Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔХСӔРДӔСӔМ СӔР

Дӕ бинонты ӕнусон фидӕн

Дӕ бинонты ӕнусон фидӕн

1. Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур куы ’рӕвӕрдта, уӕд йӕ фӕндон цы уыд?

 ЙЕГЪОВӔ Адам ӕмӕ Евӕйы цард куы баиу кодта, уӕд Адам афтӕ тынг цин кодта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ ссыди рӕсугъд ӕмдзӕвгӕ – уый уыди дзуттаг ӕвзагыл фыст ӕмдзӕвгӕтӕй фыццаг (Райдиан 2:22, 23). Фӕлӕ Сфӕлдисӕджы ӕрмӕст уый нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ зӕххон сывӕллӕттӕ цардыл цин кодтаиккой. Уый фӕндыд, цӕмӕй йын ӕмкъӕйттӕ дӕр ӕмӕ ӕгас бинонтӕ дӕр ӕххӕст кодтаиккой йӕ фӕндон. Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн загъта: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл ӕмӕ зӕххыл хилӕг алкӕцы цӕрӕгойыл» (Райдиан 1:28). Цы ма уыдаид уымӕй диссагдӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр хӕс! Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр куы хъуыстаиккой ӕмӕ йын йӕ фӕндон куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд куыд амондджын уыдаиккой сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр!

2, 3. Бинонтӕ ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

2 Афтӕ абон дӕр ӕцӕг амондджын сты, Хуыцауы фӕндон иумӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы бинонтӕ. Апостол Павел фыста: «Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый... пайда у алцӕмӕн дӕр – уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:8). Бинонтӕ Хуыцауыл иузӕрдион куы уой ӕмӕ, йӕ Ныхас Библийы цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд сӕ «цард абон дӕр» уыдзӕн амондджын (Псалом 1:1–3; 118:105; 2 Тимофеймӕ 3:16). Бинонтӕй ӕрмӕстдӕр иу куы цӕра Библимӕ гӕсгӕ, уӕддӕр сӕ цард бирӕ хуыздӕр уыдзӕн.

3 Ацы чиныджы Библийӕ бирӕ уынаффӕтыл цыди дзырд. Уыдонӕй аразгӕ у бинонты амонд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй бафиппайдтай, иуӕй-иу хъуыдытӕ дзы цалдӕргай хӕттыты дӕр кӕй ӕмбӕлынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы диссаджы хъуыдытӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр стыр ӕххуыс сты сӕ иумӕйаг царды алы фӕзилӕны дӕр. Бинонтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ куы аразой, уӕд ӕй фендзысты, Хуыцауыл иузӕрдион уай, ӕцӕгдӕр уымӕй кӕнгӕ кӕй у «нӕ абоны цард». Уӕдӕ ма иу хатт ӕркӕсӕм уыцы ахсджиаг уынаффӕтӕй цыппармӕ.

ЦӔМӔН ХЪӔУЫ ХИУЫЛ ХӔЦЫН

4. Бинонты царды хиуылхӕцындзинад цӕмӕн хъӕуы?

4 Паддзах Соломон ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Сахар куыд ныппырх уа ӕмӕ ӕнӕ къултӕй куыд баззайа, афтӕ у, йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, ахӕм адӕймаг дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 25:28; 29:11). Йӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕхиуыл хӕцын зона. Адӕймаг йӕ масты фӕдыл кӕнӕ зӕрдӕйы чъизи монцты фӕдыл куы фӕцӕуы, уӕд йӕ бинонты цард ахӕм уавӕрмӕ ӕркӕны, ӕмӕ бахъӕуы азтӕ, цӕмӕй та алцыдӕр йӕ бынаты сбада, йе та уыцы хъуыддагӕн ӕппындӕр нал вӕййы срастгӕнӕн.

