ЦЫППӔРӔМ СӔР
Хӕдзары хъуыддӕгтӕ куыд кӕнгӕ сты?
1. Хӕдзары алцыдӕр пъланыл уа, уый зын цӕмӕн вӕййы?
«АЦЫ ДУНЕ ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Ацы ныхӕстӕ иу-1 900 азы размӕ ӕрцыдысты фыст, фӕлӕ куыд раст сты абон! Ӕцӕгдӕр алцыдӕр ивы, уӕлдайдӕр та – бинонты цард. Адӕм 40–50 азы размӕ куыд цардысты, уымӕй абон арӕх фӕзӕгъынц, ныр афтӕ цӕрӕн нал ис, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ, хӕдзары алцыдӕр пъланыл уа, уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, Фыстад куыд дзуры, афтӕ куы кӕнат, уӕд уымӕн гӕнӕн ис.
ЦЫ ДӔМ ИС, УЫМӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔН
2. Бинонтӕн цардамӕлттӕ кӕнын зын цӕмӕн у?
2 Раздӕр адӕмӕн сӕ мӕт, сӕ цин иууылдӕр сӕ бинонтыл баст уыди, ӕмӕ ахӕм хуымӕтӕг цардӕй разы уыдысты. Фӕлӕ абон бирӕты зӕрдӕ фылдӕр цыдӕртӕ агуры. Ӕхцайы куыстгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр дзаумӕттӕ уадзынц, стӕй сӕ рекламӕйы фӕрцы ӕлхӕнын кӕнынц адӕмӕн. Ӕмӕ милуангай ныййарджытӕ дӕр кусынц ӕмӕ кусынц, цӕмӕй уыцы дзаумӕттӕй фылдӕр ӕлхӕной. Иннӕтӕ та тыхамӕлттӕ кӕнынц къӕбӕры фаг бакусыны тыххӕй дӕр. Цӕмӕй сӕ бинонты фӕдарой, уый тыххӕй дыууӕ раны дӕр фӕкусынц. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ цыфӕнды куыстыл дӕр сразы уаиккой, уымӕн ӕмӕ абон бирӕ рӕтты куыст ссарын зын у. О, ныры рӕстӕг бинонтӕн цӕрын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ сын Библийы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, сӕ уавӕрты хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕнынӕн.
3. Цавӕр хорз хъуыды загъта Павел ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
3 Цардамӕлттӕ кӕнын ӕнцон нӕ уыди апостол Павелӕн дӕр. Ӕмӕ уыцы уавӕрты цы хорз зондыл сахуыр, уый ӕмбарын кӕны, йӕ хӕлар Тимофеймӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы. Уый фыста: «Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм. Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тимофеймӕ 6:7, 8). Ӕцӕг, бинонты ӕрмӕст хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый нӕ хъӕуы. Сывӕллӕтты хъӕуы скъоламӕ цӕуын. Ӕхца хъӕуы дохтыртӕм бацӕуынӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕн дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр, Павелы ныхӕсты цы арф хъуыды ис, уымӕй бинонтӕн ис хорз зонд райсӕн. Нӕ зӕрдӕ цы зӕгъа, уыдӕттыл куы нӕ хардз кӕнӕм не ’хца, фӕлӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй разы куы уӕм, уӕд нын цӕрын ӕнцондӕр уыдзӕн.
4, 5. Бинонтӕ се ’хца цӕуыл бахардз кӕндзысты, уый рагацау куы пълан кӕной, уӕд сын уый цы ӕххуыс уыдзӕн?
4 Хорз хъуыды ма ис, Йесо цы цӕвиттонтӕ ӕрхаста, уыдонӕй сӕ иуы. Йесо загъта: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?» (Лукайы 14:28). Ам Йесо дзуры, алцӕуыл дӕр рагацау хъуыды кӕнын, алцы пълан кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Раззаг сӕрӕй базыдтам, ацы хъуыды куыд баххуыс кӕндзӕн лӕппу ӕмӕ чызгӕн, сӕ цард баиу кӕнын куы фӕнд кӕной, уӕд. Фӕлӕ сын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн дарддӕр иумӕ цӕргӕйӕ дӕр. Бинонты хъӕуы, се ’хца хуыздӕр цӕуыл уыдзӕн бахардз кӕнын, уый рагацау пълан кӕнын. Уӕд-иу, алы бон кӕнӕ сӕ алы къуыри дӕр ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕн ӕхца рахицӕн кӕндзысты ӕмӕ, сӕ къух цас амоны, уымӕй фылдӕр ницы ӕлхӕндзысты.
