Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдион уӕм

Иузӕрдион уӕм

17 (38) зарӕг

Иузӕрдион уӕм

(Псалом 18:25, НД [17:26])

1. Иегъовӕйӕн ис адӕм —

Цингӕнгӕ йӕ ном хӕссынц,

Иузӕрдион иу ӕмбырдӕй

Радтой дзырд — лӕггад кӕнынц.

Дзаг, бӕркадджын монон фынгӕй

Алкӕддӕр ӕфсӕст ысты:

Рухс сӕ уа Хуыцауы зӕрдӕ,

Алцӕмӕй сӕ уый фӕнды.

2. Иузӕрдыг Хуыцауы ’мбырдыл

Мах дӕр, цӕй, ӕнувыд уӕм,

Ма йыл сивӕм, ма, нӕ зӕрдӕ,

Маст дӕр царды кӕд уынӕм.

Мах, йӕ фарн куыд ма фӕцуда,

Уый тыххӕй ыстӕм цырддзаст.

Тас ын у, куыддӕр уый фенӕм —

Хъӕр кӕнӕм фӕдис ӕваст.

3. Не ’фсымӕртыл уӕм ӕнувыд,

Чи сӕ ’дых у, чи та — ног;

Ахуыры, Хуыцауы куысты

Не ’ххуыс сӕ кӕнӕд уӕнгрог.

Ӕмӕ иу, ӕмуд бинонтау,

’Нӕууӕнк макӕуыл кӕнӕм,

Фӕлӕ алкуы ӕмӕ алкӕд

Иузӕрдион хъуамӕ уӕм.

4. Ацы сайд, мӕнгард дунейы

Иузӕрдион алкӕд уӕм

Се ’ппӕтыл, уый аккаг чи у,

Мах чырыстӕттӕ куы стӕм.

Уӕд Сайтан мӕнг разындзӕни,

’Мӕ Иегъовӕ та — рӕстаг.

Цин кӕны нӕ иузӕрдыгыл,

Арфӕ нын кӕны уый фаг.