Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔРТЫККАГ СӔР

Фидар бинонтӕ – дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы фӕрцы

Фидар бинонтӕ – дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы фӕрцы

1, 2. а) Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус иумӕ цас хъуамӕ уой? ӕ) Цӕй фӕрцы ис уымӕн гӕнӕн?

 ХУЫЦАУ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы баиу кодта, уӕд афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ уыдзысты иумӕ. Адам ӕмӕ Евӕ иумӕ хъуамӕ уыдаиккой цӕрӕнбонтӕм (Райдиан 2:24). Хуыцау бинонты царды баиу кодта иу нӕлгоймаг ӕмӕ иу сылгоймаджы. Лӕг ӕмӕ ус ахицӕн уой ӕмӕ сӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕной, уый бар Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уӕд ис, ӕмӕ сӕ иу кӕнӕ та сӕ дыууӕ дӕр куы хӕтой (Матфейы 5:32).

2 Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дыууӕ уды цӕрӕнбонтӕм иумӕ амондджынӕй цӕрой? О, ӕмӕ Библи куыд амоны, афтӕмӕй уымӕн гӕнӕн ис дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы фӕрцы. Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр уыцы дыууӕ хъуыддаджы куы нӕ рох кӕной, уӕд уыдзысты амондджын ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын. Уӕдӕ цы сты уыцы дыууӕ хъуыддаджы?

ФЫЦЦАГ ХЪУЫДДАГ

3. Дыууӕ уды кӕрӕдзийыл цы уарзондзинад бӕтты, уым цавӕр ӕртӕ фӕзилӕны хъуамӕ уа?

3 Фыццаг у уарзондзинад. Библийӕ ис фенӕн, уарзты фӕзилӕнтӕ алыхуызӕттӕ кӕй сты. Иу дзы у, адджын хӕлӕрттӕ цы зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй баст вӕййынц, уый (Иоанны 11:3). Иннӕ та, бинонты ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы, уый (Ромӕгтӕм 12:10). Ӕртыккаг та – нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн, чи фӕзыны, уыцы рӕсугъд, фӕлмӕн уарзт (Ӕмбисӕндтӕ 5:15–20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийыл цы уарзондзинад бӕтты, уым хъуамӕ ацы ӕртӕ фӕзилӕны дӕр уой. Фӕлӕ ма уарзондзинадӕн ис ноджыдӕр иу, цыппӕрӕм, фӕзилӕн, ӕмӕ уый у иннӕтӕй бирӕ ахсджиагдӕр.

4. Уарзондзинады фӕзилӕнтӕй цыппӕрӕм цавӕр у?

4 Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ цы ӕвзагыл фыст ӕрцыдысты, уым уарзондзинады цыппӕрӕм фӕзилӕн амынд у дзырд ага́пи-йӕ. Ацы дзырд ӕмбӕлы 1 Иоанны 4:8. Уым кӕсӕм: «Хуыцау у уарзондзинад». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, «мах уымӕн уарзӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау раздӕр бауарзта» (1 Иоанны 4:19). Чырыстӕттӕ ахӕм уарзтӕй уарзынц фыццаг Йегъовӕ Хуыцауы, стӕй та адӕмы (Марчы 12:29–31). Дзырд ага́пи ма ӕмбӕлы Ефесӕгтӕм 5:2 дӕр. Уым фыст ис: «Чырысти сымах куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи сымах сӕрвӕлтау... куыд ӕрхаста... афтӕ сымах дӕр цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ». Йесо загъта, ахӕм уарзтӕй кӕй уыдзысты бӕрӕг йӕ фӕдылдзӕуджытӕ: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад [ага́пи] куы уа» (Иоанны 13:35). Дзырд ага́пи ма ис 1 Коринфӕгтӕм 13:13 дӕр: «Нырма уал сты ацы ӕртӕ: уырнындзинад, ныфс ӕмӕ уарзондзинад. Фӕлӕ дзы ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у уарзондзинад [ага́пи]».