5 Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм арӕх, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ сын цы нӕу, уыдӕттӕ балхӕнынӕн дӕр ӕфстау райсынц ӕмӕ йӕ стӕй стыр проценттимӕ бафидынц, ӕмӕ цӕмӕй бинонтӕ се ’хца раст пълан кӕной, уый тыххӕй сӕ уымӕй хъӕуы сӕхи хизын. Ӕндӕр бӕстӕты та адӕм арӕх пайда кӕнынц, кредитты карточкӕтӕ кӕй хонынц, уыдонӕй, ӕмӕ адӕймаг уыцы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ ӕмбаргӕ уа (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ зӕгъгӕ адӕймаджы ацы тӕккӕ цыдӕр ӕрхъуыди, уӕд ӕй алхӕны, ӕцӕгдӕр ӕй хъӕуы ӕви нӕ, кӕнӕ уый фӕстӕ цы уыдзӕн, ууыл та хъуыды дӕр нӕ акӕны. Ӕмӕ бинонты уымӕй дӕр хъӕуы сӕхи хизын. Стӕй ма се ’хца нымад куы уа, уӕд уындзысты, адӕймаг ӕхцайыл куы хъаза, тамако куы дыма кӕнӕ фыднозт куы кӕна, уӕд ӕрмӕст Библийы закъӕттӕ кӕй нӕ халы, фӕлӕ ма йӕ бинонты дӕр мӕгуыры уавӕрмӕ кӕй кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 23:20, 21, 29–35; Ромӕгтӕм 6:19; Ефесӕгтӕм 5:3–5).
6. Бынтон мӕгуыр чи цӕры, уыдонӕн Фыстадӕй цавӕр ныхӕстӕ ӕххуыс кӕнынц?
6 Фӕлӕ куыд кӕной, бынтон мӕгуыр чи цӕры, уыдон та? Ахӕм адӕмӕн стыр ныфс у уый, ӕмӕ алкӕд афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн. Тагъд ралӕудзӕн ног дуне, ӕмӕ уӕд Йегъовӕ кӕрон скӕндзӕн мӕгуырдзинадӕн дӕр ӕмӕ, адӕм кӕй тыххӕй тухӕн кӕнынц, уыцы бӕллӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Псалом 71:1, 12–16). Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр, ӕцӕг чырыстӕттӕй тынг мӕгуыр чи у, уыдонӕн сӕ ныфс нӕ сӕтты, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дарынц Йегъовӕйы ныхӕстыл: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Уӕдӕ, Хуыцауыл чи ӕууӕнды, ахӕм адӕймагӕн йӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5, 6). Йегъовӕйы адӕм ацы уӕззау рӕстӕджы дӕр йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайынц ӕмӕ сын царды фыццаг бынаты Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг куы вӕййы, уӕд Йегъовӕ алыхуызон фадӕттӕ ссары, куыд сын баххуыс кӕна, уымӕн (Матфейы 6:33). Уый бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц ӕмӕ сӕ бон у апостол Павелау зӕгъын: «Алы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ алы уавӕрты дӕр базыдтон иу сусӕгдзинад: куыд ис цӕрӕн ӕфсӕстӕй дӕр ӕмӕ ӕххормагӕй дӕр, алцыдӕр дын парахатӕй куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, хъуаг куы ӕййафай, уӕд дӕр. Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:12, 13).
ХӔДЗАРЫ КУЫСТЫТӔ ИУМӔ КӔНУТ
7. Йесо цавӕр ныхӕстӕ загъта, ӕмӕ бинонтӕ афтӕ куы кӕной, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн хӕдзары хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн?
