Афон у ныр!
52 (129) зарӕг
Афон у ныр!
1. Афон у ныр уац хӕссын,
’Цӕгад фехъусын кӕнын.
Мах нӕ хъӕуы ’ппын тӕрсын,
Хицау Стыр Хуыцау кӕй у, зӕгъын.
Хъуамӕ ныр фӕдзӕхсӕм алкӕйдӕр,
Вавилонӕй лидзой иууылдӕр,
Ма баййафа уый тӕрхон сӕ сӕр,
’Нувыд уой Хуыцауыл уыдон дӕр.
Афон у, уӕм ’нувыд не ’ппӕт дӕр!
2. Афон у, рӕстзӕрдӕ уӕм,
Алцы уарзгӕйӕ кӕнӕм.
Астӕн, ногтӕн се ’нцой уӕм —
Бирӕ ӕви армыдзаг ыстӕм.
Удуӕлдай нӕ лӕггад хъуамӕ уа,
Алы бон ӕцӕгад уарзӕм мах,
Ӕмӕ нӕ Хуыцауы хорзӕх уа,
Алчи иузӕрдионӕй цӕра.
Афон у, уӕм иузӕрдион мах!
3. Тагъд — фӕстаджы тохы бон.
Суыдзӕн уӕд рӕстад бӕрзонд.
’Рцӕудзӕн талынгӕн кӕрон,
Уӕдмӕ та уӕд рухс кӕнын уӕ бон.
Чи райгас уа, уыдон фендзыстӕм,
Царды Дзул Чырысти сын уыдзӕн.
Фыдбӕллӕхтӕй ничиуал тӕрсдзӕн.
Уыцы дзырд Хуыцау ӕххӕст кӕндзӕн.
Афон — дзурын, уый цы ’ххӕст кӕндзӕн!