5, 6. а) Уарзондзинад уырнындзинад ӕмӕ ныфсӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн у? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ бинонты ’хсӕн уарзондзинад куы уа, уӕд сӕ цард никуы фехӕлдзӕн?

5 Ацы уарзондзинад, ома ага́пи, уырнындзинад ӕмӕ ныфсӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ лӕууы зондыл – Хыцауы Ныхасӕй чи цӕуы, уыцы раст зондыл (Псалом 118:105). Уый у ахӕм уарзт, ӕмӕ адӕймаг йӕхиуыл куы нӕ хъуыды кӕна, фӕлӕ, Хуыцауы цӕсты раст ӕмӕ хорз цы у, уый куы араза иннӕтӕн, уый аккаг уой ӕви нӕ, уӕддӕр. Лӕг ӕмӕ усмӕ ахӕм уарзондзинад куы уа, уӕд сӕ бон уыдзӕн Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Кӕд-иу уӕ иу иннӕмӕ истӕуыл хӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд ӕмӕ-иу ын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕд. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнут» (Колосӕгтӕм 3:13). Кӕрӕдзийыл ӕнувыд бинонтӕм ис ахӕм уарзондзинад ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр фидар кӕнынц сӕ удыхъӕды – уыдон «кӕрӕдзийы зӕрдиагӕй уарзынц [ага́пи], уымӕн ӕмӕ уарзондзинад хатыр кӕны тынг бирӕ тӕригъӕдтӕ» (1 Петры 4:8). Куыд уынӕм, афтӕмӕй ахӕм уарзондзинад иннӕты рӕдыдтытӕ хатыр кӕны – афтӕ нӕ аразы, ӕмӕ мауал рӕдийой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй иу дӕр ӕнӕрӕдийгӕ нӕу (Псалом 129:3, 4; Иаковы 3:2).

6 Дыууӕ уды Хуыцауы дӕр ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы дӕр ахӕм уарзтӕй куы уарзой, уӕд уыдзысты амондджын ӕмӕ сӕ бинонты цард никуы фехӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ «уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Уарзондзинады «хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд уӕ дыууӕйы дӕр цы аразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы уарзтыл ахуыр кӕнат? Иумӕ кӕсут Хуыцауы Ныхас ӕмӕ, цы бакӕсат, ууыл ныхас кӕнут. Хъуыды кӕнут, Йесомӕ цы уарзондзинад уыдис, ууыл, ӕмӕ сымах дӕр, уый куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут ӕмӕ уый куыд архайдта, афтӕ архайут. Стӕй цӕут ӕмбырдтӕм дӕр – уым фӕахуыр кӕнынц Хуыцауы Ныхас. Уымӕй уӕлдай, кувут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ӕххуыс кӕна уыцы удуӕлдай уарзондзинадыл ахуыр кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг удӕй гуыры уыцы миниуӕг (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Иоанны 17:3; Галатӕгтӕм 5:22; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

ДЫККАГ ХЪУЫДДАГ

7. Цы у искӕмӕн аргъ кӕнын ӕмӕ бинонтӕй чи кӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕна?

7 Дыууӕ уды кӕрӕдзийы ӕцӕг уарзтӕй куы уарзой, уӕд кӕрӕдзийӕн аргъ дӕр кӕндзысты, ӕмӕ уый у, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы вӕййынц, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй дыккаг. Адӕймагӕн аргъ кӕнын у, куы йӕ нымайай, куы йын кад кӕнай, уый. Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, уыимӕ лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн дӕр, фӕдзӕхсы: «Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд» (Ромӕгтӕм 12:10). Апостол Петр фыста: «Лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, цы зонут, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ, сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут» (1 Петры 3:7). Библи усӕн дӕр амоны, цӕмӕй «йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33). Адӕймаг кӕмӕн кад кӕны, уыимӕ вӕййы зӕрдӕхӕлар, дӕлӕмӕ йыл нӕ фӕхӕцы, аргъ ын кӕны йӕ хъуыдыйӕн ӕмӕ кӕд йӕ бон вӕййы, уӕд ын йӕ алы курдиат дӕр ӕнӕзивӕгӕй сӕххӕст кӕны.