7 Йесо зӕххыл йӕ лӕггады кӕрон ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (Матфейы 22:39). Бинонтӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд сын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн хӕдзары хъуыддӕгтӕ кӕнынӕн дӕр. Уӕвгӕ ма ахъуыды кӕн, адӕймагӕн йӕ бинонтӕй, иу хӕдзары кӕимӕ цӕры, уыдонӕй хиондӕр ӕмӕ уыдонӕй зынаргъдӕр исчи ис? Уӕдӕ бинонтӕ – лӕг ӕмӕ ус, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ – кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый хъуыддагӕй куыд у сӕ бон равдисын?
8. Хӕдзары мидӕг уарзондзинад куыд ис ӕвдисӕн?
8 Бинонтӕ сӕ уарзондзинад равдисдзысты, хӕдзары мидӕг сӕ алчи дӕр, йӕ бон цы у, уый куы араза. Уый тыххӕй сывӕллӕтты хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ фӕстӕ ӕфснайой, сӕ дарӕс, сӕ хъазӕнтӕ-иу сӕ бынаты сӕвӕрой. Алы райсом дӕ сынтӕг ӕфснайай, уымӕн дӕр рӕстӕг хъӕуы, стӕй дӕм, чи зоны, ӕнцон ма кӕса, фӕлӕ уый стыр ӕххуыс у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ хӕдзар гыццыл ӕнӕфснайдӕй аззайы, фӕлӕ уӕддӕр бинонтӕн иумӕ сӕ бон у, сӕ уавӕртӕ цас амонынц, уыйас сӕ хӕдзар сыгъдӕг дарын, хӕрды фӕстӕ стъол афснайын ӕмӕ мигӕнӕнтӕ ныхсын. Исчи сӕ зивӕггӕнаг ӕмӕ хъуыр-хъуыргӕнаг куы уа, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр у, афтӕ куы кӕна, уӕд уый бинонты фарн халгӕ кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 26:14–16). Алчидӕр сӕ зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй куы архайа, уӕд та уыдзысты амондджын. «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).
9, 10. а) Хӕдзары мидӕг сылгоймагыл арӕх цавӕр уӕз ӕнцайы ӕмӕ йын уыцы уӕз куыд ис фӕрогдӕр кӕнӕн? ӕ) Хӕдзары куыстытӕм цавӕр цӕстӕй кӕсын хъӕуы?
9 Бинонтӕ кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл куы хъуыды кӕной, уӕд сӕ уый бахиздзӕн, иуӕй-иу хӕдзӕртты цы уавӕр ис фенӕн, уымӕй. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ у, ӕмӕ хӕдзары уӕз иууылдӕр сылгоймагыл ӕнцайы. Уый кӕсы сывӕллӕттӕм, уый кӕны ӕфснайгӕ дӕр, ӕхсгӕ дӕр, уый скӕны хӕринаг дӕр, исты ӕлхӕнын куы хъӕуа, уӕд дӕр – йӕхӕдӕг. Иуӕй-иу бӕстӕты та ма зӕххы куыст дӕр фӕкӕны, цы йын дзы ӕрзайы, уый базары ауӕй кӕны, йе та ма ӕндӕр искуыд акусы ӕхца йӕ бинонтӕн. Бирӕ сылгоймӕгтӕ кусынмӕ дӕр бацӕуынц, сӕ бинонтӕ хъуаг кӕй ӕййафынц, уый тыххӕй, ӕмӕ уый фенӕн ис, раздӕр афтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм бӕстӕты дӕр. Йӕ бинонтыл афтӕ чи тыхсы ӕмӕ чи фыдӕбон кӕны, ахӕм сылгоймаг раппӕлинаг у. Библийы цы «сӕрӕн усы» кой цӕуы, уыйау уый дӕр фӕллад нӕ зоны. «Ӕнӕбакусгӕйӕ къӕбӕр нӕ хӕры» (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 27). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хӕдзары ӕрмӕстдӕр сылгоймаг хъуамӕ змӕла. Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр изӕры куыстӕй фӕлладӕй куы ’рбацӕуой, уӕд цас раст уыдзӕн, ӕмӕ хӕдзары куыстытӕ иууылдӕр ус куы кӕна, лӕг ӕмӕ иннӕтӕ та улӕфгӕ куы кӕной? (Абар 2 Коринфӕгтӕм 8:13, 14.) Зӕгъӕм, мад хӕринаг кӕны, уӕд ын иннӕтӕ куы аххуыс кӕниккой – исчи сӕ фынг куы ацӕттӕ кӕнид, иннӕ та дуканимӕ куы ауаид кӕнӕ хӕдзар куы афснаид, уӕд ын бирӕ ӕнцондӕр уаид. Хӕдзары мидӕг алкӕмӕн дӕр йӕ бон у цыдӕр аразын. (Абар Галатӕгтӕм 6:2.)
