Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ — нӕ хъару, нӕ ныфс

Иегъовӕ — нӕ хъару, нӕ ныфс

22 (47) зарӕг

Иегъовӕ — нӕ хъару, нӕ ныфс

(Исай 12:2)

1. Уарзаг Иегъовӕ, нӕ хъару, нӕ ныфс,

Ирвӕзынгӕнӕг, стыр цин нын хӕссыс.

Мах, куыд Ӕвдисӕнтӕ, хорз уац хӕссӕм,

Хъусой, нӕ хъусой, уӕддӕр мах цӕуӕм.

(Базард)

2. Удӕнцой арӕм дӕ Фырты фӕрцы.

Зноны куырм абон ӕцӕгад уыны.

’Мбарӕм дӕ бардзырд мах Библийӕ раст —

Равзарӕм, слӕууӕм Иегъовӕйы фарс.

(Базард)

3. Мах дын дӕ фӕндон зӕрдӕйӕ кӕнӕм.

Хӕйрӕг цӕвы, фӕлӕ демӕ лӕууӕм.

Хъавы нӕ марынмӕ, баххуыс нын кӕн,

Алкӕд дӕ разы сыгъдӕг цӕмӕй уӕм.

(БАЗАРД)

Иегъовӕ, нӕ хъару, мах дын дӕ ном

Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.

Кадджын Иегъовӕ, ӕгӕрон — дӕ тых,

Ды дӕ нӕ хъару, нӕ Ныфсы мӕсыг.