Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫППӔРДӔСӔМ СӔР

Иумӕ – зӕронды бонтӕм

Иумӕ – зӕронды бонтӕм

1, 2. а) Адӕймагыл азтӕ куыд фӕзынынц? ӕ) Раджы заманты Хуыцауӕн кувӕг адӕм сӕ зӕронды бонты зӕрдӕрухс цӕй фӕрцы уыдысты?

 АЗТӔ ныл куыд цӕуынц, афтӕ нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивы. Низтӕ ныл тых кӕнын райдайынц, уӕнгты кӕддӕры хъару нал вӕййы. Кӕсӕны бакӕс, ӕмӕ та дӕ цӕсгомыл фӕзынд ног ӕнцъылдтытӕ, сындӕггай сӕрыхъуынтӕ халас ӕвӕрынц ӕмӕ къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнынц. Арӕх фӕзӕгъӕм, хъуыды мын нал ис, зӕгъгӕ. Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг бинонтӕ куы скӕнынц, уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕм сӕ ныййарджыты фӕхъӕуы ӕндӕр цӕстӕй кӕсын, стӕй сын цот куы фӕзыны, уӕд дӕр та сӕ фӕхъӕуы ӕндӕрхуызон архайын. Иуӕй-иутӕн та сӕ цард бынтондӕр фӕивы, пенсийы куы ацӕуынц, уӕд.

2 Дзырд дӕр ыл нӕй, адӕймаг кӕй зӕронд кӕны, уым хорзӕй ницы ис (Екклесиаст 12:1–8). Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй Библи кӕй кой кӕны, уыдоныл. Уыдон царды сфӕлтӕрдтой, ссардтой зонд ӕмӕ систы ӕмбаргӕ. Гъемӕ зӕрондӕй дӕр цардӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодта, кӕд сӕм мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр (Райдиан 25:8; 35:29; Иов 12:12; 42:17). Цӕй фӕрцы? Уыдон сӕ цард арӕзтой, мӕнӕ абон мах Библи цы зондыл ахуыр кӕны, уымӕ гӕсгӕ (Псалом 118:105; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

3. Павел ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн цавӕр уынаффӕтӕ радта?

3 Апостол Павел Титмӕ цы фыстӕг ныффыста, уым хорз уынаффӕтӕ радта ацӕргӕтӕн. Уый фыста: «Ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, уой уӕззаузонд, ӕмбаргӕ, сӕ уырнындзинад, сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ уды фидарӕй фӕзминаг. Афтӕ ацӕргӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕгъдауджын, макӕй фыдкой кӕной, ма уой нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл иннӕты ахуыр кӕной» (Титмӕ 2:2, 3). Ӕмӕ ацӕргӕтӕ абон дӕр афтӕ куы кӕной, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, зӕронды бонты цы зындзинӕдтӕ вӕййы, уыдонӕн фӕразын.

СЫВӔЛЛӔТТӔН НЫР ИС СӔХИ БИНОНТӔ

4, 5. Ныййарджытӕ иунӕгӕй куы баззайынц, уӕд сыл уый куыд фӕзыны ӕмӕ иуӕй-иутӕ сӕ ног уавӕртыл цӕй фӕрцы сахуыр сты?

4 Адӕймагӕн йӕ хӕстӕ куы фӕивынц, уӕд ӕй фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй сыл сахуыр уа. Ӕмӕ раст афтӕ вӕййы, сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, сӕ фыды хӕдзарӕй куы ацӕуынц ӕмӕ сӕхӕдӕг бинонтӕ куы скӕнынц, уӕд. Бирӕ ныййарджытӕ йӕ уӕд бамбарынц, зӕронд кӕнын кӕй райдыдтой. Кӕд, сӕ сывӕллӕттӕ ныр стыртӕ кӕй сты, ууыл фӕцин кӕнынц, уӕддӕр арӕх тыхсгӕ дӕр фӕкӕнынц, цымӕ сын ӕппӕт дӕр сарӕзтам, хорз сӕ бацӕттӕ кодтам цардмӕ, зӕгъгӕ. Стӕй, сӕ фарсмӕ кӕй нал сты, уый тыххӕй ӕнкъард дӕр куыннӕ фӕкӕнынц.

