӕмӕ ис, уыдонӕн Библи стыр ӕххуыс цӕмӕн у ӕмӕ дзы цавӕр ӕртӕ фарстӕн ссардзыстӕм дзуапп?

3 Стыр ӕххуыс сын уыдзӕн Библи. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон ныффыссын кодта бинонты царды Бындурӕвӕрӕг – Йегъовӕ Хуыцау (Ефесӕгтӕм 3:14, 15; 2 Тимофеймӕ 3:16). Ацы чиныг у тынг рагон, фӕлӕ йӕ уынаффӕтӕ зӕронд нӕ кӕнынц. Уӕдӕ Библийы руаджы сбӕлвырд кӕнӕм: 1) адӕймаг бинонтӕ скӕнынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ, уый базонын йӕ бон куыд у? 2) Цардӕмбал агургӕйӕ цӕмӕ хъӕуы кӕсын? 3) Цы ис саразӕн, цӕмӕй лӕппу ӕмӕ чызг се ’фсарм ма фӕчъизи кӕной?

БИНОНТӔ СКӔНЫНМӔ ЦӔТТӔ ДӔ?

4. Цӕмӕй бинонты цард ма фехӕла, уый тыххӕй цы хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

4 Хӕдзар саразынӕн бирӕ ӕхца хъӕуы, фӕлӕ дзы стӕй цӕмӕй бирӕ азтӕ цӕрӕн уа, уый тыххӕй дӕр фыдӕбон хъӕуы – ӕппынӕдзух ӕм хъӕуы зилын. Афтӕ у бинонты цард дӕр: бинонтӕ скӕнын йӕхӕдӕг дӕр ӕнцон хъуыддаг нӕу, фӕлӕ ма сӕ уый фӕстӕ бирӕ азтӕ иумӕ цӕрын кӕй хъӕуы, уый дӕр рохгӕнӕн нӕй. Цы хъӕуы, цӕмӕй бинонты цард ма фехӕла? Дыууӕ уды хъуамӕ кӕрӕдзийыл уой ӕнувыд. Лӕг ӕмӕ усы тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар» (Райдиан 2:24). Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ ус ахицӕн уой ӕмӕ ӕндӕр бинонтӕ скӕной, уымӕн Фыстадмӕ гӕсгӕ ис ӕрмӕстдӕр иу аххосаг – «хӕтыны азым» (Матфейы 19:9). Уӕдӕ кӕд бинонтӕ скӕныныл хъуыды кӕныс, уӕд дӕ хъӕуы ацы уагӕвӕрдтӕ дӕ зӕрдыл дарын. Кӕд ахӕм бӕрндзинад райсынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс, уӕд дын нырма раджы у ус курын кӕнӕ чындзы цӕуын (Дыккаг закъон 23:21; Екклесиаст 5:4, 5).

5. Адӕймаджы йӕ цардӕмбалӕн дзырд раттын кӕй хъӕуы, уыцы хъуыдыйӕ кӕд бирӕтӕ фӕтӕрсынц, уӕддӕр, бинонтӕ скӕнынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн уый пайда цӕмӕн у?

5 Адӕймаджы йӕ цардӕмбалӕн дзырд раттын кӕй хъӕуы, цӕрӕнбонты дыл ӕнувыд уыдзынӕн, зӕгъгӕ, афтид уыцы хъуыдыйӕ дӕр бирӕтӕ фӕтӕрсынц. «Мӕ усимӕ мӕ цӕрӕнбонты цӕрын кӕй хъӕуы, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма мӕхӕдӕг мӕхи ахӕстоны бакодтон, сӕрибарӕй сулӕфӕн мын нал ис»,– загъта иу лӕппу. Фӕлӕ, дӕ цард кӕимӕ иу кӕныс, уыцы адӕймаджы кӕд ӕцӕг уарзтӕй уарзыс, уӕд дӕм афтӕ нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ де ’ккой уӕззау уаргъ ӕвӕрыс. Дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн дзырд куы раттой, уӕд сӕ уый хъыгдаргӕ нӕ кӕны, фӕлӕ хъахъхъӕнгӕ. Уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзысты, куы мын фӕзын уа, уӕд ӕй ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ цины сахат дӕр ӕмӕ зын сахат дӕр уыдзысты иумӕ. Апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй ӕцӕг уарзт «алцӕмӕн дӕр быхсы» ӕмӕ «алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 7). Иу сылгоймаг афтӕ загъта: «Нӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр кӕй загътам, кӕрӕдзийӕ никуы фӕхицӕн уыдзыстӕм, зӕгъгӕ, уый фӕрцы дӕн ныфсджындӕр, уый мын дӕтты удӕнцой» (Екклесиаст 4:9–12).

