Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕххы ног Паддзахӕн ӕгасцуай зӕгъут!

Зӕххы ног Паддзахӕн ӕгасцуай зӕгъут!

74 (168) зарӕг

Зӕххы ног Паддзахӕн ӕгасцуай зӕгъут!

(Псалом 2:12, НД)

1. Кӕсут ма, ’гас зӕххыл сӕ кад,

Сӕ уындӕй зӕрдӕ райы —

Иегъовӕйы хӕстон ӕфсад

Ӕмгуырӕй размӕ ’нцайы.

Цӕхӕртӕ калынц згъӕрхудтӕ —

Къуырынц сӕ сӕр мӕнгахуыртӕн,

Ӕрвнӕрӕгау — хӕстон хъӕртӕ:

«Зӕхх, Паддзахӕн зӕгъ ’гасцуай!»

(Базард)

2. Чырысти, Паддзахӕн, цӕуынц

Йӕ фӕдыл иу ӕфсадӕй.

Цы сын зӕгъы, уый бакӕнынц,

Хызт ысты хъыг ’мӕ мастӕй.

Сӕ къухы кард — Хуыцауы Дзырд,

Сӕ къах у хорз уацы фӕлыст.

Сӕ Хицауы фӕдтыл — сӕ цыд

Мӕлӕты онг, ныфсхастӕй.

(Базард)

3. Кӕдӕй-уӕдӕй, рӕстӕг ӕрцыд —

Сси Хицау ныр Чырысти.

Тагъд йе знӕгтӕ хӕрдзысты рыг,

Сӕ зонгуытыл лӕудзысты.

Хуыцау кард систа кӕрддзӕмӕй,

’Мӕ сиды тохмӕ хӕтӕлӕй.

Ут, хицӕуттӕ, ӕмбаргӕ, цӕй,—

Ныр Хицау у Чырысти!

(БАЗАРД)

Апъа кӕнут Фыртӕн, ӕмӕ

Уат Хуыцауы мастӕй хызт.

Амондджын у, абон ууыл

Чи ’вӕры йӕ ныфс!