Иегъовӕйы амондджын адӕм
27 (57) зарӕг
Иегъовӕйы амондджын адӕм
(Псалом 89:15, НД [88:16])
1. Чи базыдта цины хъӕр, амондджын ысты,
Ӕцӕгад сын дӕттыс, стыр арфӕ сын кӕныс.
Дӕ цӕсгомы уаз рухсы цӕудзысты ныр ӕдзух.
Алчи сӕ, кӕм ӕвӕрд у, уым райгонд у.
(Базард)
2. Хӕйрӕг ӕмӕ йе ’рдонгтӕ абон ысты знӕт,
Нӕ куыст фылдӕр кӕнӕд. Хуыцауы кад нӕрӕд.
Йӕ гӕнахмӕ Иегъовӕ ’ппӕт сабырты кӕндзӕн;
Чи уарзы рӕстад, уымӕн уарт уый уыдзӕн.
(Базард)
3. Фидар уӕм, кӕд исчи ныууадза раст фӕндаг
Ӕмӕ нын суа ызнаг,— нӕ ивӕм мах нӕ уаг.
Хуыцаумӕ кувӕм, иузӕрдыг ууыл мах куыд уӕм,
Не ’нувыд лӕггадӕй йын цин куыд хӕссӕм.
(БАЗАРД)
Де ’нувыд уарзт ды нӕ кӕныс ӕвгъау,
’Ппӕтӕн, дӕ ном ӕргом чи дзуры, Хуыцау.
Дӕ Ныхас, дӕ уд сын ӕцӕгад дӕттынц,
Царды уырнӕг зӕрдӕйӕ архайынц.