6. Бинонтӕ скӕныныл тагъд кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

6 Цӕмӕй адӕймаг йӕхимӕ ахӕм бӕрндзинад райса, уый тыххӕй хъуамӕ уа уӕззаузонды хицау. Павел дӕр чырыстӕттӕн уымӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй, цалынмӕ «ӕгӕр ӕрыгон» сты, уӕдмӕ бинонтӕ скӕныныл тагъд ма кӕной, уымӕн ӕмӕ уыцы кары адӕймаг вӕййы йӕ тӕккӕ тугфыцыныл ӕмӕ зонды фӕдыл нӕ, фӕлӕ йӕ монцты фӕдыл фӕцӕуы (1 Коринфӕгтӕм 7:36). Адӕймаг куыд рӕзы, афтӕ йӕ зонд дӕр ивы. Ӕмӕ бинонтӕ ӕгӕр ӕрыгонӕй куы скӕны, уӕд цалдӕр азы фӕстӕ бамбары, ныр йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ цардӕмбал дӕр алцӕмӕ дӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдтой. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, бинонтӕ хӕрз ӕрыгонӕй чи скӕны, уыдонӕн сӕ цард арӕхдӕр нӕ рауайы ӕмӕ арӕхдӕр ахицӕн вӕййынц. Уӕдӕ бинонтӕ скӕныныл тагъд ма кӕн. Де ’рыгонӕй цалдӕр азы иунӕгӕй цы ацӕрай, уый дын тынг фӕпайда уыдзӕн: бирӕ цыдӕртӕ бамбардзынӕ, сфӕлтӕрдзынӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ цард кӕимӕ баиу кӕнай, уымӕн уыдзынӕ ӕцӕг ӕмбал. Стӕй ма уый фӕрцы дӕхи дӕр хуыздӕр базондзынӕ – уый дӕр ахсджиаг у, цӕмӕй бинонты царды амондджын уай.

ДӔХИ УАЛ БАЗОН

7. Бинонтӕ скӕныныл чи хъуыды кӕны, уый уал раздӕр йӕхи базонын цӕмӕн хъӕуы?

7 Куы дӕ бафӕрсиккой, цавӕр адӕймагимӕ дӕ фӕндид дӕ цард баиу кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд уайтагъд нӕ ранымаис, цавӕр миниуджытӕ йӕм хъуамӕ уа? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис дӕхицӕй та? Адӕймаджы бинонты царды цы хорз миниуджытӕ бахъӕуы, уыдонӕй дӕм цавӕртӕ ис? Цавӕр лӕг кӕнӕ цавӕр бинойнаг уыдзынӕ? Дӕ рӕдыдтытыл ӕнцонӕй басӕттыс ӕмӕ уыннаффӕмӕ байхъусыс, ӕви дын дӕ рӕдыд куы фӕзӕгъынц, уӕд смӕсты вӕййыс? Зӕрдӕрухс, хъӕлдзӕг адӕймаг дӕ, ӕви ӕппынӕдзух ӕлхынцъӕрфыгӕй фӕцӕуыс ӕмӕ алцӕуыл хъуыр-хъуыр фӕкӕныс? (Ӕмбисӕндтӕ 8:33; 15:15). Зон ӕй: ус куы ракурай кӕнӕ чындзы куы ацӕуай, уӕд ӕндӕр адӕймаг нӕ фестдзынӕ. Кӕд абон сӕрбӕрзонд дӕ, сдзырд дӕм нӕй кӕнӕ гыццыл истӕй тыххӕй дӕр дӕхимӕ ныхъхъусыс, уӕд уый фӕстӕ дӕр ахӕм уыдзынӕ. Уӕдӕ хорз уаид, цӕуыл дӕ хъӕуы бакусын, уымӕй дӕ ныййарджыты кӕнӕ дӕ хорз ӕмбалы куы бафӕрсис, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йӕхи фӕрсырдыгӕй нӕ фӕуыны. Кӕм дӕ хъӕуы фӕивын, уый куы базонай, уӕд та йыл кус бинонтӕ скӕныны размӕ.

