Иумӕ ӕмвӕндӕй кусӕм
95 (213) зарӕг
Иумӕ ӕмвӕндӕй кусӕм
1. Хъуамӕ уӕм ӕмзонд ӕмӕ ’мвӕнд,
Ма кӕнӕм ӕрмӕстдӕр нӕ фӕнд.
Мах куы уӕм ӕмзӕрдӕ, уӕд нӕм
Диссаджы фарн уыдзӕн.
Иудзинад у амонд,
Уый бӕлвырд уынӕм.
Арӕхстджын нӕ исчи куы уа,
Нӕй йын ’фсон, сӕрбӕрзонд ысуа.
Уарзгӕ, бонзонгӕ уӕд нӕ цард,—
Скӕнӕм Хуыцауӕн кад.
2. Ерыс ’мӕ хӕлӕгдзинад ныр
Арӕх а фыддунейы сты.
Мах та фарныл хъарӕм нӕ уд,
’Ртӕхау уый сатӕг у.
Фарн уӕнгрог кӕны мах,
’Ртӕхау сатӕг у.
Ис гӕнӕн, быцӕу дӕр кӕнӕм,
Зонӕм ӕй, ӕнӕххӕст ыстӕм!
Хорз уыдзӕн, куы фидауӕм тагъд,—
Хъахъхъӕнӕм иудзинад!
3. ’Рвылбон иумӕ кусӕм, цӕрӕм,
Иудзинадмӕ алкӕд тырнӕм.
Уый у адджын, ’хцон ’мӕ рӕсугъд.
Хъахъхъӕнинаг нын у.
Иудзинад зынаргъ у —
Хорз ’мӕ ’хсызгон у.
Махӕн уый стыр хорзӕх хӕссы —
Стӕм хӕлар Иегъовӕйӕн ныр.
Срухс нын кодта фарнӕй нӕ цард
Дунескӕнӕг Хуыцау.