10 Чи зоны, исчи зӕгъа: «Махмӕ нӕлгоймаг ахӕм куыстытӕ нӕ фӕкӕны». Кӕд афтӕ у, уӕддӕр ам хорз уаид иу гыццыл ахъуыды кӕнын. Йегъовӕ Хуыцау фыццаг бинонты куы баиу кодта, уӕд афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕ ацы ӕмӕ ацы куыстытӕ ӕрмӕстдӕр сылгоймаг кӕндзӕн. Иу хатт Хуыцауыл ӕнувыд лӕг Аврааммӕ Йегъовӕйы ӕрвыст минӕвӕрттӕ куы ’рцыдысты, уӕд сын фынг йӕ бинойнаг иунӕгӕй нӕ цӕттӕ кодта, фӕлӕ Авраам йӕхӕдӕг дӕр архайдта, стӕй фынджы уӕлхъус дӕр уазджытӕн йӕхӕдӕг лӕггад кодта (Райдиан 18:1–8). Библи афтӕ зӕгъы: «Лӕгтӕ дӕр, сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты» (Ефесӕгтӕм 5:28). Ахъуыды ма кӕнӕм, кӕд изӕры хӕдзармӕ ӕрбацӕугӕйӕ лӕг фӕллад у ӕмӕ йӕ йӕ фӕллад суадзын фӕнды, уӕд цымӕ усы нӕ фӕнды йӕ фӕллад суадзын? Стӕй, чи зоны, уый ноджы фӕлладдӕр у (1 Петры 3:7). Ӕмӕ уӕд хорз нӕ уаид, лӕг йӕ усӕн истӕмӕй куы аххуыс кӕнид, ӕмӕ афтӕмӕй куы равдисид, кӕй йӕ уарзы, уый? (Филиппӕгтӕм 2:3, 4).
11. Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?
11 Йесойы хуызӕн ничи рухс кодта Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ иннӕты самондджын кӕнын дӕр уый хуызӕн ничи зыдта. Ӕмӕ кӕд йӕхицӕн бинонтӕ никуы уыд, уӕддӕр фӕзминаг у куыд лӕгтӕн, афтӕ устытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Йесо йӕхи тыххӕй афтӕ загъта: «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна» (Матфейы 20:28). Цы амондджын сты, алчидӕр афтӕ кӕм хъуыды кӕны, ахӕм бинонтӕ!
СЫГЪДӔГДЗИНАД АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?
12. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй цы домы?
12 Хӕдзары мидӕг ма стыр ӕххуыс у Библийӕ ноджыдӕр иу уынаффӕ, фыст ис 2 Коринфӕгтӕм 7:1. Уым кӕсӕм: «Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ уд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уымӕй». Афтӕ чи кӕны, уыдон рухс кӕнынц Йегъовӕйы зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы, цӕмӕй уой «сыгъдӕг, ӕнӕфау» (Иаковы 1:27). Стӕй уый пайда у бинонтӕн сӕхицӕн дӕр.
13. Бинонты сӕхи сыгъдӕг дарын цӕмӕн хъӕуы?
13 Библи зӕгъы, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ низтӕ нал уыдзӕн. Уӕд «иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24; Раргомад 21:4, 5). Фӕлӕ уӕдмӕ иу бинонтӕ дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ сӕ макуы мачи фӕрынчын уа. Низтимӕ тох кодтой Павел ӕмӕ Тимофей дӕр (Галатӕгтӕм 4:13; 1 Тимофеймӕ 5:23). Фӕлӕ уӕддӕр, дохтыртӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй бирӕ низтӕй ис хи бахизӕн. Бинонтӕ сӕхи сыгъдӕг куы дарой, стӕй сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй дӕр сыгъдӕг куы уой, уӕд сӕхи бахиздзысты бирӕ низтӕй. Ӕркӕсӕм, цы кӕнын хъӕуы уый тыххӕй. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 22:3.)