Ныридӕгӕн ахуыр кӕн хорз миниуджытыл – уый дын стыр ӕххуыс уыдзӕн бинонты царды

8–10. Библи адӕймагӕн куыд ӕххуыс кӕны йӕхи бинонты цардмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн?

8 Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцауы сыгъдӕг удӕн бар дӕттут, ӕмӕ уӕ мидӕг архайа, уӕ удыхъӕды уын хъомыл кӕна рӕсугъд миниуджытӕ: «уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын». Афтӕ дӕр ма нын амоны: «Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд та конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Ефесӕгтӕм 4:23, 24). Цалынмӕ дын бинонтӕ нӕй, уӕдмӕ куы архайай ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уӕд уый уыдзӕн, раст цыма банчы ӕхца ӕвӕрыс, уый хуызӕн – фидӕны, бинонтӕ куы скӕнай, уӕд дын стыр пайда фӕуыдзӕн.

9 Зӕгъӕм, сылгоймагӕн хорз уаид, фылдӕр йӕ хъус куы дарид йӕ уынд, йӕ кондмӕ нӕ, фӕлӕ йӕ «зӕрдӕйы уагмӕ» – цавӕр адӕймаг у, уымӕ (1 Петры 3:3, 4). Сылгоймаг уӕвгӕйӕ, ӕмбаргӕ ӕмӕ бонзонгӕ куы уай, уӕд архайдзынӕ зондӕй, ӕмӕ дын уый уыдзӕн ӕцӕг «фидыцы кадыхуд» (Ӕмбисӕндтӕ 4:9; 31:10, 30; 1 Тимофеймӕ 2:9, 10). Нӕлгоймагӕн та йӕ бон у, ӕмӕ ахуыр кӕна сылгоймӕгтӕн кад кӕнын, семӕ фӕлмӕн ныхас кӕнын (1 Тимофеймӕ 5:1, 2). Ахуыр кӕн дӕхимӕ уынаффӕ ӕмӕ бӕрндзинад исын. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ кӕй хъуамӕ уай, уый дӕр. Ӕдзух дӕхи иннӕтӕн хицау куы кӕнай, уӕд дын стӕй бинонты царды зын уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 29:23; Михей 6:8; Ефесӕгтӕм 5:28, 29).

10 Зондахаст ивын ӕнцон нӕу, фӕлӕ ууыл архайын хъӕуы алы чырыстоны дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы, ус куы ракурай кӕнӕ куы смой кӕнай, уӕд дӕ цардӕмбалимӕ цӕрын базондзынӕ.

ЦАРДӔМБАЛ АГУРГӔЙӔ ЦӔМӔ ХЪӔУЫ КӔСЫН

11, 12. Лӕппу ӕмӕ чызг иумӕ цӕрын базондзысты ӕви нӕ, уый сӕ бон куыд у базонын?

