Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иеремийы хуызӕн у

Иеремийы хуызӕн у

32 (70) зарӕг

Иеремийы хуызӕн у

(Иереми 1:7, 18)

1. Хуыцауы куысты абон

Мах зӕрдӕйӕ цин кӕнӕм.

Ӕххуыс нын у Иегъовӕ,

Ӕмӕ ницы хъуаг ыстӕм.

Фӕлӕ нын Библи дзуры

— Уый та алкӕддӕр у раст —

Нӕ куысты цинӕй дарддӕр ма

’Фхӕрд ӕййафдзыстӕм ’мӕ маст.

2. Иереми нӕ рох ма уӕд,—

Уый ӕрыгонӕй ’взӕрст уыд

Хуыцауы уаз хъуыддагӕн.

’Мӕ йын ныфс куыд радта уый?

«Дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты,

Калдзӕн дыл йӕ пырх ызнаг,—

Уӕддӕр дӕ ничи басӕтдзӕн,

Ды уыдзынӕ ’ндон гӕнах».

3. Иегъовӕ раст кӕй дзуры,

Уый Иереми федта стӕй:

Йӕ лӕггад уыд ӕнтыстджын,

Кӕд ӕййӕфта ’фхӕрд рӕстӕй.

Иеремийау уӕм мах дӕр

’Мӕ Хуыцауӕй ныфсджын уӕм.

«Иегъовӕ Дунедарӕг у»,—

Уац ӕдӕрсгӕйӕ хӕссӕм!