5. Ӕнӕххӕст адӕймагмӕ хиуылхӕцындзинад цӕй фӕрцы фӕзындзӕн ӕмӕ йын уыцы миниуӕг куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адамы байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ тӕригъӕдджын буарыл йӕ бар ӕххӕстӕй нӕ цӕуы (Ромӕгтӕм 7:21, 22). Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ хиуылхӕцындзинад у, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, ахӕм миниуӕг (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ Хуыцаумӕ куы кувӕм, цӕмӕй нӕм хиуылхӕцындзинад уа ӕмӕ, Фыстад куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, стӕй, уыцы миниуӕг кӕмӕ ис, уыдоныл нӕхи куы бӕттӕм, кӕмӕ нӕй, уыдонӕй та нӕхи куы хизӕм, уӕд нын уыцы миниуӕг Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй ӕрфидар кӕндзӕн нӕ удыхъӕды (Псалом 118:100, 101, 130; Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 1 Петры 4:7). Хиуылхӕцындзинад нӕм куы уа, уӕд фӕлварӕны дӕр «дард лидздзыстӕм хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Стӕй тыхми дӕр нӕ кӕндзыстӕм, нӕ къух никӕмӕ исдзыстӕм ӕмӕ нозтӕй дӕр бӕрц зондзыстӕм, кӕд нозтыл бафтыдыстӕм, уӕд та йӕ ныууадздзыстӕм. Зындзинӕдты куы бахауӕм кӕнӕ нӕ исчи куы мӕсты кӕна, уӕд уыдзыстӕм сабырдӕр. Уӕдӕ нӕ стырӕй-чысылӕй алчидӕр кусӕд йӕхиуыл, цӕмӕй нӕм уа, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуӕг – хиуылхӕцындзинад (Псалом 118:1, 2).

БИНОНТЫ ’ХСӔН ХИСТӔР ЧИ У, УЫМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСУТ

6. а) Хуыцау бинонты хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдта? ӕ) Цӕмӕй хӕдзары хицауӕн йӕ бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй йӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дара?

6 Дыккаг уынаффӕ та уый у, ӕмӕ бинонты ’хсӕн хистӕр чи у, уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Уый фӕдыл Павел афтӕ загъта: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хӕдзары хицау у лӕг, ус ын алы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕны, сывӕллӕттӕ та сӕ ныййарджытӕм хъусынц (Ефесӕгтӕм 5:22–25, 28–33; 6:1–4). Фӕлӕ лӕгӕн йӕ бинонтӕ амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзысты, ӕмӕ йӕ бартӕй раст куы пайда кӕна. Хуыцауыл иузӕрдион чи у, ахӕм лӕг ӕй зоны, хистӕр уай, уый афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ дӕ иннӕтӕ ӕмризӕджы ризой. Ахӕм лӕг алцӕмӕй дӕр фӕзмы йӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Кӕд Йесойы Хуыцау хъуамӕ «ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдтаид», уӕддӕр зӕхмӕ «уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ йын лӕггад кодтаиккой, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кодтаид» (Ефесӕгтӕм 1:22; Матфейы 20:28). Раст афтӕ чырыстон дӕр, бинонты хистӕр уӕвгӕйӕ, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, афтӕ нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ хъуыды кӕндзӕн, йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5).

7. Хуыцау бинонты ’хсӕн усыл цы хӕстӕ сӕвӕрдта, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн ын Библийӕ цавӕр хъуыдытӕ ӕххуыс кӕндзысты?

7 Ӕмӕ ус дӕр Хуыцауыл иузӕрдион куы уа, уӕд йӕхи йӕ лӕджы разӕй нӕ кӕндзӕн кӕнӕ йын хицау дӕр не суыдзӕн. Уый бӕсты-иу алы хъуыддаджы дӕр йӕ фарсмӕ балӕудзӕн ӕмӕ йын ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Библи комкоммӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау у» (Ефесӕгтӕм 5:23). Сылгоймаг чындзы куы ацӕуы, уӕдӕй фӕстӕмӕ вӕййы «йӕ сӕрыхицауы закъоны» дӕлбар (Ромӕгтӕм 7:2). Фӕлӕ ма йӕ Библи хоны йӕ лӕгӕн «ӕххуысгӕнӕг» дӕр, «йемӕ чи сфидауа, ахӕм» (Райдиан 2:20). Ус хайджын у, лӕгмӕ чи нӕй, ахӕм миниуджытӕй, ӕмӕ йын уый фӕрцы у хорз ӕххуысгӕнӕг (Ӕмбисӕндтӕ 31:10–31). Библи ма ноджыдӕр зӕгъы, ус лӕгӕн йӕ «цардӕмбал» кӕй у, ома царды алы хъуыддаджы дӕр ис йӕ лӕджы фарсмӕ (Малахи 2:14). Библийӕ ацы хъуыдытӕ ӕххуыс кӕнынц лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр, цӕмӕй сӕ алкӕуыл дӕр цы хӕстӕ ис, уый ӕмбарой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной.