11 Цы адӕмы ’хсӕн цӕрыс, уыдонмӕ афтӕ у, ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕн цардӕмбал йӕхӕдӕг равзары? Кӕд о, уӕд, зӕгъӕм, исчи дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, уӕд дӕ цы бакӕнын хъӕуы? Фыццаджыдӕр уал дзӕбӕх ахъуыды кӕн: ӕцӕгдӕр мӕ фӕнды бинонтӕ скӕнын? Йӕ зӕрды кӕмӕн ницы ис, афтӕмӕй искӕй сыгъдӕг ӕнкъарӕнтӕй чи хъазы, уый дурзӕрдӕ адӕймаг у (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Уый фӕстӕ дӕхи бафӕрс: бинонтӕ скӕнын мӕ бон у? Кӕд ацы фарстытӕн «о» зӕгъыс, уӕд дарддӕр архай, уе ’гъдау куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ. Бирӕ рӕтты афтӕ у, ӕмӕ адӕймаг, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уымӕ иу цасдӕр йӕ хъус фӕдары, стӕй йӕм бацӕуы ӕмӕ йын фӕзӕгъы, кӕрӕдзи хуыздӕр базонӕм, зӕгъгӕ. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Куы нӕ йӕ бафӕнда, уӕд ӕй ныууадз – тыхмийӕ ми нӕй. Уымӕн дӕр ис уый бар, ӕмӕ йӕ куыд фӕнды, афтӕ бакӕна. Кӕд разы уа, уӕд та спълан кӕнут уӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитын: иумӕ искуыдӕм ацӕуын, исты аразын. Афтӕмӕй фендзынӕ, цардӕмбалӕн дын бӕззы ӕви нӕ a. Фӕлӕ дӕ уыцы рӕстӕг цӕмӕ хъӕуы кӕсын?

12 Ам ӕрхӕссӕн ис иу цӕвиттон. Фӕндыр ӕмӕ балалайкӕ куы райсӕм, уӕд дзы алкӕцыйӕн дӕр хицӕнӕй йӕ цагъд афтӕ рӕсугъд у, ӕмӕ йӕм адӕймаг хъусынӕй нӕ фефсӕды. Фӕлӕ, зӕгъгӕ, сӕ дыууӕйыл иумӕ цӕгъдынц, уӕд та? Уӕд сӕ цагъд афтӕ хъуамӕ сфидауа иумӕ, ӕмӕ иу зӕлау куыд хъуыса. Раст афтӕ у уӕ хабар сымахӕн дӕр. Алчидӕр уӕ хицӕнӕй, чи зоны, бирӕ фӕфыдӕбон кодта йӕ удыхъӕд срӕсугъд кӕныныл. Фӕлӕ хъуыдыйаг уый у, ӕмӕ иумӕ сфидаудзыстут? Ӕндӕр ныхасӕй – иумӕ цӕрын базондзыстут?

13. Демӕ иу диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ иу кӕнын ӕнӕзонд ми цӕмӕн у?

13 Цӕмӕй уӕ кӕрӕдзи хорз ӕмбарат, уый тыххӕй уӕ дыууӕ дӕр иу диныл хӕст хъуамӕ уат, иу цӕстӕй хъуамӕ кӕсат цардмӕ. «Ма баиу ут ӕнӕуырнджытимӕ»,– фыста апостол Павел (2 Коринфӕгтӕм 6:14; 1 Коринфӕгтӕм 7:39). Дӕ диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ дын ӕмудӕй цӕрын тынг зын уыдзӕн. Дыууӕ уды уымӕй тынгдӕр ницы бӕтты кӕрӕдзийыл, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уой. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уай ӕмӕ дӕ цардӕмбалимӕ адджынӕй цӕрай. О, уый йӕ фӕнды, ӕмӕ йемӕ дӕр ӕмӕ уӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр баст уат уарзты фидар тӕгтӕй (Екклесиаст 4:12).