8–10. Дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн куы аргъ кӕной, уӕд амондджындӕр ӕмӕ ӕнгомдӕр цӕмӕн уыдзысты?

8 Йӕ бинонты царды амондджын уа, уый кӕй фӕнды, уыцы адӕймаг, «йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кӕны, фӕлӕ, [йӕ цардӕмбалӕн] куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр», ӕмӕ йын уымӕй аргъ кӕны (Филипӕгтӕм 2:4). Ахӕм адӕймаг ӕрмӕст йӕхи уды мӕт нӕ кӕны – уый хиуарзондзинад у. Уый тыхсы, йӕ цардӕмбалӕн дӕр хорз куыд уа, ууыл. Гъе уый йын у сӕйрагдӕр.

9 Дыууӕ уды кӕрӕдзийӕн куы аргъ кӕной, уӕд ӕй ӕмбардзысты, алы хатт ӕмхуызон кӕй нӕ хъуыды кӕндзысты. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы алы хъуыддаджы дӕр иу хъуыдыйыл лӕуд уой. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ лӕгмӕ ахсджиаг цы фӕкӕсы, уый усӕн афтӕ ахсджиаг нӕ вӕййы, йе та усы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый лӕджы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ сӕ иу цы хъуыды кӕны кӕнӕ йӕ цы фӕнды, уый кӕд Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты ныхмӕ нӕу, уӕд ын иннӕ хъуамӕ аргъ кӕна (1 Петры 2:16; абар Филимонмӕ 14). Стӕй, фӕнды адӕмы ’хсӕн уой, фӕнды дыууӕйӕ, уӕддӕр сӕ иу иннӕуыл хъуамӕ дӕлӕмӕ ма хӕца, ма йыл худа ӕмӕ йӕ ӕгады бынаты ма ӕвӕра.

10 Уӕдӕ, дыууӕ уды амондджын кӕй фӕрцы уыдзысты, уыцы дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы сты: Хуыцауы ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнын. Лӕг ӕмӕ усӕн куыд у сӕ бон бинонты царды ахсджиаг фӕзилӕнты ацы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын?

БИНОНТЫ ХИСТӔР ФӔЗМЫ ЧЫРЫСТИЙЫ

11. Фыстадмӕ гӕсгӕ бинонты хистӕр чи у?

11 Библийӕ мах зонӕм, Хуыцау нӕлгоймаджы ахӕм миниуджытимӕ кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй бинонтӕн хорз хистӕр уа. Уӕдӕ лӕгыл Йегъовӕйы раз ис уыцы хӕс, цӕмӕй йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕна Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕмӕ сыл алы хуызы дӕр тыхса. Царды мидӕг цы уынаффӕтӕ хӕссы, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы фӕндон ын сӕйраг кӕй у. Стӕй хъуамӕ йӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй уа фӕзминаг. «Сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт, цыма Хицауы коммӕ кӕсынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ усӕн лӕг йӕ сӕрыхицау у, Чырысти ӕмбырды сӕр куыд у, афтӕ»,– зӕгъы Библи (Ефесӕгтӕм 5:22, 23). Фӕлӕ ма нын Библи дзуры, лӕгӕн дӕр кӕй ис хицау. Апостол Павел фыста: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Ӕмбаргӕ лӕг фӕзмдзӕн йӕ хицау Йесо Чырыстийы, ӕмӕ афтӕмӕй уынаффӕ кӕндзӕн йӕ бинонтӕн.

12. Йесо коммӕ кӕсыны хъуыддаджы дӕр ӕмӕ йӕ бартӕй куыд пайда кодта, уымӕй дӕр фӕзминаг цӕмӕн у?

12 Йесойӕн йӕхицӕн дӕр ис хицау – Йегъовӕ, ӕмӕ йын алы хъуыддаджы дӕр у коммӕгӕс. Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоанны 5:30). Куыннӕ у уӕдӕ Йесо фӕзминаг! Уый у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колосӕгтӕм 1:15). Уый сси Мессийӕ. Фӕстӕдӕр та хъуамӕ суыдаид сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды хистӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ Паддзах – ӕппӕт зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр (Филипӕгтӕм 2:9–11; Дзуттӕгтӕм 1:4). Ӕмӕ йын кӕд ахӕм кадджын ном уыди, стӕй йӕм фидӕны дӕр ахӕм стыр бартӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр тызмӕг, зындзырд адӕймаг нӕ уыд, иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домдта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ карз нӕ уыди, ӕдзух сын афтӕ нӕ дзырдта, мӕнмӕ хъуамӕ хъусат, зӕгъгӕ. Йесо уарзта адӕмы ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ рысти, уӕлдайдӕр та ӕфхӕрд адӕмыл. Ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матфейы 11:28–30). Йӕ цуры алы адӕймагӕн дӕр уыди тынг ӕнцон.

13, 14. Хорз лӕг, хӕдзары хистӕр уӕвгӕйӕ, Йесойы куыд фӕзмдзӕн?

13 Йӕ бинонтӕ амондджын уой, уый кӕй фӕнды, ахӕм лӕг хъуыды кӕндзӕн Йесойы хорз миниуджытыл. Хорз лӕг тызмӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ кӕд хӕдзары хистӕр уый у, уӕддӕр йӕхи афтӕ нӕ дары, ӕмӕ дзы йӕ ус тӕрсгӕ кӕна. Уый уарзы йӕ бинойнаджы ӕмӕ йын кад кӕны. Кӕд Йесо уыди «сӕрныллӕг», уӕд лӕджы та ноджы тынгдӕр хъӕуы уыцы миниуӕг, уымӕн ӕмӕ Йесойӕ хъауджыдӕр уый ӕнӕрӕдийгӕ нӕу. Ӕмӕ куы фӕрӕдийы, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ ус бамбара. Уӕдӕ лӕг сӕрныллӕг куы уа, уӕд-иу йӕ рӕдыдыл басӕтдзӕн, хатыр ракурын ын зын куы уа, уӕд дӕр. Сӕрбӕрзонд, сдзырд кӕмӕ нӕй, ахӕм лӕджы сӕрыхицауыл нымайын зын у. Фӕлӕ лӕг сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уа, уӕд йӕ усӕн ӕнцондӕр уыдзӕн, ӕмӕ йӕ нымайа, хъуса йӕм. Стӕй йӕ лӕгӕн чи аргъ кӕны, ахӕм сылгоймаг йӕхӕдӕг дӕр куы фӕрӕдийа, уӕд-иу хатыр ракурдзӕн.

14 Хуыцау сылгоймаджы ахӕм хорз миниуджытимӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон бирӕ у саразын бинонты амондӕн. Ӕмбаргӕ лӕг уый йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕмӕ йӕ усы исты саразын куы фӕнда, уӕд ӕй нӕ къуылымпы кӕндзӕн. Сылгоймаг у тӕригъӕдгӕнагдӕр, йӕ зӕрдӕ йын алцыдӕр тынгдӕр агайы, ӕмӕ ахӕм миниуджытӕ та тынг хъӕуынц бинонтыл аудынӕн ӕмӕ адӕмимӕ цӕрынӕн. Уӕдӕ хӕдзар дӕр хӕдзары хуызӕн сылгоймаг скӕны. Ӕмбисӕндты чиныджы 31 сӕры цы «сӕрӕн усы» кой цӕуы, уымӕ ис бирӕ хорз миниуджытӕ, бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхсы. Ӕмӕ ахӕм кӕй у, уымӕй стыр ӕххуыс у йӕ бинонтӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йыл йӕ лӕджы «зӕрдӕ ӕууӕнды» (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 11).

15. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзта ӕмӕ сын куыд аргъ кодта, лӕг дӕр афтӕ уарзы йӕ усы ӕмӕ йын аргъ кӕны?

15 Иуӕй-иу адӕмтӕм лӕгӕн йӕ усыл йӕ бар афтӕ цӕуы, ӕмӕ йӕ йӕ ус истӕмӕй бафӕрса, уый дӕр йӕхицӕн ӕфхӕрдыл нымайы. Лӕг йӕ усмӕ фӕкӕсы цагъары цӕстӕй. Ӕмӕ лӕг йӕ бартӕй афтӕ куы фӕпайда кӕны, уӕд йӕ усимӕ фӕрнӕй нӕ фӕцӕры, ӕмӕ йӕ Хуыцауы хорзӕх дӕр нӕ вӕййы. (Абар 1 Иоанны 4:20, 21.) Иннӕмӕй та афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ лӕг хӕдзары хицауы хӕстӕ йӕхимӕ нӕ фӕисы, ӕмӕ уӕд ус свӕййы хицау. Фӕлӕ Чырыстийы ӕцӕгдӕр йӕ хицауыл чи нымайы, ахӕм лӕг йӕ усмӕ ӕххуырсты цӕстӕй нӕ кӕсы ӕмӕ йыл дӕлӕмӕ нӕ хӕцы. Уый йӕ уарзы удуӕлдай уарзтӕй ӕмӕ архайы, Павел куыд фӕдзӕхста, афтӕ: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:25). Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ уыдоны тыххӕй йӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта. Уӕдӕ хорз лӕг дӕр йӕ бинойнагӕн ӕдзух афтӕ нӕ дзурдзӕн, уый цӕуылнӕ сарӕзтай, уый цӕуылнӕ бакодтай, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын куыд ӕнцондӕр уа, ууыл хъуыды кӕндзӕн. Лӕг йӕхӕдӕг Чырыстимӕ куы хъуса ӕмӕ, уый йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзта ӕмӕ сын куыд аргъ кодта, афтӕ куы уарза йӕ усы ӕмӕ йын куы аргъ кӕна, уӕд уый дӕр йӕ коммӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзӕн (Ефесӕгтӕм 5:28, 29, 33).

УС КӔСЫ ЙӔ ЛӔДЖЫ КОММӔ

16. Ус йӕ лӕгӕн куыд хъуамӕ уа?

16 Йегъовӕ Адамы куы сфӕлдыста, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ загъта: «Адӕймагӕн иунӕгӕй цӕрын хорз нӕу. Сфӕлдисон ын ӕххуысгӕнӕджы, йемӕ чи сфидауа, ахӕмы» (Райдиан 2:18). Хуыцау Евӕйы уымӕн не сфӕлдыста, цӕмӕй йӕхи йӕ лӕджы разӕй кодтаид, фӕлӕ йын цӕмӕй ӕххуыс кодтаид. Уый гӕнӕн куыд нӕй, ӕмӕ иу уӕрдоны дыууӕ тӕрӕджы уа, афтӕ у бинонты царды дӕр. Лӕг хъуамӕ уа хистӕр ӕмӕ уынаффӕгӕнӕг, ус та йӕ хъуамӕ уарза, кад ын кӕна ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса.

17, 18. Усӕн йӕ бон куыд у йӕ сӕрыхицауӕн ӕххуыс кӕнын?

17 Фӕлӕ ус хорз ус ӕрмӕст уымӕй нӕу, ӕмӕ коммӕгӕс кӕй у. Зӕгъӕм, йӕ сӕрыхицау исты куы сфӕнд кӕны, уӕд йӕ фарсмӕ балӕууы ӕмӕ йын уымӕй вӕййы стыр ӕххуыс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ лӕджы фӕндыл разы куы уа, уӕд ын ӕнцон уыдзӕн афтӕ бакӕнын. Фӕлӕ разы куы нӕ уа, уӕддӕр ын, йӕ бон цы у, уымӕй куы ӕххуыс кӕна, уӕд уыцы хъуыддаг хуыздӕр рауайдзӕн.

18 Ус ма йӕ сӕрыхицауӕн ӕххуыс кӕндзӕн ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр. Зӕгъӕм, хъуыр-хъуыр ыл куы нӕ кӕна, йе та йӕхи афтӕ куы нӕ дара, ӕмӕ лӕг хъуыды кӕна, зӕгъгӕ йӕ зӕрдӕмӕ ницы цӕуы, фӕлӕ йӕ лӕг цы аразы, уымӕн куы аргъ кӕна ӕмӕ дзы куы ’ппӕла. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы сылгоймаджы йӕ зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды» хицау уа, уый ӕрмӕст йӕ лӕгӕн нӕу ӕхсызгон, фӕлӕ ма Хуыцауы цӕсты дӕр тынг зынаргъ у (1 Петры 3:3, 4; Колоссӕгтӕм 3:12). Лӕг уырнӕг куы нӕ уа, уӕд та? Уырнӕг уа ӕви ма уа, уӕддӕр Фыстад устыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй «сӕ лӕгты, стӕй сӕ сывӕллӕтты уарзой, уой ӕмбаргӕ, хӕдӕфсарм, куыстуарзаг, хорздзинад аразой, сӕ лӕгтӕн уой коммӕгӕс, Хуыцауы ныхас куыд ничи фауа» (Титмӕ 2:4, 5). Усӕн йӕ дин ӕмӕ йе ’фсарм бар цӕмӕн нӕ дӕтты, ахӕм хъуыддагыл дзырд куы цӕуа, уӕд йе ’нӕуырнӕг лӕгӕн йӕ хъуыды «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» куы зӕгъа, уӕд ӕй ӕнцондӕрӕй бамбардзӕн. Ӕнӕуырнӕг лӕгтӕй бирӕтӕ «ӕнӕ ныхӕстӕй сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басастысты, уымӕн ӕмӕ уыдтой, хӕдӕфсарм кӕй сты ӕмӕ сӕ кӕй нымайынц» (1 Петры 3:1, 2, 15; 1 Коринфӕгтӕм 7:13–16).

19. Лӕг йӕ усӕн Хуыцауы закъон куы халын кӕна, уӕд ус куыд хъуамӕ бакӕна?

19 Лӕг йӕ усӕн, Хуыцауы цӕсты раст цы нӕу, ахӕм исты куы аразын кӕна, уӕд та? Уӕд ус хъуамӕ ӕрхъуыды кӕна, Хуыцауӕй уӕлдӕр ын кӕй ничи ис. Кӕддӕр апостолтӕн хицӕуттӕ Хуыцауы закъон куы халын кодтой, уӕд уыдон куыд бакодтой, афтӕ бакӕндзӕн уый дӕр. Хъуыддӕгты 5:29 кӕсӕм: «Махӕн нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ».

КӔРӔДЗИИМӔ НЫХАС КӔНЫН

20. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?

