Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнынц йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ
57 (136) зарӕг
Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнынц йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ
(Псалом 18:25, НД [17:26])
1. Стыр Хуыцау, арфӕ дын иузӕрдыгтӕ кӕнынц
Ратт нын дӕ хорзӕх ды, арфӕ нын кӕн.
Кад дӕуӕн не ’ппӕтӕй — архайыс ды рӕстӕй.
’Рвылбон ӕнувыдӕй кувӕм дӕуӕн.
2. ’Рмӕст дӕу бӕрзонд кӕнӕм, тынг бузныг дӕ ыстӕм,
Алкӕд ӕфсармджын уӕм, уый нӕ фӕнды.
Курӕм дӕ, бацамон, рӕзын куыд уа нӕ бон,
Цӕмӕй уӕм иузӕрдион ’рвылбон дӕуыл.
3. Де стыр фӕнд — Паддзахад — ’мбарыны зонд нын ратт.
Уый дын дӕ номы кад сисдзӕн бӕрзонд.
Алкӕй дӕ хорзӕх уӕд — мачи нӕ ахауӕд.
Нӕ куывдтытӕ дын уӕнт алкӕд ӕхцон.
4. О Хуыцау, тых нӕ уадз, зӕрдӕйӕ сурӕм тас,
Дард хӕссӕм цины уац,— срухс уа дӕ ном.
Алкӕд нӕм фарн уыдзӕн, алчи нӕ кӕд хӕсдзӕн
Дӕ кады уац дӕуӕн алкӕм ӕргом.