14, 15. Бинонты иудзинадӕн ӕрмӕст уый фаг у, ӕмӕ иу диныл хӕст уой? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнын – уый у бинонты иудзинадӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Цӕмӕй ӕмудӕй цӕрат, уый тыххӕй уӕ фӕндтӕ, уӕ нысӕнттӕ дӕр хъуамӕ уой иу. Зӕгъӕм, цы хъуыды кӕнут сывӕллӕттӕ рауадзыны тыххӕй? Кӕнӕ уын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у? b (Матфейы 6:33). Бинонтӕ ӕцӕг амондджын уӕд уыдзысты, лӕг ӕмӕ ус хорз хӕлӕрттӕ куы уой, ӕнӕ кӕрӕдзийӕ сын цард куы нӕ ад кӕна (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Ӕмӕ уын уый тыххӕй та хъуамӕ уа, уӕ дыууӕ дӕр кӕй уарзат, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕнӕ уымӕй уын зын уыдзӕн, ӕмӕ адджын хӕлӕрттӕ уат, ноджы зындӕр та – адджын бинонтӕ уат, уый. Фӕлӕ афтӕ куы уа, ӕмӕ дӕ цард баиу кӕнын кӕимӕ хъавыс, уымӕн цыдӕр цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ, зӕгъӕм, тезгъо кӕнын, дӕуӕн та нӕ, уӕд та куыд? Уӕ цард баиу кӕнӕн уын нӕй? Куыннӕ. Чи зоны, ахсджиагдӕр хъуыддӕгты ӕмхуызон хъуыды кӕнут. Стӕй, тынг цы нӕ уарзыс, уый дӕр, дӕ цард кӕимӕ хъавыс баиу кӕнын, уый тыххӕй куы саразай, уӕд ын ӕхсызгон уыдзӕн (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

15 Иумӕ сфидаудзыстут, уый фылдӕр уымӕй аразгӕ нӕу, ӕмӕ цас ӕмхуызон стут, фӕлӕ уӕ хъуыды ивынмӕ цӕттӕ стут ӕви нӕ, уымӕй. Уӕдӕ, алы хъуыддаджы дӕр иухуызон хъуыды кӕнут ӕви нӕ, уымӕ ма кӕс. Уый бӕсты ахъуыды кӕн: истӕуыл разы куы нӕ вӕййӕм, уӕд нӕ бон вӕййы сабырӕй, уӕзданӕй аныхас кӕнын? Кӕрӕдзийы хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм? Ӕви нӕ ныхас быцӕумӕ, йе та хылмӕ дӕр ахизы? (Ефесӕгтӕм 4:29, 31). Сӕрбӕрзонд ӕмӕ тыхдзырд чи у, стӕй ӕдзухдӕр, уый цы фӕнды ӕмӕ уый куыд фӕнды, афтӕ чи кӕны, ахӕмы цардӕмбалӕн ма равзар.

БӔСТОН УАЛ БАЗОН АЛЦЫДӔР

16, 17. Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы цӕмӕ хъӕуы кӕсын?

16 Чырыстон ӕмбырды цыдӕр бӕрндзинад кӕуыл сӕвӕрынц, уыдоны уал «фыццаг... бафӕлварынц, бӕззынц ӕви нӕ» (1 Тимофеймӕ 3:10). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Сылгоймагӕн хорз уаид ахӕм фарстытыл ахъуыды кӕнын: ацы адӕймагӕн иннӕты цӕсты цы кад ис? Чи сты йе ’мбӕлттӕ? Хиуыл хӕцын зоны? Ацӕргӕтӕн кад кӕны? Чи сты йӕ бинонтӕ, йӕ ныййарджытӕ? Семӕ куыд у? Ӕхцауарзаг нӕу? Нуазгӕ нӕ кӕны? Мӕстыгӕр, карз адӕймаг нӕу? Ӕмбырды йыл цы хӕстӕ ис ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕны? Мӕ бон ын уыдзӕн зӕрдӕйӕ кад кӕнын, нымайдзынӕн ӕй? (Левит 19:32; Ӕмбисӕндтӕ 22:29; 31:23; Ефесӕгтӕм 5:3–5, 33; 1 Тимофеймӕ 5:8; 6:10; Титмӕ 2:6, 7).

