Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕмӕ — нӕ цӕрӕнуат

Иегъовӕмӕ — нӕ цӕрӕнуат

56 (135) зарӕг

Иегъовӕмӕ — нӕ цӕрӕнуат

(Псалом 89:2)

1. О Иагъ, дӕумӕ нын ис цӕрӕнуат,

Ӕппӕт фӕлтӕрты афтӕ уыд.

Куы нӕма скодтай хӕхтӕ, кӕмттӕ,

Уӕд дӕр дӕ хъомыс ирдӕй зынд.

Ды дӕ Хуыцау ӕнусӕй-’нусмӕ,

Нӕ ивыс миназты дӕргъы.

Кӕд аздӕхтай лӕджы сыджытмӕ —

Дӕ уарзт нын ногӕй цард дӕтты.

2. Дӕргъвӕтин мин азы дӕ цӕсты

Ӕрмӕстдӕр зноны бон ысты.

Сты адӕм та сӕууон кӕрдӕгау,

Изӕрмӕ чи бахус вӕййы.

Ӕвдай, ӕстай азы ӕдӕппӕт

Ысты нӕ царды азтӕ ’рмӕст,

’Мӕ уымӕй дӕр ысты фыдӕбон,

Ӕрмӕстдӕр тухи ӕмӕ мӕт.

3. Мах сахуыр кӕн хынцын нӕ бонтӕ,

’Мӕ алкӕд цардӕй райгонд уӕм,

Зӕрдӕйӕ зондджындӕр куыд кӕнӕм,

Кӕнӕм нӕ дзыхӕй кад дӕуӕн.

Иегъовӕ, махӕн ратт дӕ хорзӕх,

Нӕ лӕггад алкӕд уӕд дӕ раз.

Нӕ къухты куыстӕн арфӕ ракӕн,

Нӕ архайдӕн ды кӕн ахъаз.