«РӔВДЗ УТ БАЙХЪУСЫНМӔ»

8, 9. Цӕмӕй бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын зоной, уый тыххӕй сын Библийӕ цавӕр хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты?

8 Ацы чиныджы арӕх цӕуы дзырд, бинонты кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын кӕй хъӕуы, ууыл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ куы ныхас кӕной ӕмӕ кӕрӕдзимӕ хъусын куы зоной, уӕд сӕ хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты. Цалдӕр хатты дзы уыди уыцы хъуыды, ӕмӕ иу куы дзура, уӕд ӕм иннӕ та хъуамӕ хъусгӕ кӕна. Чырыстийы ахуыргӕнинаг Иаков афтӕ загъта: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иаковы 1:19).

9 Кӕсын хъӕуы, куыд дзурӕм, уымӕ дӕр. Ӕдзух ӕнӕрхъуыды ӕмӕ хыл ныхас, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕм хъуыса, уым ӕргом ныхас кӕнын ӕнцон нӕ уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 15:1; 21:9; 29:11, 20). Цыфӕнды раст ныхас дӕр сӕрбӕрзондӕй кӕнӕ ӕфхӕрды хуызы куы зӕгъӕм, уӕд йӕ пайдайӕ йӕ зиан фылдӕр уыдзӕн. Нӕ дзыхыныхас хъуамӕ уа зӕрдӕмӕдзӕугӕ, «цӕхх ыл куыд уа, афтӕ» (Колоссӕгтӕм 4:6, фип.). Нӕ ныхӕстӕ та хъуамӕ уой, «ӕвзистӕй нывӕфтыд къусыл сызгъӕрин фӕткъуыты ныв куыд фидауы, афтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 25:11). Бинонтӕй алчидӕр, куыд ныхас кӕны, уымӕ йӕ хъус куы дара, уӕд бирӕ амондджындӕр уыдзысты.

СӔЙРАГДӔР У УАРЗОНДЗИНАД

10. Бинонтӕ кӕрӕдзийы сӕйраджыдӕр цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарзой?

10 Дзырд «уарзондзинад» арӕх ӕмбӕлы ацы чиныджы. Хъуыды ма йӕ кӕныс, сӕйраджыдӕр дзы цавӕр уарзондзинады кой цӕуы? Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы рӕсугъд уарзт райгуыры (грекъ. э́рос), уый ахсджиаг у бинонты царды. Стӕй иумӕ цӕргӕйӕ лӕг ӕмӕ ус свӕййынц кӕрӕдзийыл ӕнувыд хӕлӕрттӕ, ӕмӕ уыцы хӕлардзинады фӕрцы дӕр (грекъ. фили́а) вӕййынц ӕнгомдӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕты сӕйрагдӕр у, грекъаг дзырд ага́пи кӕй ӕвдисы, уыцы уарзондзинад. Ахӕм уарзтӕй уарзӕм Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ адӕмы (Матфейы 22:37–39). Йегъовӕ дӕр адӕмы ахӕм уарзтӕй уарзы (Иоанны 3:16). Уӕдӕ гъе уыцы уарзтӕй хъуамӕ уарзӕм нӕ цардӕмбалы ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты дӕр! (1 Иоанны 4:19).

11. Лӕг ӕмӕ усӕн уарзондзинад куыд ӕххуыс кӕны?

11 Бинонты ацы сыгъдӕг уарзты «хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн ахӕм уарзт куы уа, уӕд ӕдзухдӕр хъуыды кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Зын уавӕры куы бахауынц, уӕд дӕр уарзондзинады фӕрцы вӕййынц кӕрӕдзийы фарсмӕ. Дыууӕ удыл азтӕ куы рацӕуы, уӕд дӕр, сӕ зӕрдӕты уарзондзинад кӕй ис, уый фӕрцы кӕрӕдзийӕн вӕййынц ныфс ӕмӕ раздӕрау адджын. «Уарзондзинад... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны... Алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:4–8).

12. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы куы уарзой, уӕд бирӕ ӕнгомдӕр уыдзысты?

12 Бинонтӕ ноджы ӕнгомдӕр ӕмӕ фидардӕр та уӕд вӕййынц, ӕмӕ канд сӕ кӕрӕдзи нӕ, фӕлӕ, сӕйраджыдӕр, Йегъовӕйы куы уарзой (Екклесиаст 4:9–12). Цӕмӕн? Апостол Иоанн фыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм» (1 Иоанны 5:3). Уӕдӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы зондыл канд уый тыххӕй хъуамӕ ма аразой, ӕмӕ сӕ уарзынц, фӕлӕ сын афтӕ Йегъовӕ кӕй фӕдзӕхсы, уый тыххӕй (Дыккаг закъон 6:6, 7). Лӕг ӕмӕ ус ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй сӕхи канд уый тыххӕй хъуамӕ ма хизой, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы уарзынц, фӕлӕ Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый тыххӕй – Йегъовӕ та тӕрхон кӕндзӕн, «хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:4). Адӕймагӕн йӕ цардӕмбал стыр мӕстытӕ куы ’взарын кӕна, уӕд дӕр, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр архайдзӕн, Библи куыд амоны, афтӕ. Уӕдӕ амондджын куыннӕ сты, канд сӕ кӕрӕдзи нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы дӕр чи уарзы, уыцы бинонтӕ!

ХУЫЦАУЫ ФӔНДОН ӔХХӔСТ КӔНУТ

13. Адӕймаг йӕхицӕн фидарӕй куы зӕгъа, цыфӕндыйӕ дӕр Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, уӕд ын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уый йӕ зӕрдыл дарынӕн?

13 Чырыстонӕн йӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Псалом 142:10). Ӕрмӕстдӕр уӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион у. Бинонтӕ Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ хъуыдытӕ алкӕддӕр уыдзысты, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, ууыл (Филиппӕгтӕм 1:9, 10). Зӕгъӕм, Йесо дзырдта: «Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй фырты скӕнон йӕ фыды ныхмӕ, чызджы йӕ мады ныхмӕ, ӕмӕ чындзы та йе ’фсины ныхмӕ. О, адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матфейы 10:35, 36). Ӕмӕ Йесо куыд загъта, раст афтӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕй бирӕтӕн сӕ бинонтӕ цӕуынц сӕ ныхмӕ. Куыд зын вӕййы уый адӕймагӕн! Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бинонты Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ фылдӕр хъуамӕ ма уарзӕм (Матфейы 10:37–39). Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, фӕлӕ фидар куы фӕлӕууы, уӕд фӕстӕдӕр сӕ хъуыды фӕивынц – фенынц ӕй, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый йыл хорзырдӕм кӕй фӕзынд (1 Коринфӕгтӕм 7:12–16; 1 Петры 3:1, 2). Фӕлӕ, зӕгъӕм, бинонтӕ сӕ хъуыды нӕ фӕивтой ӕмӕ адӕймаг, йӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй Хуыцауӕн нал лӕггад кӕны, уӕд ын уый хорзӕй исты ӕрхӕсдзӕн? Ӕмӕ кӕд ӕрхӕсса, уӕддӕр кӕдмӕ?

14. Ныййарджыты Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын куы фӕнда, уӕд сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзысты?

14 Ныййарджытӕ Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕной, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзысты. Иуӕй-иу адӕмтӕм ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕсынц, ома сӕ нырма мах дарӕм, стӕй та нӕ уыдон дардзысты, мӕнӕ цыдӕр хъуыддагӕн ӕхца куыд раттай ӕмӕ дзы стӕй пайда куыд райсай, афтӕ. Раст у, сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕсой, фӕлӕ сӕ зӕронды бонтыл хъуыдыгӕнгӕйӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахӕм зондыл хъуамӕ ма аразой, ӕмӕ цардмӕ ӕхцайы цӕстӕй кӕсой. Сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауӕй тынгдӕр ӕхца куы бауарзын кӕной, уӕд сын уымӕй хорзӕй ницы сараздзысты (1 Тимофеймӕ 6:9).

15. Тимофейы мад Евникӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кодта, уымӕй фӕзминаг цӕмӕн у?