17 Нӕлгоймагӕн та йӕ бон у ахъуыды кӕнын: цы чызгыл дзурын, уый Хуыцауы уарзы, Хуыцауы ӕфсарм ӕм ис? Хӕдзары куыстытӕм арӕхсы? Нӕ цард куы баиу кӕнӕм, уӕд нӕм йӕ бинонтӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты? Ӕмбаргӕ, куыстуарзаг у, ӕхцайыл фӕстӕмӕ хӕцын зоны? Арӕхдӕр цӕуыл фӕдзуры? Иннӕты хъуыддӕгты йӕхи нӕ тъыссы? Иннӕтыл тыхсы, ӕви йӕ ӕрмӕстдӕр йӕхи уды мӕт ис? Ӕууӕнкджын адӕймаг у? Коммӕгӕс у ӕви хивӕнд, ныхмӕ дзурын чи уарзы, ахӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 31:10–31; Лукайы 6:45; Ефесӕгтӕм 5:22, 23; 1 Тимофеймӕ 5:13; 1 Петры 4:15).

18. Кӕрӕдзимӕ исты гыццыл хъӕндзинӕдтӕ куы фенат, уӕд уӕ цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?

18 Ӕцӕг дӕ рох ма уӕд, цардӕмбалӕн кӕй ӕвзарыс, уый, чингуыты кӕй кой фӕкӕнынц, ахӕм алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг кӕй нӕу, фӕлӕ Адамы ӕнӕххӕст байзӕддаг. Алы адӕймагмӕ дӕр ис хъӕндзинӕдтӕ – дӕумӕ дӕр ӕмӕ, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уымӕ дӕр. Фӕлӕ уыцы хъӕндзинӕдтӕй бирӕтӕ сӕ койы аккаг дӕр не сты (Ромӕгтӕм 3:23; Иаковы 3:2). Уымӕй уӕлдай, адӕймаг йӕхимӕ исты хъӕндзинад куы фены, уӕд ын фӕзыны фадат йӕхиуыл бакусынӕн, йӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Зӕгъӕм, цӕуылдӕр фӕбыцӕу стут. Кӕрӕдзийы чи уарзы ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ чи кӕны, уыдон дӕр алы хатт ӕмхуызон нӕ фӕхъуыды кӕнынц. (Абар Райдиан 30:2; Хъуыддӕгтӕ 15:39.) Чи зоны, уӕ дыууӕйы дӕр гыццыл фылдӕр хъӕуы уӕхиуыл бакусын, цӕмӕй хиуылхӕцгӕдӕр уат ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ сабырдӕрӕй ныхас кӕнын уӕ бон уа? (Ӕмбисӕндтӕ 25:28). Дӕ цард баиу кӕнын кӕимӕ хъавыс, уый йӕ удыхъӕд ивын фӕнды? Дӕу та? Алцы дӕм хъыг ма кӕса, дӕ зӕрдӕмӕ алцы афтӕ ӕввахс ма исай, ууыл архайыс? (Екклесиаст 7:9). Кӕмӕн уӕ йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ууыл ӕргом ныхас кӕнын куы ахуыр кӕнат, уӕд уын иумӕ цӕрын ӕнцондӕр уыдзӕн (Колоссӕгтӕм 3:13).

19. Кӕимӕ ӕмбӕлыс, уымӕ дӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕрты тынг куы ’хсайа, уӕд дӕ куыд бакӕнын хъӕуы?

19 Фӕлӕ зӕгъгӕ адӕймагмӕ ахӕм миниуджытӕ уыныс, ӕмӕ дын ӕнцой нӕ дӕттынц, уӕд та? Уӕд дӕ хъӕуы хорз ахъуыды кӕнын. Уыцы адӕймаг цыфӕнды тынг ма цӕуа дӕ зӕрдӕмӕ, цыфӕнды тынг дӕ ма фӕнда ус ракурын кӕнӕ чындзы ацӕуын, уӕддӕр дӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ ма бакуырм кӕнӕнт (Ӕмбисӕндтӕ 22:3; Екклесиаст 2:14). Кӕд ӕм дӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕрты тынг ӕхсайы, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ мауал ӕмбӕлат ӕмӕ дӕ цард йемӕ ма сбӕттай.