5 Сывӕллӕттӕ сӕ фыды хӕдзарӕй куы ацӕуынц, уӕд дӕр сыл ныййарджытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕмӕт кӕнынц, куыд сты, зӕгъгӕ. «Дзӕбӕх сты, уый зонон, ӕмӕ сӕм мӕ зӕрдӕ ма ’хсайа, ӕндӕр мӕ ницы хъӕуы»,– загъта иу мад. Мӕнӕ цы зӕгъы иу фыд та: «Нӕ чызг чындзы куы ацыд, уӕд нын тынг зын уыди. Уӕдмӕ-иу алцыдӕр иумӕ арӕзтам, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй нӕ хӕдзар хасты хуызӕн уыди». Цы баххуыс кодта уыцы ныййарджытӕн? Уыдон хъуыды кодтой иннӕ адӕмыл, ӕххуыс сын кодтой, ӕмӕ сын уый фӕрцы уыди ӕнцондӕр.

6. Цы баххуыс кӕндзӕн бинонтӕн, кӕмӕн сӕ цы бартӕ ӕмӕ хӕстӕ ис, уымӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

6 Сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг бинонтӕ куы скӕнынц, уӕд сӕ ныййарджытӕн раздӕры бартӕ нал вӕййы. Библийы фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар» (Райдианы 2:24). Уӕдӕ, Хуыцау хӕдзары хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ, бинонтӕй алкӕмӕн дӕр цы хӕстӕ ӕмӕ цы бартӕ радта, уый ныййарджытӕ сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсын (1 Коринфӕгтӕм 11:3; 14:33, 40).

7. Иу лӕгӕн йӕ чызджытӕ куы смой кодтой, уӕд цы хорз хъуыдымӕ ’рцыд?

7 Иу лӕг ӕмӕ усӕн сӕ дыууӕ чызджы чындзы куы ацыдысты, уӕд сын сӕ цард ад нал кодта. Райдианты фыд йӕ сиӕхстӕм мӕсты кодта. Фӕлӕ, Хуыцау бинонты ’хсӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд ӕй бамбӕрста, йӕ чызджытӕй алкӕмӕн дӕр ныр кӕй ис сӕрыхицау ӕмӕ йӕ бинонты тыххӕй дзуапп дӕр уый кӕй дӕтты. Ӕмӕ-иу ӕй йӕ чызджытӕ исты хъуыддаджы зондӕй куы бафарстой, уӕд-иу сӕ афарста, уӕ лӕгтӕ та цы хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу йӕ сиӕхсты хъуыды куы базыдта, уӕд-иу архайдта, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, йӕхи уыдоны разӕй ма кӕна. Гъемӕ йӕ ныр йӕ сиӕхстӕ нымайынц сӕ хорз ӕрдхордыл ӕмӕ йӕ ныхасмӕ ӕхсызгонӕй байхъусынц.

8, 9. Сывӕллӕттӕ бинонтӕ кӕй скӕнынц ӕмӕ сӕ цардӕн уынаффӕгӕнӕг сӕхӕдӕг кӕй свӕййынц, ууыл иуӕй-иу ныййарджытӕ цӕй фӕрцы сахуыр сты?

8 Ӕмӕ зӕгъӕм, ӕрыгон бинонтӕ Библимӕ гӕсгӕ ӕвзӕрӕй ницы аразынц, фӕлӕ уӕддӕр, ныййарджытӕм куыд кӕсы хуыздӕр, афтӕ нӕ кӕнынц, уӕд та? Иу фыд ӕмӕ мад сӕ бинонджын сывӕллӕтты тыххӕй афтӕ зӕгъынц: «Алы хатт дӕр ууыл фӕархайӕм, цӕмӕй, хъуыддагмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарой. Ӕмӕ сӕ фӕндыл разы куы нӕ вӕййӕм, уӕд дӕр семӕ быцӕу нӕ фӕкӕнӕм, фӕлӕ сын нӕ бон цӕмӕй вӕййы, уымӕй баххуыс кӕнӕм».

