Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

12 (32) зарӕг

Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

(Куыстытӕ 20:20)

1. Мах иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

Хуыцауы Дзырд хӕссӕм.

Сахарты дӕр ’мӕ хъӕуты дӕр

Йӕ «фыстӕм» ын кӕсӕм.

Йӕ бартӕ райста Паддзахад,

’Мӕ загъта Йесо раст —

Ныр хорз хабар ӕгас зӕххыл

Хӕссӕм, ӕвзонг ’мӕ ас.

2. Мах иу хӕдзарӕй иннӕмӕ

Цӕуӕм ’мӕ уац хӕссӕм:

Иегъовӕмӕ куы сидай, уӕд

Дӕу фервӕзын кӕндзӕн.

Ӕрмӕст, куыд сидой искӕмӕ,

Куы нӕ йӕ зоной, уӕд?

Сӕ хӕдзӕртты гъе уый тыххӕй

Йӕ уаз ном фехъусӕнт.

3. Фӕлӕ нӕм алы дуары цур

Нӕ байхъусдзысты, зон.

Чи хыл кӕндзӕни, чи та — хъӕр,

Нӕ хъусдзӕн чи бынтон.

Чырысти дӕр куы уыд зӕххыл,

Нӕ хъуыста алчи уӕд.

Дзырдта: «Мӕ фыстӕ хъусдзысты»,

Нӕй махӕн дӕр лӕууӕн.

4. Цӕуӕм ӕппӕт хӕдзӕрттӕм дӕр

’Мӕ дзурӕм хорз хабар.

Ӕвзарын, чи уа «фыс», чи — «сӕгъ»,

Ис алкӕмӕндӕр бар.

Уадз фехъусой Хуыцауы ном,

Ӕцӕгад зоной уадз.

Ӕппӕт хӕдзӕрттӕм дӕр цӕуӕм —

Йӕ «фысты» ссарӕм мах.