Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ — мӕ Фыййау

Иегъовӕ — мӕ Фыййау

34 (77) зарӕг

Иегъовӕ — мӕ Фыййау

(Псалом 22)

1. Мӕ Фыййау у Иегъовӕ!

Цӕмӕй ма у тас мӕнӕн?

Йӕ фыстыл афтӕ кӕм тыхсы, уым

Куыд хъуамӕ ныууадза мӕн.

Уый мӕн сабыр донмӕ ’ркӕны,

Мӕ удӕн ӕнцой дӕтты.

Йӕ номы кадӕн уый мӕн кӕны

Рӕстдзинады фӕндӕгтыл.

Йӕ номы кадӕн уый мӕн кӕны

Рӕстдзинады фӕндӕгтыл.

2. Ӕз арф, тар комы куы цӕуон,

Уӕд дӕр ӕз нӕ тӕрсдзынӕн.

Мӕ Фыййау алкӕд мӕ цуры ис,

Йӕ лӕдзӕг мӕ хъахъхъӕндзӕн.

Мӕ сӕрыл зети ӕруадзы,

Йӕ хӕрзтӕй у дзаг мӕ къус.

Ӕз йе ’нувыд уарзтӕй хайджын дӕн,

Йӕ хӕдзар мӕ къона у.

Ӕз йе ’нувыд уарзтӕй хайджын дӕн,

Йӕ хӕдзар мӕ къона у.

3. Мӕ Фыййау зондджын у, уарзаг.

Йӕ кадӕн — мӕ цины зард!

«Йӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавы мах»,—

Фӕлмастӕн мӕ хорз хабар.

Ӕххӕст кӕндзынӕн Йӕ Ныхас —

Йӕ фӕндагыл раст цӕуон.

Цӕй стыр кад у, цӕмӕй уымӕн ӕз

Ӕрвылбон лӕггад кӕнон!

Цӕй стыр кад у, цӕмӕй уымӕн ӕз

Ӕрвылбон лӕггад кӕнон!