9 Азийы иуӕй-иу бӕстӕты мадӕн уӕлдай зын вӕййы, йӕ фырттӕ бинонтӕ куы ’ркӕнынц, уӕд сӕ цардӕн уынаффӕгӕнӕг сӕхӕдӕг кӕй свӕййынц, уый. Фӕлӕ чырыстон бинонты ’хсӕн алкӕмӕн дӕр цы бартӕ ӕмӕ цы хӕстӕ ис, стӕй Хуыцау бинонты хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдта, уый сӕ зӕрдыл куы фӕдарынц, уӕд сӕ чындзытимӕ бирӕ хуыздӕр вӕййынц. Иу уырнӕг сылгоймагӕн йӕ фырттӕ бинонтӕ скодтой ӕмӕ хицӕнӕй цӕрынц. Уыцы сылгоймаг зӕгъы, зӕгъгӕ, уый фӕрцы Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр бузныг дӕн. Йӕ фырттӕ сӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ куыд хорз арӕхсынц, уый уынгӕйӕ йӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Иугӕр сӕ сывӕллӕттӕ сӕ къахыл слӕууыдысты, уӕд йӕ цардӕмбалимӕ сӕ уаргъ фӕрогдӕр: ныр сӕ фыдӕбон кӕнын дӕр уыйбӕрц нал хъӕуы ӕмӕ мӕт дӕр афтӕ тынг нал кӕнынц.

УӔ КӔДДӔРЫ УАРЗТ СНОГ КӔНУТ

10, 11. Ӕмбис кары тӕссаг цӕмӕй вӕййы, уыдӕттӕй хи бахизынӕн Фыстадӕй цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?

10 Адӕм дыууиссӕдз азы бӕрц куы рацӕрынц, уӕд дзы йӕ кармӕ алчи алыхуызон цӕстӕй фӕкӕсы. Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ, цӕмӕй ӕрыгондӕр зыной, уый тыххӕй сӕ дарӕс, сӕ конд фӕивынц. Бирӕ сылгоймӕгтӕ та фӕмӕт кӕнынц, климаксы рӕстӕджы сӕ мидӕг цы ивындзинӕдтӕ ’рцӕуы, ууыл. Хъыгагӕн, уыцы кары иуӕй-иутӕ, ӕрыгондӕр чи у, ахӕмтимӕ уӕлдай митӕ, дзырдӕппарӕнтӕ фӕкӕнынц ӕмӕ уымӕй сӕ цардӕмбӕлтты зӕрдӕ риссын кӕнынц, сӕхиуыл сӕ ӕнӕууӕнк кӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауыл ӕнувыд нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдӕйы бынат нӕ дӕттынц чъизи монцтӕн ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, «ӕмбаргӕ» кӕй сты (1 Петры 4:7). Уӕззаузонд сылгоймӕгтӕ дӕр, сӕ лӕгты кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ архайынц, цӕмӕй сӕ бинонты цард ма фӕцуда.

11 Ӕмбисӕндты чиныджы паддзах Лемуил ӕппӕлы «сӕрӕн усӕй», зӕгъгӕ, уый «йӕ цард-цӕрӕнбонты йӕ сӕрыхицауӕн йӕ хорз фиды хорзӕй, ӕвзӕрӕй нӕ, фӕлӕ». Уырнӕг лӕг дӕр ӕмбардзӕн, йӕ бинойнагӕн ӕмбис кары зын кӕй вӕййы, уымӕн ӕмӕ куы хорз зӕрдӕйы уагыл вӕййы, куы та – ӕвзӕрыл. Ӕмӕ йӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ дзы «ӕппӕлдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 12, 28).

12. Лӕг ӕмӕ усыл азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр цӕй фӕрцы кӕндзысты?