14. Адӕймаг хӕлд митӕ куы нӕ кӕна, уӕд йӕ бинонтӕ низтӕй хызт куыд уыдзысты?
14 Уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй сыгъдӕг уай, уый нысан кӕны, ӕмӕ чъизи, хӕлд митӕ ма кӕнай. Библи комкоммӕ дзуры, адӕймагӕн йӕ уаг, йе ’фсарм сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ, йӕ цардӕмбалӕй дарддӕр искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуа, уый фыдракӕнд кӕй у. «Нӕдӕр хӕтаг адӕм... нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ... Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Ацы хӕлд дунейы чырыстӕтты хъӕуы Библийы сыгъдӕг уагӕвӕрдтыл фидар хӕцын. Уымӕй рухс кӕндзысты Хуыцауы зӕрдӕ, стӕй уый фӕрцы бинонтӕ хызт уыдзысты алы ӕвзӕр низтӕй, зӕгъӕм, СПИД, сифилис, гонорейӕ ӕмӕ хламидиозӕй (Ӕмбисӕндтӕ 7:10–23).
15. Адӕм сӕ буар кӕй чъизи кӕнынц, уый аххосӕй сӕхи низты хай куыд фӕкӕнынц?
15 Бинонтӕ, «буар цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уымӕй» сӕхи куы ссыгъдӕг кӕной, уӕд ма хызт уыдзысты ӕндӕр низтӕй дӕр. Буары чъизийӕ бирӕ низтӕ цӕуы. Ам фыццагдӕр зӕгъӕн ис тамако дымыны тыххӕй. Тамако чи дымы, уый йӕ рӕуджытӕ йедзаг кӕны алы хъылмайӕ, йӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ йӕ алыварс уӕлдӕф чъизи кӕны, фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ – йӕхи ма низджын дӕр кӕны. Алы аз дӕр милуангай адӕймӕгтӕ амӕлы, тамако кӕй дымынц, уый тыххӕй. Ахъуыды ма кӕн: адӕм, буар цы чъизи кӕны, уыдӕттӕй сӕхи куы хизиккой, уӕд-иу алы аз дӕр милуантӕ нӕ фӕрынчын уаиккой ӕмӕ нӕ амӕликкой!
16, 17. а) Йегъовӕ израилӕгтӕн цавӕр закъон радта ӕмӕ сӕ уый низтӕй куыд хъахъхъӕдта? ӕ) Дыккаг закъоны 23:12, 13 цы хъуыды ис, уымӕ гӕсгӕ алы хӕдзары дӕр цы ис саразӕн?
16 Ӕркӕсӕм ӕндӕр цӕвиттонмӕ дӕр. Иу-3 500 азы размӕ Хуыцау Израилы адӕмӕн радта йӕ Закъон, ӕмӕ сын уым бацамыдта, куыд ын хъуамӕ куывтаиккой, стӕй куыд хъуамӕ цардаиккой, уый дӕр. Уыцы Закъоны уыди бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ сыгъдӕгдзинады тыххӕй дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы адӕм хызт уыдысты бирӕ низтӕй. Зӕгъӕм, иу закъон дзы ахӕм уыди, ӕмӕ-иу адӕймаг хи хъуыдыйӕ хъуамӕ ацыдаид, кӕм цардысты, уырдыгӕй гыццыл дарддӕр ӕмӕ-иу стӕй, ӕддӕмӕ цы ацыди, уый хъуамӕ сыджыты бын фӕкодтаид. Уый фӕрцы, кӕм цардысты, уыцы бынат уыди сыгъдӕг (Дыккаг закъон 23:12, 13). Ӕмӕ кӕд уыцы закъон тынг рагон у, уӕддӕр абон дӕр хорз у афтӕ кӕнын. Абон дӕр бирӕтӕ фӕрынчын вӕййынц ӕмӕ амӕлынц, афтӕ кӕй нӕ кӕнынц, уый тыххӕй a.
