Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг

Иегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг

38 (85) зарӕг

Иегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг

(Псалом 90:1, 2)

1. Иегъовӕ у нӕ фидар,

Йӕ ныфсӕй стӕм ныфсджын.

Йӕ базыры бын махӕн

Ӕдас уыдзӕн цӕрын.

Дӕу бахиздзӕн йӕхӕдӕг стӕй

Фыдрын ӕмӕ къӕппӕджытӕй.

Иегъовӕ у нӕ мӕсыг,

Рӕстудты уый хъахъхъӕны.

2. Зон, минтӕ дӕр куы хауой

Дӕ тӕккӕ цур уысмӕн,

Дӕ рахизфарс дӕс мины —

Нӕ уыдзӕн зиан дӕуӕн.

Бӕллӕх куы уа фыдӕй фыддӕр,

Тӕссӕй нӕ риздзынӕ уӕд дӕр.

Кӕсдзынӕ уӕд, Хуыцау дӕ

Йӕ базыртыл куыд хӕсдзӕн.

3. Бӕллӕхтӕй хызт уыдзынӕ,

Нӕ фендзынӕ фыдбон.

Хуыцау йӕ зӕдты руаджы

Дӕу хъахъхъӕндзӕни, зон.

Домбайӕ ды нӕ тӕрсдзынӕ,

Ыстыр калмыл ныллӕудзынӕ.

Фӕкӕлӕн дын нӕ уыдзӕн,

Куы уай ды иузӕрдион.

4. Гъе уымӕн стау Хуыцауы,

Йӕ рӕстадыл ын дзур.

Йӕ рухс ном ын хӕсгӕйӕ,

Сыгъдӕг дӕ царды у.

Ӕнувыд чидӕрид уыдзӕн,

Уый ’нӕмӕнг фервӕзын кӕндзӕн.

Иегъовӕ у нӕ фидар,

Нӕ гӕнах йе стыр ном у.