12 Цалынмӕ уӕ сывӕллӕтты хъомыл кодтат, уӕдмӕ уӕ, ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзимӕ уыйбӕрц не ’вдӕлди, ӕгасӕй дӕр уыдыстут уӕ сывӕллӕттыл. Фӕлӕ сӕ ныр алчидӕр йӕхӕдӕг кӕны йӕ царды кой, ӕмӕ та уын ногӕй рӕстӕг фӕзынд уӕ кӕрӕдзийӕн. «Нӕ чызджытӕ чындзы куы ацыдысты,– дзуры иу лӕг,– уӕд та ӕрхъуыды кодтон, мӕ бинойнагимӕ ма уарзӕттӕ куы уыдыстӕм, уыцы бонтӕ – йӕ зӕрдӕ йын истӕмӕй алхӕнын, ацинтӕ йыл кӕнын». Ӕндӕр лӕг та афтӕ зӕгъы: «Нӕ кӕрӕдзийы ӕнӕниздзинадыл тыхсӕм, не уӕнгтӕ айвазӕм». Цӕмӕй ӕнкъард ма кӕной, уый тыххӕй ма сӕхимӕ ӕмбырдӕй искӕйты дӕр фӕхонынц. Ӕцӕгдӕр, адӕймаг иннӕтыл куы тыхса, уӕд бирӕ хорздзинӕдтӕ ссардзӕн. Стӕй уый ӕхсызгон у Йегъовӕйӕн дӕр (Филиппӕгтӕм 2:4; Дзуттӕгтӕм 13:2, 16).

13. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн алцыдӕр ӕргом куы дзурой, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

13 Уӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнут, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ ма адард уат. Алцыдӕр ӕргом, сӕрибарӕй дзурут кӕрӕдзийӕн (Ӕмбисӕндтӕ 17:27). «Ӕдзухдӕр кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уый фӕрцы ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм нӕ кӕрӕдзи»,– зӕгъы иу лӕг. Йӕ ныхӕстыл разы у йӕ бинойнаг дӕр: «Азтӕ ныл куыд цӕуы, афтӕ нын стыр циндзинад хӕссын райдыдтой хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ: иумӕ цай бацымын, аныхас кӕнын кӕнӕ иумӕ исты саразын». Уӕ кӕрӕдзийӕ куы ницы ӕмбӕхсат, алцыдӕр ӕргом куы дзурат, уӕд кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстут, ӕмӕ уӕ бон уыдзӕн бинонты цардхалӕг Сайтаны ныхмӕ фидар фӕлӕууын.

УӔ ЦОТЫ ЦОТЫЛ ЦИН КӔНУТ

14. Тимофейӕн йӕ мадымад куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй чырыстон суыдаид?

14 Хистӕртӕ сӕ цоты цотӕй «буц вӕййынц» (Ӕмбисӕндтӕ 17:6). Адӕймагӕн семӕ тынг ӕхсызгон вӕййы, зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Библи нын дзуры Лоидӕйы тыххӕй. Уый йӕ чызг Евникӕйӕн ӕххуыс кодта гыццыл Тимофейы хъомыл кӕнынӕн, Хуыцауы тыххӕй-иу ын дзырдта. Уыцы сывӕллон йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыдта, йӕ мад дӕр ӕмӕ йӕ мадымад дӕр, Библи цы дзуры, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц (2 Тимофеймӕ 1:5; 3:14, 15).

15. Хистӕртӕн сӕ бон цӕмӕй у сӕ цоты цотӕн ӕххуыс кӕнын, фӕлӕ сӕ сӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын?

15 Уӕдӕ ацы хъуыддаджы хистӕртӕн сӕ бон стыр ӕххуыс бакӕнын у сӕ цоты цотӕн. Уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кодтат Йегъовӕйы базонынӕн. Ныр та уӕ бон баххуыс кӕнын у уыдоны сывӕллӕттӕн дӕр! Бирӕ гыццылтӕн сӕ деду кӕнӕ сӕ бабу Библийӕ истытӕ куы фӕдзуры, уӕд ӕм тынг зӕрдиагӕй фӕхъусынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы цы фыст ис, уый сывӕллӕтты «зӕрдӕйы арф ӕвӕрын» фыды хӕс у, ӕмӕ сымах уыцы хӕс уӕхимӕ нӕ исдзыстут (Дыккаг закъон 6:7). Фӕлӕ йын уыцы хъуыддаджы уӕ бон у ӕххуыс кӕнын. Цӕй ӕмӕ, кӕддӕр псаломзарӕггӕнӕг Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон уӕнт уӕ ныхӕстӕ дӕр: «О Хуыцау, куы базӕронд уон ӕмӕ мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр мӕ ма ныууадз, цӕмӕй дӕм цы тых ис, уый тыххӕй радзурон фидӕны фӕлтӕрӕн, ӕмӕ де стыр хъаруйы тыххӕй – чи ма ӕрцӕуа, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр» (Псалом 71:18, НД [70:18]; 77:5, 6).