20 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый хъуамӕ бӕрӕг уа сӕ ныхасӕй дӕр. Лӕг йӕ усы куы уарза, уӕд йемӕ ныхас кӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕрсдзӕн, цытӕ куыстай, цы дӕ тыхсын кӕны, ды та куыд хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Сылгоймаджы уый тынг хъӕуы. Лӕг йӕ усимӕ ныхас кӕнынӕн рӕстӕг куы ара ӕмӕ йӕ ус цы дзура, уымӕ зӕрдиагӕй куы хъуса, уӕд уымӕй ӕвдисдзӕн, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны (Иаковы 1:19). Хатт устытӕ сӕ лӕгтӕй фӕхъаст кӕнынц, мемӕ аныхас кӕнынӕн ын рӕстӕг нӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый хорз нӕу. Раст у, тынг зын рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ, чи зоны, лӕг райсомӕй изӕрмӕ куысты вӕййы, стӕй хатт усы дӕр искуы кусын бахъӕуы. Фӕлӕ-иу уӕддӕр дыууӕ уды хъуамӕ сӕ рӕстӕгӕй сӕ кӕрӕдзийӕн дӕр ныууадзой. Науӕд сӕ хабар уымӕ ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ лӕг йӕхицӕн цӕрдзӕн, ус та – йӕхицӕн. Ӕмӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ кӕимӕ аныхас кӕной, уый ӕндӕр искуы куы райдайой агурын, уӕд сӕ уый та хорзмӕ не ’ркӕндзӕн.

21. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕной, уӕд амондджындӕр уыдзысты?

21 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кӕнынц, уымӕн стыр нысаниуӕг ис. «Ӕхсызгон ныхас... зӕрдӕйӕн у адджын, стджытӕн у ӕвдадзы хос» (Ӕмбисӕндтӕ 16:24). Адӕймагӕн йӕ цардӕмбал уырнӕг у ӕви нӕ, уӕддӕр Библи дзуры: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Колоссӕгтӕм 4:6). Цӕвиттон, лӕг кӕнӕ ус изӕры хӕдзармӕ фӕлладӕй ӕрбацыд, ӕмӕ йыл йӕ цардӕмбал фӕлмӕн ныхасимӕ сӕмбӕлд, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыдзӕн! «Ӕвзистӕй нывӕфтыд къусыл сызгъӕрин фӕткъуыты ныв куыд фидауы, афтӕ фидауы йӕ афоныл загъд ныхас дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 25:11). Адӕймагӕн йӕ хъӕлӕсы уагӕй ӕмӕ, цы дзырдтӕй пайда кӕны, уымӕй бирӕ аразгӕ у. Гӕнӕн ис, ӕмӕ схуыстӕй, хылгӕнӕджы хуызы зӕгъа: «Дуар сӕхгӕн!» Фӕлӕ цас зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр уыдзӕн, фӕлмӕнӕй афтӕ куы зӕгъа: «Кӕд дын зын нӕу, уӕд ма дуар ӕрбахгӕн».

22. Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕной, уый тыххӕй сӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы?

22 Дыууӕ уды фӕлмӕн ныхас куы кӕной, фӕлмӕн куы уа сӕ цӕстӕнгас ӕмӕ сӕ фезмӕлд дӕр, зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уой, уӕд сын ӕнцон уыдзӕн зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ ууыл лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр ӕппӕт хъарутӕй куы архайой, уӕд сӕ бон уыдзӕн, чи сӕ цӕмӕй тыхсы, уый ӕргом дзурын, ӕмӕ афтӕмӕй зын сахат кӕрӕдзийӕн уыдзысты ныфс. «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут»,– фӕдзӕхсы нын Библи (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14). Царды афтӕ вӕййы, ӕмӕ куы лӕгӕн асӕтты йӕ ныфс, куы та ус ныхъхъусы йӕхимӕ. Ӕмӕ ахӕм уавӕры сӕ бон у сӕ кӕрӕдзийы «ныхасӕй рӕвдауын», ома кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын (Ромӕгтӕм 15:2).

