Иегъовӕйӕн де ’взонджы бонты лӕггад кӕн
68 (157) зарӕг
Иегъовӕйӕн де ’взонджы бонты лӕггад кӕн
1. Сабитӕй хъуысыд Хуыцауӕн ӕппӕлд —
Йесойыл, Паддзахыл, цин кодтой уӕд.
О, у Хуыцауӕн сӕ бон кад хӕссын,
Хистӕртау, уымӕн йӕ ном рухс кӕнын.
2. Хъуамӕ чырыстон ныййарӕг кӕса —
Алкӕд йӕ хъӕбул Хуыцауӕй тӕрса.
Бар ис ныййарджытӕн, раст уӕ кӕной.
Кӕстӕртӕ, хъусут сӕм, райгонд уӕ уой.
3. Фӕсивӕд, уе ’фсарм сыгъдӕг алкӕд уӕд,
’Взонгӕй Иегъовӕ уӕ фидар ныфс суӕд.
Дунейы кадмӕ сымах ма бӕллут —
Хорз ӕгъдау ’взӕртӕн ӕнцонхалӕн у.
4. ’Взонгӕй Хуыцауы куы хъуыды кӕнай,
’Цӕгады, уды куы лӕггад кӕнай,
Уӕд азӕй-азмӕ дӕ циныл ӕфтдзӕн,
Буц дӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ уыдзӕн.