Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы кадджын кӕны йе сконд дуне

Иегъовӕйы кадджын кӕны йе сконд дуне

35 (79) зарӕг

Иегъовӕйы кадджын кӕны йе сконд дуне

(Псалом 18)

1. Хуыцау Иегъовӕ, зоны уый мӕ уд:

Ӕрвты рӕсугъд дӕ кадыл дзурӕг у.

Бон бонӕн, ’хсӕв ӕхсӕвӕн уац хӕссы,

Ӕдзӕмӕй зонд сӕрныллӕгтӕн дӕтты.

Бон бонӕн, ’хсӕв ӕхсӕвӕн уац хӕссы,

Ӕдзӕмӕй зонд сӕрныллӕгтӕн дӕтты.

2. Ды скодтай хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ,

Стыр фурдтӕн сӕвӕрдтай ды арӕнтӕ.

Де сконд дунемӕ лӕг куы акӕса,

Табу дын уӕд куыннӕ хъуамӕ кӕна!

Де сконд дунемӕ лӕг куы акӕса,

Табу дын уӕд куыннӕ хъуамӕ кӕна!

3. Дӕ закъон у ӕххӕст, дӕ фӕдзӕхст — раст.

Дӕуӕй цӕуы уынаффӕ, рухс ныхас.

Нӕй семӕ абарӕн сыгъзӕринӕн —

Кӕнынц нӕ зондджын, алкӕд сыл хӕцӕм!

Нӕй семӕ абарӕн сыгъзӕринӕн —

Кӕнынц нӕ зондджын, алкӕд сыл хӕцӕм!