УЕ ’ФСАРМ МА ФӔЧЪИЗИ КӔНУТ

20. Лӕппу ӕмӕ чызг сӕхи афтӕ кӕд дардзысты, ӕмӕ сӕм фау ӕрхӕссӕн ма уа?

20 Куы ’мбӕлат, уӕд уӕхи куыд хъуамӕ дарат, цӕмӕй уе ’фсарм сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕнат? Фыццаджыдӕр, уӕхи хъуамӕ афтӕ дарат, ӕмӕ уӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Цы адӕмы ’хсӕн цӕрут, уыдонмӕ, лӕппу ӕмӕ чызг кӕрӕдзийы къухтыл хӕцой, кӕрӕдзийӕн апъа кӕной кӕнӕ ахъӕбыс кӕной, уый аив у? Кӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕддӕр ахӕм ӕргом цинтӕн уе ’хсӕн бынат хъуамӕ ма уа, цалынмӕ уӕ чындзӕхсӕвы боныл бӕлвырд нӕ баныхас кӕнат, уӕдмӕ. Стӕй кӕсут, цӕмӕй, кӕрӕдзийыл кӕй цинтӕ кӕнут, уый уын ӕнӕфсарм митӕм ма ахиза ӕмӕ ма фӕрӕдийат (Ефесӕгтӕм 4:18, 19; абар Соломоны зарӕг 1:2; 2:6; 8:5, 9, 10). Зӕрдӕ тынг мӕнгард у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ машинӕйы, хӕдзары кӕнӕ ӕндӕр искуы ӕрмӕст уӕ дыууӕ макуы баззайут (Йереми 17:9). Уе ’фсарм куы хъахъхъӕнат, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, хиуыл хӕцын кӕй зонут ӕмӕ уӕхи зӕрдӕйы монцтӕй тынгдӕр иннӕйы хорздзинадыл кӕй хъуыды кӕнут. Ӕппӕты сӕйраг та уый у, ӕмӕ уӕ сыгъдӕг уарзт уынгӕйӕ райдзӕн Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ – уый йӕ адӕмы фӕдзӕхсы ӕнӕфсарм митӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй (Галатӕгтӕм 5:19–21).

21. Цӕмӕй лӕппу ӕмӕ чызджы ’хсӕн алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй сӕ ӕргом цӕуыл хъӕуы аныхас кӕнын?

21 Цӕмӕй уе ’хсӕн алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй ма уӕ хъӕуы кӕрӕдзийӕн алцыдӕр ӕргом дзурын дӕр. Иугӕр уӕ цард баиу кӕнын аскъуыддзаг кодтат, уӕд уӕ бирӕ цӕуылдӕрты хъӕудзӕн аныхас кӕнын. Зӕгъӕм, кӕм цӕрдзыстут? Кусгӕ уӕ дыууӕ дӕр кӕндзыстут? Сывӕллӕттӕ рауадзын уӕ фӕнды? Стӕй уӕ кӕд искӕмӕн раздӕр йӕ царды ахӕмӕй исты ӕрцыд, ӕмӕ уӕ иумӕйаг цардыл фӕзындзӕн, уӕд уый дӕр сусӕг кӕнын нӕ хъӕуы. Чи зоны, кӕмӕйдӕр бирӕ ӕхца дарыс кӕнӕ дыл кӕйдӕр раз цыдӕр хӕстӕ ис, йе та цыдӕр низӕй рынчын дӕ. ВИЧ (СПИД чи расайы, уыцы вирус) кӕмӕ ис, уыдонӕй уый бирӕтыл уайтагъд нӕ фӕзыны. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд дыууӕ адӕймагӕй иу раздӕр хӕлд митӕ кӕнӕ наркотиктӕ кодта, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн, йӕ къайаг ын йӕхӕдӕг кӕнӕ та йӕ ныййарджытӕ куы зӕгъой, цӕмӕй туджы анализтӕ ратта. Ӕмӕ йӕ анализтӕ ӕвзӕр исты куы равдисой, уӕд куыд? Кӕд иннӕйы нал фӕнда, цӕмӕй ма дарддӕр се ’хсӕн исты уа, уӕд уыцы адӕймаг сӕ баиуы хъуыддагыл хъуамӕ мауал архайа. Уӕвгӕ, хорз уаид, ӕмӕ кӕд адӕймаг раздӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кодта, уӕд, цалынмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын райдайа, уӕдмӕ йӕхӕдӕг куы ацӕуид ӕмӕ туджы анализтӕ куы раттид, цӕмӕй йӕ базона, СПИД-ӕй рынчын у ӕви нӕ.