15 Ацы хъуыддаджы фӕзминаг у Павелы ӕрыгон ӕрдхорд Тимофейы мад Евникӕ (2 Тимофеймӕ 1:5). Кӕд Евникӕйӕн йӕ лӕг уырнӕг нӕ уыд, уӕддӕр йӕ мад Лоидӕимӕ Тимофейы афтӕ схъомыл кодтой, ӕмӕ сси Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг (2 Тимофеймӕ 3:14, 15). Тимофей куы сыстыр, уӕд ӕй Евникӕ ауагъта, цӕмӕй Павелимӕ алы бӕстӕтӕм Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хастаиккой (Хъуыддӕгтӕ 16:1–5). Ахъуыды-ма кӕн, цы цин кодтаид, йӕ фырт диссаджы миссионер кӕй сси, ууыл! Тимофей Хуыцауыл афтӕ иузӕрдион уыд, йӕ гыццылӕй йӕ куыд хъомыл кодта, уый фӕрцы. Ӕмӕ-иу кӕд Евникӕ йӕ фырты мысгӕ дӕр кодта, уӕддӕр-иу ын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, куыд ӕнувыдӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй хъусын! (Филиппӕгтӕм 2:19, 20).

УӔ БИНОНТӔ ӔМӔ УӔ ФИДӔН

16. Йесо йӕ мадыл куыд батыхст, фӕлӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы уыди?

16 Йесо хъомыл кодта Хуыцауыл ӕнувыд бинонты ’хсӕн ӕмӕ куы сыстыр, уӕд йӕ мадыл хъуыды кодта, тыхсти йыл (Лукайы 2:51, 52; Иоанны 19:26). Фӕлӕ йын уӕддӕр царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыди Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ Йесойы тыххӕй та Хуыцаумӕ ахӕм фӕнд уыди, цӕмӕй адӕмӕн ӕнусон цардмӕ фӕндаг бакодтаид. Йесо уый сарӕзта, йӕ ӕххӕст адӕймаджы цард тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй нывондӕн куы радта, уӕд (Марчы 10:45; Иоанны 5:28, 29).

17. Йесо иузӕрдион кӕй уыд, уый фӕрцы цавӕр диссаджы фадӕттӕ фӕзынд, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн?

17 Йесо куы амард, уӕд ӕй Йегъовӕ райгас кодта уӕларвон цардмӕ ӕмӕ йын радта стыр бартӕ, фӕстӕдӕр та йӕ сӕвӕрдта уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй (Матфейы 28:18; Ромӕгтӕм 14:9; Раргомад 11:15). Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы адӕмӕй кӕмӕндӕрты фӕзынд ахӕм фадат, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы Паддзахадмӕ ӕвзӕрст ӕрцӕуой ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уой. Иннӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн та фӕзынд уый фадат, цӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ суой ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Раргомад 5:9, 10; 14:1, 4; 21:3–5; 22:1–4). Ӕмӕ нӕм абон ахӕм стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ уыцы диссаджы хорз хабар иннӕтӕн хъусын кӕнӕм (Матфейы 24:14).

18. Бинонты дӕр ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр цы нӕ хъӕуы рох кӕнын ӕмӕ сӕ цӕмӕ хъӕуы тырнын?

18 Апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, Хуыцауыл иузӕрдион куы уай, уӕд дӕм стыр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы «фидӕны дӕр». Ӕцӕгдӕр, царды уымӕй хуыздӕр ӕмӕ амондджындӕр фӕндаг нӕй! Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй «дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ фӕивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17). Уӕдӕ сывӕллон дӕ ӕви ныййарӕг, лӕг ӕви ус, дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс ӕви дын сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ цардӕмбал дӕр нӕй,– ӕппӕт хъарутӕй архай Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Цыфӕнды фӕлварӕны ӕмӕ цыфӕнды зын уавӕры ма бахауай, уӕддӕр дӕ макуы ферох уӕд, удӕгас Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс. Цӕй уӕдӕ дӕ алы къахдзӕф дӕр ӕхсызгон уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Ӕмӕ дӕ цард афтӕ араз, цӕмӕй абон дӕр амондджын уай ӕмӕ фидӕны ног дунейы та ӕнустӕм цӕрай!