16. Хистӕрты куыд архайын хъӕуы, цӕмӕй уыдоны тыххӕй бинонты ’хсӕн быцӕутӕ ма уа?

16 Ӕцӕг иуӕй-иутӕ сӕ цоты цоты афтӕ буцахуыр скӕнынц, ӕмӕ сӕм сӕ цотӕй ныхас дӕр ӕрхауы, сывӕллӕттӕ афтӕмӕй ӕвзӕрахуыр кӕнынц, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кӕстӕртимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕн кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ сын, чи зоны, ӕнцондӕр у, сӕ ныййарджытӕн цы нӕ зӕгъдзысты, уый сымахӕн зӕгъын. Хатт кӕстӕртӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ деду ӕмӕ бабу сӕ сӕрыл рахӕцдзысты. Ӕмӕ уӕд куыд? Ахӕм уавӕры зондӕй архайут, разӕнгард сӕ кӕнут, цӕмӕй алцыдӕр сӕ ныййарджытӕн радзурой. Бамбарын сын кӕнут, афтӕ куы бакӕной, уӕд Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй уыдзӕн (Ефесӕгтӕм 6:1–3). Кӕд нӕ уӕндой, уӕд сын уӕ бон у зӕгъын, зӕгъгӕ, мах уал аныхас кӕндзыстӕм уӕ фыд ӕмӕ уӕ мадимӕ. Уӕ зонд, уӕ бирӕ азты фӕлтӕрддзинад ма ӕвгъау кӕнут уӕ цоты цотӕн. Уе ’ргом ныхас сын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.

ЗӔРОНДЫ БОНТӔМ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСУТ

17. Ацӕргӕ чырыстӕтты цӕмӕй хъӕуы псаломзарӕггӕнӕджы бафӕзмын?

17 Адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд йӕ бон нал вӕййы, раздӕр цы арӕзта кӕнӕ йӕ цы фӕнды аразын, ӕппӕт уыдӕттӕ кӕнын. Куыд сахуыр уа адӕймаг, кӕй зӕронд кӕны, ууыл? Чи зоны, дӕхи нырма дӕр ӕрыгон ӕнхъӕлыс, фӕлӕ кӕсӕны цал хатты бакӕсыс, уал хатты феныс, дӕ зӕрдӕ дӕ кӕй сайы. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕ куырдта: «Куы базӕронд уон, уӕд дӕр мӕ ма аппар; мӕ бон куы ницыуал уа, уӕд дӕр мӕ ма ныууадз». Ӕмӕ стӕй фидарӕй загъта: «Ӕз та алкӕддӕр дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн ӕмӕ дӕ ноджы тынгдӕр кадджын кӕндзынӕн». Уӕдӕ ды дӕр афтӕ ныфсджын у Хуыцауӕй (Псалом 71:9, 14, НД [70:9, 14]).

18. Адӕймагӕн пенсийы ацӕуыны фӕстӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ цы фӕаразынц?

