Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

100 (222) зарӕг

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

(2 Коринфӕгтӕм 4:18)

1. Куырм ногӕй алцы куы уына,

Куы хъуса ногӕй та къуырма,

Ӕдзард быдыр куы рафтауа,

Хус зӕххы суадон куы кӕла,

Къуылыхтӕ уӕд куы ныккафой,

Стӕй иумӕ бинонтӕ куы уой,—

Зон, фендзынӕ ды уыцы цард,

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар.

2. Ӕгомыг та куы ысдзура,

Зӕронд та ногӕй ’взонг куы суа,

Хъӕздыг тыллӕг зӕхх куы дӕтта,

Ӕппӕт хӕрзтӕй лӕг ’фсӕст куы уа,

Уӕд сабиты зард айзӕлдзӕн,

’Мӕ алчи цинӕфсӕст уыдзӕн.

Уӕд фендзынӕ, куыд райгас мард,

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар.

3. Куы хиза бирӕгъ фысты цур,

Куы тава арс ’мӕ роды хур,

Гыццыл лӕппу сӕ хиздзӕни,

’Мӕ уымӕ алчи хъусдзӕни.

Цӕссыг ’мӕ маст куы ферох уой,

Куы нал уа рис ’мӕ тасы кой,—

Хуыцау дын ратдзӕн ахӕм цард,

Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар.