Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кадджын кӕнут Иегъовӕйы Паддзахад!

Кадджын кӕнут Иегъовӕйы Паддзахад!

8 (21) зарӕг

Кадджын кӕнут Иегъовӕйы Паддзахад!

(Раргомад 11:17)

1. Мӕнӕ, Паддзахад ысфидар,

Паддзах у Хуыцауы Фырт,

Уый фӕуӕлахиз уӕлӕрвты

Знаг Сайтаныл, зонӕм ныр.

Тагъд йӕ сау зӕдтимӕ Хӕйрӕг

’Рцӕудзӕн баст, ӕдых уыдзӕн.

’Гас зӕххыл Йесойы руаджы

Кад Хуыцауӕн уӕд нӕрдзӕн.

2. Чи ма баззад «гыццыл дзугӕй» —

Паддзахадӕн кад кӕнӕд,

Уыдон паддзӕхтӕ уыдзысты

Уым Чырыстиимӕ уӕд.

Ныфс кӕй ис зӕххон Дзӕнӕтӕй,

Сӕрстытӕн ӕххуыс кӕнут,

’Мӕ сымах дӕр семӕ иумӕ

Паддзахады уац хӕссут.

3. Дзур Иегъовӕйыл зӕрдӕйӕ,

Кад йӕ Паддзахадӕн кӕн!

’Ххуыс кӕн сабыр ’мӕ рӕстудтӕн,—

Хорз фӕндоны адӕм суӕнт.

Уадз ’мӕ Паддзахады хабар

Алчи фехъусӕд ӕргом.

Уый ӕнусон хӕрзтӕ ’рхӕсдзӕн,

Срухс кӕндзӕн Хуыцауы ном.