18 Бирӕтӕ сӕхи рагацау фӕцӕттӕ кӕнынц, пенсийы куы ацӕуой, уӕд Йегъовӕйӕн фылдӕр кӕй лӕггад кӕндзысты, уымӕ. «Рагацау спълан кодтон, нӕ чызджытӕ скъола куы фӕуой, уӕд цы араздзынӕн, уый,– дзуры, пенсийы чи ацыд, иу ахӕм фыд.– Мӕхицӕн фидарӕй загътон, мӕ рӕстӕг иууылдӕр хъусын кӕнынӕн кӕй дӕтдзынӕн. Гъемӕ мӕ куыстуат ауӕй кодтон, цӕмӕй мын фылдӕр рӕстӕг уыдаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Куывтон ӕм ӕдзухдӕр ӕмӕ дзы куырдтон зонд». Кӕд ды дӕр уыцы кары дӕ, уӕд дын стыр ныфс уӕд, не Сфӕлдисӕг йӕхӕдӕг кӕй зӕгъы, уыцы ныхӕстӕ: «Уӕ зӕрыбонтӕм дӕр ӕз Уый дӕн; уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕддӕр уӕ нӕ ныууадздзынӕн» (Исай 46:4).

19. Библийы ацӕргӕтӕн цавӕр уынаффӕтӕ ис?

19 Адӕймаг пенсийы куы ацӕуы ӕмӕ куы никуыуал фӕкусы, уӕд ын ӕнцон нӕ вӕййы. Апостол Павел ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй «алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной». Уый тыххӕй хъӕуы хиуылхӕцындзинад, цӕмӕй афтӕ ма хъуыды кӕной, ома ныр мӕ бон у алцӕмӕй дӕр баулӕфын. Пенсийы ацӕуыны фӕстӕ уӕ, чи зоны, ноджы тынгдӕр хъӕуа ууыл архайын, цӕмӕй уын алы хъуыддагӕн дӕр уа бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ-иу уын стӕй уыцы рӕстӕг ӕндӕр истӕуылты ма ацӕуа. Уӕдӕ дарддӕр дӕр «бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу» (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Фылдӕр ӕххуыс кӕнут иннӕтӕн (2 Коринфӕгтӕм 6:13). Бирӕ ацӕргӕ чырыстӕттӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынц, сӕ бон цас у, уыйас хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй. Азтӕ уыл куыд цӕуынц, афтӕ дарддӕр дӕр иннӕтӕн «уӕ уырнындзинад, уӕ уарзондзинад ӕмӕ уӕ уды фидарӕй [ут] фӕзминаг» (Титмӕ 2:2).

ЦАРДӔМБАЛЫ МӔЛӔТ

20, 21. а) Ацы дунейы, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр дыууӕ уды кӕрӕдзийӕ цы фӕхицӕн кӕны? ӕ) Идӕдзӕй чи баззад, уыдонӕн Аннӕ фӕзминаг цӕмӕй у?

20 Зын у, фӕлӕ цалынмӕ ацы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ никӕй бон у фӕивын иу хъуыддаг: абон уа ӕви райсом,– мӕлӕт дыууӕ уды кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны. Чырыстон ӕй фӕзоны, ныр йӕ зынаргъ адӕймаг фынӕй кӕй у. Фидарӕй фӕзоны уый дӕр, ӕмӕ та йӕ ногӕй фендзӕн (Иоанны 11:11, 25). Фӕлӕ уӕддӕр зӕрдӕ фӕриссы. Куыд цӕра адӕймаг дарддӕр? a

21 Библийы кӕй кой цӕуы, уыдоны цардыл куы фӕхъуыды кӕны адӕймаг, уӕд ын уый тынг баххуыс кӕны. Зӕгъӕм, Аннӕ йӕ лӕгимӕ фӕцард авд азы ӕмӕ стӕй идӕдзӕй баззад. Библийы йӕ кой кӕм цӕуы, уым ыл цыди 84 азы. Йӕ лӕджы мардыл йӕ зӕрдӕ куыннӕ рыстаид. Фӕлӕ йын цы ’ххуыс кодта? Аннӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕндоны лӕггад кодта Йегъовӕ Хуыцауӕн (Лукайы 2:36–38). Ӕмӕ йын уый уыди ӕвдадзыхосау – уый фӕрцы иунӕгӕй тынг не ’нкъард кодта ӕмӕ йӕ маст йӕ быны не скодта.

22. Цы ’ххуыс кӕны иуӕй-иу идӕдз сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн?