23, 24. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ разы куы нӕ уой, уӕд сын уарзондзинад ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

23 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый уымӕй ӕвдисдзысты, ӕмӕ, зӕгъӕм, кӕрӕдзиимӕ разы не сты, уӕд ӕй куы нӕ ныддиссаг кӕной. Уыдон ӕппӕт хъарутӕй ууыл архайдзысты, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ «тызмӕг» ныхас ма кӕной (Колоссӕгтӕм 3:19). Сӕ дыууӕйы дӕр сӕ зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ «фӕлмӕн ныхас маст сафы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Дӕ цардӕмбал дын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ куы дзура, уӕд ыл ма бахуд, стӕй йын йӕхи аххосджын кӕнынмӕ дӕр ма фӕу. Йӕ сагъӕстӕ дын ӕргом кӕй дзуры, уый фӕрцы дӕ бон у базонын, цы хъуыды кӕны, уый. Архайут, цӕмӕй уӕ алчидӕр йӕхирдыгонау кӕм хъуыды кӕны, уым иу хъуыдымӕ ӕрцӕуат.

24 Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, иу хатт Саррӕ йӕ сӕрыхицау Авраамӕн куы бауынаффӕ кодта, сӕ бинонты ’хсӕн цы зын уавӕр сӕвзӕрд, уый куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, ӕмӕ Авраамӕн уый йӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцыд. Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Байхъус ӕм» (Райдиан 21:9–12). Авраам дӕр афтӕ бакодта, ӕмӕ йын Хуыцау раарфӕ кодта. Уӕдӕ, кӕд ус цыдӕр хъуыддаджы фӕдыл йӕ хъуыды дзуры, фӕлӕ лӕг ӕндӕрхуызон хъуыды кӕны, уӕд йӕ усӕн йӕ хъуыды зӕгъыны бар уӕддӕр хъуамӕ ратта. Ус та хъуамӕ афтӕ ма кӕна, ӕмӕ йӕ лӕгӕн дзырды бар ма дӕтта, фӕлӕ цы дзуры, уымӕ-иу хъуамӕ байхъуса (Ӕмбисӕндтӕ 25:24). Лӕг уа ӕви ус,– ӕдзух йӕхи ныхас куы кӕна, уӕд уый нӕдӕр уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн, нӕдӕр, иннӕмӕн кӕй аргъ кӕны, ууыл.

25. Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл дыууӕ уды ӕргом куы ныхас кӕной, уӕд райгонддӕр цӕмӕн уыдзысты?

25 Дыууӕ уды ӕргом ныхас кӕнын хъӕуы, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, ома ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕдыл дӕр. Алчи дзы ӕрмӕст йӕхи мӕт куы кӕна ӕмӕ сӕм хиуылхӕцындзинад куы нӕ уа, уӕд сын уыцы хъуыддаджы уыдзӕн мӕстытӕ. Ам хъӕуы ӕргом ныхас ӕмӕ фӕразондзинад. Алчидӕр йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ йӕ удыхайыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд бинонты царды уыцы фӕзилӕны зындзинӕдтӕ стӕм хатт вӕййы. Царды иннӕ хъуыддӕгты куыд у, афтӕ ам дӕр «алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 7:3–5; 10:24).

26. Кӕд алы бинонты царды дӕр цыдӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны, уӕддӕр цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасмӕ куы хъусой, уӕд уыдзысты амондджын?

26 Цӕй диссаджы уынаффӕтӕ ис Хуыцауы Ныхасы! Раст у, алы бинонты царды дӕр фӕзыны цыдӕр зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ дыууӕ уды Библи куы ахуыр кӕной ӕмӕ Йегъовӕйы зондыл куы цӕуой, сӕ цард уарзондзинад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕныныл куы аразой, уӕд сӕ бинонты цард никуы фехӕлдзӕн ӕмӕ уыдзысты амондджын. Ӕмӕ уӕд ӕрмӕст кӕрӕдзийӕн нӕ кад кӕндзысты, фӕлӕ ма кад хӕсдзысты бинонты царды Бындурӕвӕрӕг Йегъовӕ Хуыцауӕн дӕр.