СӔЙРАГ ЧЫНДЗӔХСӔВ НӔУ

22, 23. а) Куыд рауайы афтӕ, ӕмӕ чындзӕхсӕвмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ адӕймаг йӕхи ӕгӕр стыхсын кӕны? ӕ) Чындзӕхсӕв ӕмӕ бинонты царды фӕдыл цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?

22 Чындзӕхсӕвы размӕ цалдӕр мӕйы уӕ дыууӕ дӕр тынг ӕнӕвдӕлон уыдзыстут, уымӕн ӕмӕ уӕ хъӕудзӕн алцыдӕр ӕрцӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ бонзонгӕ куы уат, уӕд уын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн. Стыр чындзӕхсӕвӕй, чи зоны, хиуӕттӕ ӕмӕ хуынд адӕм райгондӕй баззайой, фӕлӕ уӕхӕдӕг та, стӕй уӕ бинонтӕ дӕр, ныффӕллайдзыстут ӕмӕ ма уӕ фӕстаг ӕхцатӕ дӕр бахардз кӕндзыстут. Раст у, ӕгъдӕуттыл бынтон къух сисӕн нӕй, фӕлӕ, иннӕтӕй фӕстейӕ ма баззайон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй дзы иу дӕр ма ауадзай, уый хорз нӕу. Афтӕмӕй уӕ, уӕ чындзӕхсӕвы нысан цы у, уый айрох уыдзӕн ӕмӕ уын уыцы рӕсугъд бон фенад уыдзӕн. Уӕдӕ кӕд иннӕты зондмӕ дӕр хъӕуы байхъусын, уӕддӕр чындзӕхсӕвы уынаффӕгӕнӕг усгур йӕхӕдӕг у (Иоанны 2:9).

23 Рох уӕ ма уӕд: уӕ чындзӕхсӕв ӕрмӕстдӕр иу бон уыдзӕн, иумӕ цӕрын та уӕ цӕрӕнбонтӕм хъӕудзӕн. Уӕдӕ чындзӕхсӕвы боныл ӕгӕр ма мӕт кӕнут. Уый бӕсты зонд агурут Йегъовӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ хъуыды кӕнут уӕ дарддӕры цардыл. Уӕд уӕхи хорз бацӕттӕ кӕндзыстут бинонты цардмӕ.

a Афтӕ бакӕнӕн ис, лӕппу ӕмӕ чызг ӕмбӕлой, уый чырыстӕттӕн кӕм фидауы, ахӕм бӕстӕты.

b Чырыстон ӕмбырды дӕр вӕййы ахӕмтӕ, ӕмӕ нӕдӕр иутӕй сты, нӕдӕр иннӕтӕй. Уый зӕгъӕн сӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц, зондахастӕй дӕр ӕмӕ сӕ уаг, се ’гъдауӕй дӕр дунейӕ дард нӕ фӕлӕууынц (Иоанны 17:16; Иаковы 4:4).