22 «Ныртӕккӕ мын ӕппӕтӕй зындӕр уый у, ӕмӕ кӕимӕ аныхас кӕнон, уый нӕй,– дзуры, ныр 72 азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ дӕс азы размӕ идӕдзӕй чи баззад, иу ахӕм сылгоймаг.– Мӕ цардӕмбал-иу мӕм алкӕддӕр лӕмбынӕг байхъуыста. Ныхас-иу кодтам не ’мбырды хабӕрттыл ӕмӕ, куыд хъусын кӕнӕм, ууыл». Иу идӕдз сылгоймаг та зӕгъы: «Афтӕ фӕзӕгъынц, рӕстӕг, дам, хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг у, фӕлӕ мӕнмӕ гӕсгӕ растдӕр уаид афтӕ зӕгъын, ӕмӕ, адӕймаг уыцы рӕстӕг цы фӕаразы, уымӕй кӕнгӕ у алцыдӕр. Ахӕм уавӕры хуыздӕр райдайы иннӕты рис ӕмбарын ӕмӕ сын йӕ бон баххуыс кӕнын дӕр фылдӕр вӕййы». Йӕ ус кӕмӕн амард, иу ахӕм 67-аздзыд лӕг та зӕгъы: «Адӕймагӕн йӕ рыст фӕразынӕн уый хуызӕн ницы ӕххуыс кӕны, ӕмӕ дӕхӕдӕг иннӕты куы фидар кӕнай».

ХУЫЦАУӔН ЗӔРОНДӔЙ ДӔР ЗЫНАРГЪ СТУТ

23, 24. Библи ацӕргӕты, ӕмӕ уӕлдайдӕр та идӕдзты, куыд фидар кӕны?

23 Кӕд мӕлӕт адӕймагӕн йӕ зынаргъ цардӕмбалы байсы, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн, уый алкӕддӕр у иузӕрдион. Кӕддӕр паддзах Давид зарыд: «Ӕрмӕстдӕр иу куырдтон Йегъовӕйӕ, ӕрмӕстдӕр уымӕ бӕллын, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары уон цӕрӕнбонты, цӕмӕй Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ уынон ӕмӕ йын йӕ кувӕндонмӕ кӕсынӕй бафсӕдон» (Псалом 27:4, НД [26:4]).

24 «Идӕдз сылгоймӕгты – ӕцӕг идӕдзты – нымай»,– фӕдзӕхсы апостол Павел (1 Тимофеймӕ 5:3). Ацы ныхӕсты фӕстӕ цы уынаффӕ радта, уымӕй бӕрӕг у, ӕфсармджын идӕдз сылгоймӕгтӕн ӕввахс хион, фӕкӕсӕг куы нӕ уа, уӕд сӕ кӕй фӕхъӕуы ӕмбырды ӕххуыс. Фӕлӕ идӕдзты «нымайӕм», уымӕ ма уый дӕр хауы, ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм. Чырыстӕттӕй идӕдзӕй чи баззайы, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн куыд стыр ныфс у, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй сты ӕмӕ сӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, уый! (Иаковы 1:27).

25. Ацӕргӕтӕн дӕр сӕ нысан цы хъуамӕ уа?

25 «Зӕронд йӕ урс сӕрӕй фидауы»,– кӕсӕм Хуыцауы Ныхасы. Ӕмӕ «адӕймагӕн йӕ сӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы сурс уа, уӕд ын уый у, чи йӕ рӕсугъд кӕны, ахӕм кады худ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:31; 20:29). Уӕдӕ дӕ цардӕмбалимӕ дӕ ӕви иунӕгӕй баззадтӕ,– дарддӕр дӕр дын царды сӕйрагдӕр уӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уӕд дӕ ныр дӕр Хуыцау райгонд уыдзӕн ӕмӕ дӕм фидӕны ног дунейы та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард – уӕд зӕронды рыст ӕмӕ тухитӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Псалом 36:3–5; Исай 65:20).

a Ацы фарстайыл бӕстондӕр дзырд цӕуы брошюрӕйы, «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», зӕгъгӕ. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.