17 Израилӕгтӕн цы закъон уыд лӕвӕрд, уымӕ гӕсгӕ бинонтӕ сӕ абана ӕмӕ сӕ туалет, хӕдзары сын уой ӕви ӕддейӕ, хъуамӕ сыгъдӕг дарой, микробтӕ дзы куыд нӕ ӕмбырд кӕна. Туалеты сыгъдӕг куы нӕ уа, стӕй гом куы уа, уӕд дзы бындзытӕ ӕмбырд кӕндзысты ӕмӕ микробтӕ хӕдзармӕ хӕсдзысты, ӕмӕ ма хӕринӕгтӕ дӕр сафдзысты. Уымӕй уӕлдай, сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ стыртӕ дӕр туалетмӕ бацӕуыны фӕстӕ хъуамӕ сӕ къухтӕ ӕхсой. Кӕннод сӕ къухтыл микробтӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ хӕсдзысты. Иу францаг дохтыр куыд зӕгъы, афтӕмӕй абон дӕр къухтӕ ӕхсынӕй хуыздӕр ницы хъахъхъӕны алыхуызон хӕцгӕ низтӕй: гуыбыны, улӕфӕнты ӕмӕ цармы низтӕй.
18, 19. Царды уавӕртӕ мӕгуырау кӕм сты, уым дӕр цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты хӕдзар сыгъдӕг дарынӕн?
18 Адӕм мӕгуыр кӕм цӕрынц, ахӕм рӕтты сыгъдӕгдзинадыл архайын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Ахӕм уавӕрты адӕм куыд цӕрынц, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, иу ахӕм адӕймаг афтӕ загъта: «Тынг тӕвд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бирӕ зындӕр у ӕфснайын. Дымгӕйӕ рыг сысты ӕмӕ дзы хӕдзары къуымтӕ байдзаг вӕййынц. Горӕтты, стӕй иуӕй-иу хъӕуты дӕр цӕрджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕны, уый дӕр тӕссаг у ӕнӕниздзинадӕн. Кӕдӕмфӕнды ма акӕсай, чъизи дӕтты къанаутӕ – гом, бырӕттӕ – алы рӕтты калд, ӕхсӕнадон бынӕтты туалеттӕ – чъизи, алы ран – низхӕссӕг уырытӕ, таракантӕ, бындзытӕ».
19 Ахӕм уавӕрты сыгъдӕг цӕрын тынг зын у. Фӕлӕ уӕддӕр хъӕуы архайын. Сапон, дон ӕмӕ иу гыццыл фезмӕлын йеддӕмӕ дзы ницы хъӕуы. Хостӕ ӕлхӕнын ӕмӕ рынчындоны схуыссын куы бахъӕуа, уӕд уый та бирӕ зынаргъдӕр слӕудзӕн. Кӕд ахӕм уавӕрты цӕрут, уӕд уӕ бон цас у, уыйбӕрц архайут, цӕмӕй уӕ хӕдзар сыгъдӕг уа, стӕй кӕд фос дарут, уӕд-иу кӕрт рамӕрзут, цӕмӕй дзы фаджыс ма уа. Кӕд къӕвда бон хӕдзармӕ бацӕуӕнтӕ цъыф вӕййынц, уӕд дзы хуыр ныккалӕн кӕнӕ дуртӕ сӕвӕрӕн нӕй, цӕмӕй цъыф хӕдзармӕ ма хӕссат? Науӕд гӕнӕн нӕй, ӕмӕ хӕдзармӕ дзабырты ма цӕуат? Кӕсын хъӕуы уымӕ дӕр, цӕмӕй уын дон кӕм вӕййы, уыцы мигӕнӕнтӕ ӕхгӕд уой. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй алы аз дӕр ӕппынкъаддӕр дыууӕ милуан адӕймаджы амӕлы, чъизи дон кӕй нуазынц ӕмӕ чъизи уавӕрты кӕй цӕрынц, уый аххосӕй цы низтӕ фӕзыны, уыдонӕй.
20. Хӕдзары мидӕг сыгъдӕгдзинад кӕмӕй аразгӕ у?
20 Хӕдзары сыгъдӕгдзинад аразгӕ у алкӕмӕй дӕр: мадӕй, фыдӕй, сывӕллӕттӕй ӕмӕ уазджытӕй дӕр. Кенийӕ иу сылгоймаг, аст сывӕллоны мад, афтӕ загъта: «Нӕ бинонтӕй алчидӕр сахуыр, уыцы хъуыддаджы йӕ бон цы у, уый аразын». Хӕдзар сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕфснайд куы уа, уӕд уый хорз у ӕгас бинонтӕн дӕр. Иу испайнаг ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: «Сыгъдӕгдзинад мӕгуырыл дӕр ӕввӕрсы». Бинонтӕ кӕмфӕнды ма цӕрой: стыр хӕдзӕртты, корпусты, гыццыл хӕдзары ӕви исты халагъуды – уӕддӕр сыгъдӕгдзинадыл баст у се ’нӕниздзинад.
ХОРЗ НЫХАС БАЗЫРТӔ САДЗЫ
21. Ӕмбисӕндты 31:28 ныхӕстӕм гӕсгӕ бинонтӕ амондджындӕр цӕй фӕрцы уыдзысты?
21 Ӕмбисӕндты чиныг сӕрӕн усы кой кӕм кӕны, уым ахӕм ныхӕстӕ ис: «Сыстынц йӕ фырттӕ, ӕмӕ йӕ хонынц амондджын, сысты йӕ сӕрыхицау, ӕмӕ дзы ӕппӕлы» (Ӕмбисӕндтӕ 31:28). Дӕ бинонтӕй фӕстаг хатт кӕд раппӕлыдтӕ? Уалдзӕджы зайӕгойтӕ къӕвдаты фӕрцы сӕхиуыл куыд схӕцынц ӕмӕ хуры хъарммӕ дидинӕг куыд ракалынц, афтӕ стӕм мах дӕр. Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ исчи раппӕла ӕмӕ нын уымӕй барӕвдауа нӕ зӕрдӕ. Уӕдӕ бинойнаг уый куы зона, ӕмӕ йын йӕ лӕг йӕ фыдӕбон уыны, бинонтыл кӕй тыхсы, уымӕн аргъ кӕны ӕмӕ дзы бузныг у, уӕд ын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 15:23; 25:11). Ус йӕ сӕрыхицауӕй, куысты дӕр ӕмӕ хӕдзары мидӕг дӕр цы фыдӕбон кӕны, уый тыххӕй куы раппӕлы, уӕд уымӕн дӕр ӕхсызгон куыннӕ вӕййы. Сывӕллӕттӕ хӕдзары исты куы бакусынц, скъолайы кӕнӕ чырыстон ӕмбырды исты хорз куы саразынц, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ куы раппӕлынц, уӕд уыдон дӕр дидинӕгау райхӕлынц. Ӕцӕгдӕр, цӕй стыр тых ис хорз ныхасӕн! Уӕвгӕ, цы хъӕуы бузныг зӕгъынӕн? Ницы, фӕлӕ уый фӕрцы бинонтӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕнынц кӕрӕдзимӕ.
22. Хӕдзар цӕй фӕрцы «фидар кӕны» ӕмӕ уый бинонты къухы куыд бафтдзӕн?
22 Хӕдзары хъуыддӕгтыл ӕххӕссын бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй зын кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн ис гӕнӕн. Библийы иу ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: «Хӕдзар арӕзт цӕуы зондӕй ӕмӕ фидар кӕны ӕмбаргӕдзинадӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 24:3). Бинонтӕм зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад та уӕд уыдзӕн, алчидӕр сӕ Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы тырна ӕмӕ царды уымӕ гӕсгӕ куы архайа. Бинонтӕ амондджын уой, уый цыфӕнды фыдӕбоны аргъ дӕр у.
a Бирӕ гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕй амӕлынц, уыцы низӕй, ома гуыбын куы фӕтӕнӕг вӕййы, уымӕй, куыд ис хи бахизӕн, уый фӕдыл Ӕнӕниздзинады дунеон организаци ахӕм уынаффӕ дӕтты: «Хӕдзары туалет куы нӕ уа, уӕд хи хъуыдыйӕ цӕуын хъӕуы уӕ хӕдзарӕй ӕмӕ, сывӕллӕттӕ кӕм фӕхъазынц, уырдыгӕй дӕрддзӕф ран, дон кӕцӕй цӕуы, уырдыгӕй та ӕппынкъаддӕр дӕс метры дарддӕр, ӕмӕ адӕймаг ӕддӕмӕ цы ацӕуа, уый хъӕуы сыджыты бын фӕкӕнын».