Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕимӕ хӕлардзинад агурӕм

Иегъовӕимӕ хӕлардзинад агурӕм

97 (217) зарӕг

Иегъовӕимӕ хӕлардзинад агурӕм

(Псалом 14:1, 2)

1. Хуыцау Иегъовӕ, зӕгъ, дӕ хӕлар чи уыдзӕн?

Ӕнустӕм уазӕгау дӕ цатыры уӕд чи цӕрдзӕн?

Уый у сыгъдӕгзӕрдӕ, рӕстаг — йӕ хъуыддӕгтӕ,

Хуыцауӕн кувы ’дӕрсгӕ, ’ппын ӕм нӕй фӕлывд митӕ.

Хуыцау Иегъовӕ, ды кӕй схондзынӕ хӕлар?

Кӕмӕн уыдзӕн дӕ сыгъдӕг, уаз хохыл цӕрыны бар?

Уый у, зӕгъӕн кӕмӕй ӕппындӕр нӕй, кӕй къахы зӕрдӕ дзырдӕй.

(Базард)

2. Хуыцау Иегъовӕ, чи цӕрдзӕни демӕ ’дзух?

Чи дын уыдзӕн хӕлар, кӕмӕй кӕндзӕн дӕ зӕрдӕ рухс?

Йӕ дзырд чи ’ххӕст кӕны, кӕд ын зын дӕр вӕййы,

Йӕ астӕурон у ’цӕгад, уарзгӕ ’мӕ рӕстӕй цӕры.

Иегъовӕ, мах бӕллӕм, хӕлӕрттӕ демӕ уӕм.

Уынӕм дӕ Ныхасы, нӕ цард куыд хъуамӕ аразӕм.

Нӕ фӕндаг раст кӕнӕм дӕ закъӕттӕм, хӕлӕрттӕ демӕ куыд уӕм.

(Базард)

3. Иегъовӕ, не стыр фӕнд — мыггагмӕ демӕ уӕм.

Дӕ фарн у диссаг, мах нӕ зондӕй ууыл не ’ххӕссӕм.

Чырыстийы фӕрцы йӕ къахыл ’вӕрд ӕрцыд

Дӕ раст, сыгъдӕг дин, ’мӕ дын минтӕ абон кад кӕнынц.

Уӕдӕ, Ыстыр Хуыцау, зӕрдӕйӕ хъахъхъӕнӕм

Сыгъдӕг хӕлардзинад ’мӕ алкӕддӕр ӕнаипп уӕм.

Лӕууӕм мах ам ӕнгом, ӕмвӕнд-ӕмзонд, дӕ хохыл,— уаз у, бӕрзонд.

(БАЗАРД)

Иегъовӕ, цӕй ’мӕ уӕм хӕлӕрттӕ ’нустӕм дӕр.