Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Абон — Иегъовӕйы бон

Абон — Иегъовӕйы бон

87 (195) зарӕг

Абон — Иегъовӕйы бон

(Псалом 117:24)

1. Абон Иегъовӕйы бархъомыс и зӕххыл.

’Вӕрд у Сионыл Сӕйраг Фисындур.

Алчидӕр цин кӕнӕд, бузныг Хуыцауӕй уӕд —

Махӕн Иегъовӕйы стыр Паддзахад ныфс у.

(Базард)

2. Йесо у Паддзах, зон,— ’рхӕстӕг Армагеддон.

Нал уыдзӕн Хӕйрӕджы дугӕн йӕ кой.

Фидарӕй хъусын кӕн хорз хабар алкӕмӕн —

Сабыртӕ уадз Хуыцауы дзырд ӕххӕст кӕной.

(Базард)

3. Хуыцауы Паддзахӕн кад ӕмӕ аргъ кӕнӕм.

Уый бӕрны стӕм — уый хӕссы Иагъы ном.

Кувӕндонмӕ — нӕ цыд, уым Иагъмӕ у нӕ куывд,

Алкӕддӕр ын лӕггад кӕнын куыд уа нӕ бон.

(БАЗАРД)

Тагъд Иагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?

’Цӕгады стыр уӕлахизбон.

Тагъд Иагъы Паддзахад цы ’рхӕсдзӕн?

’Нӕкӕрон цард ’мӕ фарнамонд.

Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы —

’Нувыд, уарзаг у, бӕрзонд.